Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2008 азы 25 февралӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2008 азы 7 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 25 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Куыд ис нӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕххуыс кӕнӕн Библийы стихтӕ ӕмбарынӕн ӕмӕ уый цӕмӕн хъӕуы? (be 228 ф., 1, 2 абз.).
2. Цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн? (be 230 ф., 3–5 абз., фӕлгӕт).
3. Нӕ раныхасы нын уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг куыд баххуыс кӕндзӕн? (be 231 ф., 1–3 абз.).
4. Цы ис саразӕн, цӕмӕй, нӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз цы стихтӕ зонынц, уыдонӕй зондӕн исты райсой? (be 231 ф., 4, 5 абз.).
5. Цы стих бакӕсӕм, уый бамбарын кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (be 232 ф., 3, 4 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Матфейы чиныг фыццаджыдӕр дзуттӕгтӕн фыст кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (bsi08 4 ф., 6, 7 абз.).
7. Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ саразын, Йегъовӕ нын ныхасы рацӕуӕг ӕфсымӕры уылты цы амоны, уымӕ? (2 Аз. 20:33). (be 13 ф., 4 абз.–14 ф., 4 абз.).
8. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонын, «цӕмӕй фервӕзой»? (2 Тим. 3:15). (be 16 ф., 3, 4 абз.).
9. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый Матфейы Евангелийӕ куыд зыны? (bsi08 5 ф., 32 абз.).
10. Матфейы Евангелийы Йесо ӕвдыст цӕуы зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ӕмӕ Паддзахӕй, Марчы Евангелийы та? (bsi08 7 ф., 7, 8 абз.).
ӔРВЫЛКЪУЫРИ БИБЛИ КӔСЫН
11. Ӕвзӕрдӕр цы у, адӕймаг искӕуыл йӕ маст куы акала ӕви йӕм маст куы хӕсса? (Матф. 5:21, 22). (w08-OSS 15.01. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Матфейы чиныгӕй».).
12. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр аразын»? (Матф. 6:22, 23). (w06-OSS 01.10. 31 ф.).
13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бафарста, «ӕппӕт адӕттӕн сӕ хъуыды бамбӕрстат?», зӕгъгӕ, уӕд цы зӕгъынмӕ хъавыд? (Матф. 13:51, 52). (w08-OSS 15.01. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Матфейы чиныгӕй»).
14. Йесо кӕй дзӕбӕх кодта, уыдонӕн-иу афтӕ цӕмӕн загъта, «мӕ кой макӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ»? (Матф. 12:16). (cl-OSS 93, 94 фф.).
15. Цы нысан кӕны, «цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр», зӕгъгӕ? (Марчы 4:24, 25). (gt-OSS 43 сӕр).