Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фыццаг цы ныхӕстӕ зӕгъдзыстӕм, уый цӕттӕ кӕнӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Адӕймаджы нӕ фыццаг ныхӕстӕ куы нӕ бацымыдис кӕной, уӕд нын нӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуындзӕн ӕмӕ йын хорз хабар нал радзурдзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ тынг ахсджиагыл нымайынц сӕ фыццаг ныхӕстӕ. Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм, уымӕн цӕвиттонтӕ вӕййы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» ӕмӕ чиныджы «Рассуждение». Фӕлӕ уыцы цӕвиттонтӕ арӕх райдианӕй кӕронмӕ фыст нӕ вӕййынц, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ ныхас, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразын. Уыцы цӕвиттонтӕ ӕнӕхъӕнӕй фыст куы вӕййынц, уӕддӕр сӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ бон вӕййы фӕивын кӕнӕ ӕндӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын. Уӕдӕ адӕймаг дуар куы бакӕна, уӕд нӕ сӕрмӕ фыццаг цы ӕрцӕуа, уый нӕ дзурдзыстӕм, фӕлӕ нӕ фыццаг ныхӕстӕ хорз цӕттӕ кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд уацамынды ӕнтыстджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 15:28).
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг бацӕттӕ кӕн ӕмӕ афӕлвар, уацамынды фыццаг цы ныхӕстӕ зӕгъдзынӕ, уый.
Уацамынды кӕимӕ уай, уымӕн-иу зӕгъ, фыццаг цы ныхӕстӕй райдайдзынӕ, уый (Ӕмб. 27:17). Куы бахъӕуа, уӕд-иу сӕ фӕив.