Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2009 азы майы Уӕрӕсейы ацы хаттӕй фылдӕр пионертӕ кӕй никуы уыд – 24 033! Зӕгъӕн ис, алы ӕхсӕзӕм хъусынгӕнӕг дӕр пионерӕй лӕггад кодта. Йегъовӕ ма стыр арфӕ ракодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн – скодтам 1 477 138 дыккаг бацыды, уыди нын 131 466 Библийы ахуыры ӕмӕ 683 адӕймаджы донаргъуыд райстой.