Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/09 4 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 9/09 4 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Адӕймагӕн чиныг куы раттай, уӕд бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Равдис ын, куыд ис цыбыртӕй Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Ноябрь ӕмӕ декабрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»

◼ 2010 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас уыдзӕн 12 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Раныхас цы хуыйны, уый фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр. Уыцы сабат кӕнӕ хуыцаубон районон цӕстдарӕг цы ’мбырды уа, йе та конгресс кӕмӕн уа, уыдон уыцы раныхасмӕ байхъусдзысты къуыри фӕстӕдӕр. Сӕрмагонд раныхас 12 апрелӕй райдайгӕ къуырийӕ раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.

◼ 2010 азы уырыссаг ӕвзагӕй уӕлдай ма конгресстӕ уыдзӕн ахӕм ӕвзӕгтыл:

Районон конгресстӕ: азербайджайнагау (кириллицӕ) – Мӕскуыйы; англисагау – Санкт-Петербурджы (цыбыр.); сомихагау – Мӕскуыйы, Красноярскы (цыбыр.), Сочийы, Стъарапъолы, Пятигорскы, Волжскы, Краснодары, Ростовы; иронау – Дзӕуджыхъӕуы; уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл – Мӕскуыйы, Ивановойы, Санкт-Петербурджы, Пятигорскы, Волжскы, Краснодары, Челябинскы, Самарӕйы, Красноярскы (цыбыр.), Хабаровскы (цыбыр.); тӕтӕйрагау – Нижнекамскы, Оренбурджы; чувашагау – Чебоксарты;

Иубонон конгресстӕ: азербайджайнагау (кириллицӕ) – Мӕскуыйы, Сургуты; англисагау – Мӕскуыйы; сомихагау – Мӕскуыйы Санкт-Петербурджы, Омскы, Сочийы, Стъарапъолы, Пятигорскы, Волжскы, Краснодары, Ростовы; гуырдзиагау – Сочийы; китайагау – Санкт-Петербурджы; иронау – Дзӕуджыхъӕуы; уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл – Мӕскуыйы, Ивановойы, Санкт-Петербурджы, Пятигорскы, Волжскы, Краснодары, Челябинскы, Самарӕйы, Красноярскы, Хабаровскы, Иркутскы; тӕтӕйрагау – Нижнекамскы, Оренбурджы; узбекагау – Санкт-Петербурджы; чувашагау – Чебоксарты.

Ацы ӕвзӕгтыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уыдоны районон цӕстдарджытӕ фӕхондзысты, ӕввахсдӕр сӕм чи уа, уыцы конгресмӕ ӕмӕ сын фехъусын кӕндзысты, кӕд уыдзӕн, уый, стӕй цӕрӕнбынӕтты тыххӕй ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕрттӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын