Программӕ 20 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕн
20 СЕНТЯБРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
□ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
□ Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: 2 Паддзӕхты 19–22
№ 2: Фӕлмӕн удыхъӕд нын цӕмӕн хъуамӕ уа? (Матф. 5:5)
№ 3: Хуыцауы Паддзахад адӕмы низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (td 13Ӕ)
□ Хъусын кӕныны фембӕлд
5 мин. Хъусинӕгтӕ.
10 мин. Фарон нын цы бантыст? Уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕры раныхас. Аныхас кӕн, ӕмбырд фарон куыд балӕггад кодта, ууыл. Дӕ хъус тынгдӕр ӕрдар, ӕмбырдӕн цы бантыст, уымӕ. Кӕм хъӕуы, уым хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракӕн. Иу-дыууӕ хъусынгӕнӕджы радзурӕнт, цы хорз цаутӕ сыл ӕрцыд, уыдон. Аныхас кӕн, ног лӕггады азы хъусынгӕнджытӕн сӕ бон сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын, уыдоныл (иу-дыууӕйыл). Стӕй сын уынаффӕтӕ ратт, сӕ къухы куыд бафтдзысты, уый фӕдыл.
10 мин. «Амындтӕ, Хъусын кӕныны фембӕлды ныхасы чи рацӕуы, уыдонӕн». Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас.
10 мин. Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ суой. Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Арӕзт у чиныгыл «Организованы», 81 фарс. Интервью, йӕ сывӕллон ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг кӕмӕн у, ахӕм фӕзминаг ныййарӕгимӕ. Йӕ сывӕллонӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суыдаид.