«Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн»!
1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй ничи бакъуылымпы кӕндзӕн, уый?
1 Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕндзӕн – ничи ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн (Ис. 14:24). Кӕд Гедеонӕн йе 300 адӕймагимӕ 135 000 мадиамаг ӕфсӕддоны ныхмӕ йӕ бон ницы уыд, уӕддӕр ын Йегъовӕ загъта: «Ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕ Израил мадиамӕгты къухӕй. Ӕз дӕ не ’рвитын, ӕви?» (Тӕрх. 6:14). Цымӕ абон та Йегъовӕ цавӕр хъуыддагӕн арфӕ кӕны? Чырысти уый тыххӕй загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). Никӕмӕн у йӕ бон ацы хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын!
2. Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн?
2 Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕны. Мах фидарӕй зонӕм, абон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн иумӕйагӕй кӕй арфӕ кӕны, фӕлӕ, цымӕ, алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй ӕххуыс кӕны? Апостол Павел зын уавӕры куы уыд, уӕд ӕй Йегъовӕ бафидар кодта Чырыстийы уылты (2 Тим. 4:17). Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 5:14).
3. Йегъовӕ нын цавӕр уавӕрты ӕххуыс кӕны?
3 Алы бон дӕр дын бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй дӕм, мыййаг, хорз хабар хъусын кӕнынӕн тыхтӕ нал баззайы? Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Хуыцау «фӕллад адӕймагӕн кӕй ратты тых» (Ис. 40:29–31). Мыййаг дӕ ’фхӕрынц ӕмӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц? Уӕд «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр» (Пс. 55:22). Кӕд иуӕй-иу хатт хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс, уӕд-иу Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕрхъуыды кӕн: «Ацу, ӕмӕ куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ» (Рац. 4:11, 12). Мыййаг, де ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ раздӕрау лӕггад кӕнын дӕ бон нал у? Ахӕм уавӕры дӕ ныфс уӕд, Йегъовӕ стыр аргъ кӕй кӕны дӕ гыццыл фыдӕбонӕн дӕр (1 Кор. 3:6, 9).
4. Йегъовӕйӕ ныфсджын кӕй стӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
4 Йегъовӕ «йӕ къух систа, ӕмӕ йын ӕй чи аиуварс кӕндзӕн?» (Ис. 14:27). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр «ныфсджынӕй дзурӕм Йегъовӕ Хуыцауы номӕй» (Ап. хъ. 14:3).