Программӕ 8 апрелӕй райдайгӕ къуырийӕн
8 АПРЕЛӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
123 зарӕг ӕмӕ куывд
□ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
jr 7 сӕр, 14–20 абз. (30 мин.)
□ Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: Лукайы 10–12 (10 мин.)
№ 1: Лукайы 12:1–21 (4 мин. кӕнӕ къаддӕр)
№ 2: Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд хъуамӕ райстаид? (rs-U 427 ф., 1 абз.–428 ф., 1 абз.) (5 мин.)
№ 3: Йегъовӕйы нӕ Фыдыл цӕмӕн нымайӕм (Матф. 6:9) (5 мин.)
□ Хъусын кӕныны фембӕлд
10 мин. Пионерты уырнындзинад фидар кӕн (Ром. 1:11, 12). Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕджы раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Зӕгъ, уе ’мбырды цал ӕххӕстрӕстӕг пионеры ис, уый. Радзур, нӕ бон сӕ куыд у фидар кӕнын, зӕгъӕм, куы-иу сӕ раппӕлӕм, семӕ куы лӕггад кӕнӕм, ӕхцайӕ-иу сын куы баххуыс кӕнӕм кӕнӕ-иу сӕ нӕхимӕ сихормӕ куы фӕхонӕм. Пионертӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, ӕмбырды сӕ хотӕ кӕнӕ ’фсымӕртӕ куыд бафидар кодтой, уый тыххӕй. Кӕд уе ’мбырды ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ нӕй, уӕд дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг пионерты тыххӕй дзурын.
10 мин. Адӕммӕ фӕстаг бонты тыххӕй цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дзуапп дӕттӕм. Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Арӕзт у чиныгыл «Рассуждение», 281 ф., 8 абз.–283 ф., 2 абз. Хъусынгӕнджытӕй искӕмӕн рагацау бахӕс кӕн, цӕмӕй иу цӕвиттон цыбыртӕй равдисой.
10 мин. «Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Ионӕ». Фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ.
13 зарӕг ӕмӕ куывд