Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Амос
1. Амосы цӕвиттон нын ныфсы хос цӕмӕн у?
1 Чи зоны, мӕгуыр бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл дӕ ӕмӕ дӕм фаг ахуырад кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нӕ сарӕхсдзынӕ. Уӕд дын ныфсы хос уыдзӕн Амосы цӕвиттон. Уый уыди фысгӕс ӕмӕ легъуибӕлӕстӕм зылди. Фӕлӕ йын Йегъовӕ бабар кодта тынг ахсджиаг хабар хъусын кӕнын (Амос 1:1; 7:14, 15). Абон дӕр Йегъовӕ пайда кӕны сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕй (1 Кор. 1:27–29). Пехуымпар Амос ма нын цавӕр хъуыддӕгты у фӕзминаг?
2. Кӕд нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр фидар цӕй фӕрцы лӕууӕм?
2 Фидар лӕуу, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд. Израилы дӕсмыггаг паддзахады сауджын Амаси куывта родӕн. Амосы пехуымпар-ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ын цы загъта, уый ӕндӕр ныхӕстӕй афтӕ ис зӕгъӕн: «Дӕ хӕдзармӕ ацу ӕмӕ нӕ нӕхи бар ныууадз! Махӕн нӕхи дин ис!» (Амос 7:12, 13). Цӕмӕй Амосӕн уыцы хабӕрттӕ хъусын кӕныны бар мауал уыдаид, уый тыххӕй Амаси пехуымпары ныхӕстӕ сзыгъуыммӕ кодта, афтӕмӕй сӕ паддзах Йеровоамӕн радзырдта (Амос 7:7–11). Фӕлӕ Амос нӕ фӕтарсти. Абон дӕр иуӕй-иу сауджынтӕ хицауад Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ аразынц, цӕмӕй сӕ фӕдыл зилой. Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн (Ис. 54:17).
3. Абон адӕмӕн цы хабар хъусын кӕнӕм, уый цавӕр дыууӕ хайӕ конд у?
3 Хъусын кӕн Хуыцауы тӕрхон ӕмӕ фидӕны арфӕдзинӕдты тыххӕй. Амос Израилы дӕсмыггаг паддзахадӕн хъусын кодта, Хуыцау ын цы тӕрхон рахаста, уый. Фӕлӕ, Библийы йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныджы кӕронӕй ныффыста Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд – израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты (Амос 9:13–15). Мах дӕр адӕмӕн дзурӕм, тагъд Хуыцауы тӕрхоны бон кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ уый у, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн йӕ иу хай (2 Пет. 3:7; Матф. 24:14). Йегъовӕ фыдгӕнджыты Армагеддоны куы фесафа, уый фӕстӕ зӕххыл дзӕнӕт сараздзӕн (Пс. 37:34).
4. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, нӕ бон кӕй бауыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын?
4 Нӕ ныхмӕ кӕм цӕуынц, уыцы дунейы ӕнцон нӕу, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын – йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Иоан. 15:19). Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ Амосӕн куыд ӕххуыс кодта, махӕн дӕр афтӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (2 Кор. 3:5).