Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Дӕттӕн ма ис трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?» Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ бацӕуыныл бацархай. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июнь: Чиныг «Кувут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн», трактаттӕ «Ацы дуне фервӕздзӕн?» ӕмӕ «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Бацархай искӕимӕ фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайын. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын цыбыртӕй равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн.
◼ Апрелӕй, 2008 азы облӕстон конгрессы плакеткӕтӕ ӕмбырдтӕм ӕрвыст цӕудзысты, заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕудзӕн. Ӕмбырды искӕй плакеткӕ ӕвӕрӕнтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ хъӕуы рафыссын.
◼ Секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырдты бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b) фаг кӕнынц ӕви нӕ. Рафыссӕн сӕ ис бланкыл (S-14). Ӕмбырды хъуамӕ уа афӕдзы фаг бланктӕ. Пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиӕттӕ филиалмӕ куы ӕрвитат, уӕд-иу сӕм ӕркӕсут, цӕмӕй иууылдӕр кӕронмӕ дзаг уой.
◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты, стӕй ма хицӕн къордтӕн дзуапп чи дӕтты, уыдоны адристӕ ӕмӕ телефонты номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна бланк «Изменение адреса председательствующего надзирателя/изменение фамилии секретаря» (S-29) ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвита. Уый хауы, телефоны код куы фӕива, уымӕ дӕр.
◼ Ӕндӕр бӕстӕмӕ балцы куы цӕуай ӕмӕ уым ӕмбырдтӕм кӕнӕ конгресмӕ цӕуынвӕнд куы кӕнай, уӕд кӕм ӕмӕ кӕд уыдзысты, уый базонынӕн дӕ писмо фыссын хъӕуы уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ежегодник»-ы фӕстаг фарсыл.
◼ 2008 азы 25 ӕмӕ 26 апрелы, майрӕмбон ӕмӕ сабаты, филиал Солнечныйы ӕхгӕд уыдзӕн, ӕфснайгӕ кӕй кӕндзысты, уый тыххӕй. Уыцы бонты дзы экскурситӕ нӕ уыдзӕн, нӕдӕр ӕмбырдтӕн литературӕ дӕтдзысты.
◼ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 30.12. 2006 Каневская (Краснодары край); 25.08.2007 Воткинск (Удмурти); 28.10.2007 Нижний Тагил; Амурск (Хабаровскы кр.); 03.11.2007 Северобайкальск (Иркутскы обл.); Саранск (Мордови); 04.11.2007 Черная речка (Хабаровск).