Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2008 азы 28 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2008 азы 3 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 28 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Нӕ раныхӕстӕ лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ цӕмӕн ӕмӕ куыд хъуамӕ аразӕм? (be 234 ф., 1 абз.–235 ф., 1 абз.).
2. Хуыцауы ныхас амонгӕйӕ фарстытӕ дӕттын хорз цӕмӕй у? (be 236 ф., 1–5 абз.).
3. Фарстытӕ куыд ӕххуыс кӕнынц хъуыды кӕнынӕн? (be 237 ф., 3 абз.–238 ф., 2 абз.).
4. Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базоныны тыххӕй фарстытӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (Ӕмб. 20:5; Матф. 16:13–16; Иоан. 11:26) (be 238 ф., 4–6 абз.).
5. Абарстытӕй пайда кӕнын хорз цӕмӕн у? (Райд. 22:17; Йер. 13:11) (be 240 ф., 1–3, абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы ахсджиаг уагӕвӕрдтӕй Марчы чиныджы цавӕртӕ ис? (bsi08-1 8 ф., 32 абз.).
7. Абон сыгъдӕг уд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны? (Иоан. 14:25, 26) (be 19 ф., 2, 3 абз.).
8. Кӕсын сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъӕуы? (be 21 ф., 3 абз.).
9. Куыд хъӕуы ахуыр кӕнын? (be 27 ф., 3 абз.–28 ф., 1 абз.).
10. Лукайы Евангели нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тынгдӕр ӕууӕндӕм, Дзуттаг Фыстытӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй сты, ууыл? (bsi08-1 10 ф., 30, 31 абз.).
ӔРВЫЛКЪУЫРИ БИБЛИ КӔСЫН
11. Йесо цӕмӕн бараст кодта, «Хорз Ахуыргӕнӕг» ӕй чи схуыдта, уыцы адӕймаджы? (Марчы 10:17, 18) (w08-OSS 15.02. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй»).
12. Йесо легъуибӕлас израилӕгтимӕ цӕмӕн абарста? (Марчы 11:12–14, 20, 21) (w03-U 15.05. 26 ф., 2, 3 абз.).
13. Цы нысан кӕнынц зӕд Гавриилы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Марийӕ басывӕрджын уыдзӕн, Хуыцау ӕй йӕ тыхы фӕрцы йӕ дӕлбазыр куы бакӕна, уӕд? (Лук. 1:30, 31, 34, 35) (w08-OSS 15.03. «Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Ахсджиаг хъуыдытӕ Лукайы чиныгӕй»; it-2-Е 56 ф., 2 абз.).
14. Сабаты аразын цы не ’мбӕлыд, ахӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы арӕзтой? (Лук. 6:1, 2) (gt-OSS 31 сӕр).
15. Йесо Марфӕйӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Лук. 10:40–42) (w99-U 01.09. 31 ф.).