Программӕ 26 октябрӕй райдайгӕ къуырийӕн
26 ОКТЯБРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
□ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
lv 1 сӕр, 10–18 абз., рамкӕ 15 фарсыл.
□ Хъусынгӕнджыты скъола:
Библийӕ кӕсӕм: Дыккаг закъон 11–13
Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
□ Хъусын кӕныны фембӕлд:
5 мин. Хъусинӕгтӕ.
10 мин. Цӕттӕ кӕн журналтӕ парахат кӕнынмӕ. Раныхас. Аныхас кӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (октябрь–декабрь) цавӕр статьятӕ ис, ууыл ӕмӕ дзы адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ фӕцӕудзысты. Равдыст: ныййарӕг йӕ сывӕллонимӕ уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынц. Хъуыды кӕнынц, журналӕй кӕцы статьяйӕ, фарстайӕ ӕмӕ стихӕй спайда кӕндзысты, ууыл. Уый фӕстӕ сывӕллон фӕлвары, цы бацӕттӕ кодтой, уый ӕмӕ дзуры мысайнӕгты тыххӕй дӕр.
10 мин. «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Ныхас хъусджытимӕ. Хъусынгӕнджыты бафӕрс, чиныгӕй кӕцы сӕртӕй фӕпайда кӕнынц ӕнтыстджынӕй уацамынды. Чиныг куы фӕдӕттынц, уӕд цавӕр фарстайӕ, нывӕй кӕнӕ стихӕй спайда кӕнынц? Бацӕттӕ кӕн иу равдыст.
10 мин. Фарстаты асыкк. Ныхас хъусджытимӕ. Статьяйы цы стихтӕ ис, уыдон бакӕсут ӕмӕ сыл аныхас кӕнут.