«Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй...»
Адӕймаг нӕ йӕ къӕсӕргӕрон куы фена, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕна, цымӕ чи сты ӕмӕ цӕмӕн ӕрбацыдысты. Цы йын хъуамӕ зӕгъӕм, цӕмӕй ма фӕтӕрса? Хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ салам раттыны фӕстӕ адӕймагӕн фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, «цӕмӕй...». Зӕгъӕм, фӕзӕгъынц: «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй аныхас кӕнӕм, фыддзинад кӕй сарӕх, ууыл бирӕтӕ кӕй тыхсынц. Куыд хъуыды кӕныс...» кӕнӕ «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дын равдисӕм, адӕмимӕ Библи лӕвар куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый». Адӕймагӕн фыццаг куы зӕгъӕм, цӕмӕн ӕм ӕрбацыдыстӕм, уӕд, чи зоны, хуыздӕр байхъуса, цы йын зӕгъдзыстӕм, уымӕ.