Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы.
1. Рацыды 23:19 цы амынд ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w04 01.04. 31 ф., 2 абз., ирон.).
2. Аарон сызгъӕрин род кӕй сарӕзта, уый тыххӕй ӕфхӕрд цӕуылнӕ ’рцыд? (Рац. 32:1–8, 25–35) (w04 01.04. 31 ф., 4 абз., ирон.).
3. Йегъовӕ Моисеимӕ «лӕгӕй-лӕгмӕ» куыд ныхас кодта? (Рац. 33:11, 20) (w04 01.04. 31 ф., 5 абз., ирон.).
4. Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр аразынӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кодта? (Рац. 35:5, 30–34) (w08 15.02. 6 ф., 17 абз., ирон.).
5. Рацыды 40:28 цы ӕмбӕрзӕны кой цӕуы, уый Хуыцауы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цӕмӕ амоны? (w00 01.02. 10, 11 фф., 7, 8 абз., ирон.).
6. Йесо Чырысти цы нывонд ӕрхаста, уымӕн «судзинаг нывонд» кӕцы хай уыд? (Лев. 1:13) (w04 01.06. 29 ф., 3 абз., ирон.).
7. «Фиу иууылдӕр у Йегъовӕйы», зӕгъгӕ, махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Лев. 3:16, 17) (w04 01.06. 30 ф., 2 абз., ирон.).
8. Туг нывондхӕссӕны рӕбынмӕ цӕмӕн калдтой ӕмӕ йӕ алы дзауматыл цӕмӕн сӕрстой? (Лев. 9:9) (w04 01.06. 30 ф., 5 абз., ирон.).
9. Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуды тӕригъӕд цӕй мидӕг уыд? (Лев. 10:1, 2) (w04 01.06. 30 ф., 6 абз., ирон.).
10. Израилӕгтӕ алы аз тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнӕн бон нывондӕн цы фос хастой, уый Чырыстийы нывондмӕ куыд амыдта? (Лев. 16:11–16) (w98 01.03. 8 ф., 2 абз., ирон.).