Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕджыты скъолайы 2012 азы 30 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа алы къуыри дӕр Скъоламӕ дӕхи цӕттӕ кӕнын.
1. Йеремийы чиныг махӕн цы пайда у? (5 мартъи, bsi07 3 ф., 36 абз.).
2. Йегъовӕ нӕ абон фӕдылзылдӕй куыд ирвӕзын кӕны? (Йер. 1:8) (5 мартъи, w06 1/1 17 ф., 18 абз.).
3. Кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ раздӕхтаиккой сӕрстытӕ «рагон фӕндӕгтӕм»? (Йер. 6:16) (12 мартъи, w05 1/11 31 ф., 12 абз.).
4. Абон афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ «Галаады бальзам» ис? (Йер. 8:22) (19 мартъи, w10-U 1/6 22 ф., 3 абз.– 23 ф., 4 абз.).
5. Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ «фӕфӕсмон кодта», йӕ тӕрхоны тыххӕй куы фехъусын кодта, уӕд? (Йер. 18:7, 8) (2 апр., jr 201 ф., рамкӕ).
6. Йегъовӕ Йеремийы цы хуызы фӕсайдта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Йер. 20:7) (2 апр., jr 47 ф., 8 абз.).
7. Цы у «Йегъовӕйы уаргъ»? (Йер. 23:33) (9 апр., w07 1/4 11 ф., 1 абз.).
8. Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕн загъта, «ӕлвасын [дӕ] мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй», зӕгъгӕ? (Йер. 31:3) (23 апр., jr 190–192 фф., 8–11 абз.).
9. Хуыцауы закъон зӕрдӕты фыст куыд цӕуы? (Йер. 31:33) (23 апр., w07 1/4 11 ф., 2 абз.).
10. Иу хъуыддаджы фӕдыл дыууӕ бадзырды кӕнын цӕмӕн хъуыд? (Йер. 32:10–15) (30 апр., w07 1/4 11 ф., 3 абз.).