Ивындзинӕдтӕ фембӕлдты
3 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ 25 минуты нал уыдзӕн, фӕлӕ 30 минуты. Ацы фембӕлд чи уадза, уыцы ӕфсымӕр йӕ ныхасы райдианы хъуамӕ иу минуты дӕргъы хъусджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, уый размӕ дзырд цӕуыл цыди, уый. Хъусын кӕныны фембӕлды рӕстӕг дӕр фӕивдзӕн 35 минутӕй 30 минутмӕ. Хъусинӕгтӕн дзы хицӕнӕй рӕстӕг нал уыдзӕн. Хъусинӕгтӕ-иу бакӕсӕн уыдзӕн программӕйы фыццаг хайы райдиан. Хъусинӕгтӕ арӕхдӕр цалдӕр йеддӕмӕ нӕ вӕййынц, ӕмӕ се ’ппӕт ӕмбырды кӕсын нӕ фӕхъӕуы. Нал уыдзӕн хъусинӕгтӕ уацамындон фембӕлдты ӕмӕ зал ӕфснайыны тыххӕй, стӕй салӕмттӕ дӕр нал кӕсдзысты (km 10/08 1 ф., 4 абз.). Хъусинаг стыр куы уа, уӕд хорз уаид, фембӕлды хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн ис, уыцы ӕфсымӕртӕ-иу рагацау куы зониккой, сӕ темӕты рӕстӕг сӕ фӕцыбырдӕр кӕнын кӕй хъӕуы.