Фембӕлдты уыдзӕн
ФИППАИНАГ: Сӕрды «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» мыхуыр цӕудзӕн фембӕлдты программӕ алы къуырийӕн дӕр. Куы бахъӕуа, уӕд дзы ӕмбырдтӕн сӕ бон у исты фӕивын, облӕстон конгресс, «Хуыцауы сыгъдӕг уд нын амоны фӕндаг», кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ. Конгресмӕ ма иу къуыри куы баззайа, уӕд-иу хъусын кӕныны фембӕлды рахицӕн кӕнут 15 минуты ӕмӕ-иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, ацы мӕйы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цы уынаффӕтӕ уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Конгрессӕй иу-дыууӕ мӕйы куы рацӕуа, уӕд хъусын кӕныны фембӕлдтӕй иуы рахицӕн кӕнут 15–20 минуты (чи зоны, ӕркӕсинаг фарстаты), цӕмӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнат, конгрессы программӕйӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ лӕггады цы баххуыс, уый. Ныхасы хъуамӕ рацӕуа уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, конгрессы уынаффӕтӕй сӕ лӕггады куыд пайда кӕнынц кӕнӕ куыд пайда кӕндзысты.
14 апрелӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй».
15 мин. «Бузныг ут»a. Рӕстӕг куы амона, уӕд статьяйы цы стихтӕ ис, уыдоны фӕдыл хъусынгӕнджытӕ сӕ хъуыдытӕ зӕгъӕнт.
20 мин. «Зианджын адӕмы фидар кӕнӕм»b. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны куыд бафидар кодтой, уый тыххӕй.
21 апрелӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй арфӕйы писмо. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй иннӕ ӕмбырдмӕ семӕ ӕрбахӕссой «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (апрель-июнь). Дзурдзыстӕм, уацамынды нӕ ныхас цӕмӕй райдайдзыстӕм, ууыл.
10 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.
25 мин. «Минас кӕнӕм Йегъовӕйы „фынгыл“ ӕмӕ цин кӕнӕм»c. Ныхас ыл кӕны ӕмбырды секретарь. Зӕгъ, уе ’мбырд кӕцы конгресмӕ хуынд у, уый. Равзар рамкӕ «Зӕрдылдаринӕгтӕ облӕстон конгрессы фӕдыл».
28 апрелӕй райдайгӕ къуыри
15 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй апрелӕн уацамынды хыгъд раттой. Цыбыртӕй аныхас кӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл (апрель-июнь). Хъусджыты бафӕрс, уацамынды адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы статья фӕцӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн. Журналӕй цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзысты уацамынды? Цавӕр фарстӕй райдайдзысты сӕ ныхас? Статьяйӕ кӕцы стих ис бакӕсӕн? Стих статьяимӕ куыд баст у? Спайда кӕн, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 8 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй, ӕмӕ равдис, куыд ис журнал раттӕн.
10 мин. Фарстыты асыкк. Ныхас хъусджытимӕ.
20 мин. «Йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм»d. Рӕстӕг куы амона, уӕд статьяйы цы стихтӕ ис, уыдоны фӕдыл хъусынгӕнджытӕ сӕ хъуыдытӕ зӕгъӕнт.
5 майӕ райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ.
15 мин. Йегъовӕ дӕ никуы ныууадздзӕн. Зӕрдиаг раныхас, арӕзт у 2005 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл (уыр.), 8–11 фф.
20 мин. «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм»e. 3 абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд спайда кӕн чиныгӕй «Хъусынгӕнджыты скъола», 6–8 фф., дӕлсӕргонд «Иууыл стырдӕр ӕххуыс дын кӕд фӕуыдзӕн».
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
c Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
d Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
e Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.