Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2012 азы 27 августӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕмӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа алы къуыри дӕр Скъоламӕ дӕхи цӕттӕ кӕнын.
1. Йезекилы цӕстылуайӕнӕй зондӕн райсӕн цы ис? (Йез. 8:5–18) (2 июль, w07 1/7 19 ф., 6 абз.).
2. Абон дины разамонджытӕн сӕ фылдӕр, Йезекилы рӕстӕг цы мӕнг пехуымпартӕ уыд, уыдоны хуызӕн цӕмӕй сты? (Йез. 13:3, 7) (9 июль, w99 1/10 24 ф., 15 абз.).
3. Йезекилы 17:22–24 пехуымпарады «фӕлмӕн къалиу» кӕмӕ амоны, кӕм ӕй ныссадздзысты, уыцы «бӕрзонд ӕмӕ стыр хох» цы у, ӕмӕ «стыр, рӕсугъд кедрбӕлас» куыд суыдзӕн? (16 июль, w07 1/7 18 ф., 6 абз.).
4. Хуыцау адӕймагӕн цӕмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны? (Йез.18:5, 9, 30) (23 июль, w10 15/3 28 ф., 2 абз.).
5. Йезекилы 21:18–22 куыд зыны, адӕмӕн дӕр ӕмӕ суанг дӕлимонтӕн дӕр сӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйы фӕндоныл бандавын? (30 июль, w07 1/7 20 ф., 4 абз.).
6. Йезекилы 24:6–14 цуайнаджы згӕ цӕмӕ амоны? (6 авг., w07 1/7 20 ф., 2 абз.).
7. Хуыцау Тирӕн цы тӕрхон рахаста, уый куыд сӕххӕст? (6 авг., bsi07 7 ф., 4 абз.).
8. Египет 40 азы дӕргъы заууаты кӕд фӕци ӕмӕ уыцы хабар ӕцӕг кӕй уыди, ууыл нӕ бон ӕууӕндын цӕмӕн у? (Йез. 29:8–12) (13 авг., w07 1/8 24 ф., 5 абз.).
9. Куыд ӕмбарын хъӕуы, «сӕ сӕртӕ ныллӕгуын сты ӕмӕ се уӕхсджытӕ баихсыдысты», зӕгъгӕ? (Йез. 29:18) (13 авг., w07 1/8 24 ф., 6 абз.).
10. Абон Хуыцау «хъахъхъӕнӕгӕй» кӕй сӕвӕрдта, уый йӕ хӕстӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕна? (Йез. 33:7–9) (20 авг., w07 1/8 24 ф., 6 абз.).