Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2014 азы 24 февралӕй райдайгӕ къуырийы.
Хӕйрӕг Евӕйы хъуыдытӕ цӕмӕ сарӕзта ӕмӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, Евӕ уыцы бӕласы дыргътӕй кӕй бахордта, уымӕй цы равдыста? (Райд. 3:6) (6 янв., w11 15/5 16, 17 фф., 5 абз. [bw510 16, 17 фф., 5 абз.]).
Авелмӕ фидар уырнындзинад цӕй фӕрцы фӕзынд ӕмӕ йын уый пайда ӕрхаста? (Райд. 4:4, 5; Дзут. 11:4) (6 янв., w13 1/1 12 ф., 3 абз.; 14 ф., 4, 5 абз. [bp130 12 ф., 3 абз.; 14 ф., 4, 5 абз.]).
Ныййарджыты бон куыд у сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, цӕмӕй ацы дунейы «тыхджын» ӕмӕ «зындгонд» адӕймӕгтӕ сӕ цӕсты кадджын ма уой? (Райд. 6:4) (13 янв., w13 1/4 13 ф., 2 абз. [bp133 13 ф., 2 абз.]).
Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Лот ӕмӕ йӕ усы тыххӕй Райдианы 19:14–17 ӕмӕ 26 стихӕй? (27 янв., w03 1/1 26 ф., 20 абз.).
Авраам куыд равдыста, Йегъовӕ Исахъы кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаг йӕ фыртӕй кӕй рацӕудзӕн, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд? (Райд. 22:1–18) (3 фев., w09 15/8 4 ф., 5 абз.).
Хуыцау адӕймагӕн йӕ амонд йӕ ныхыл ныффыссы? (Райд. 25:23) (10 фев., w04 1/3 30 ф., 8 абз.).
Иаков фыны цы «асин» федта, уый цӕмӕ амыдта? (Райд. 28:12, 13) (10 фев., w04 1/3 30 ф., 6 абз.).
Рахил цалдӕр мандрагорӕйыл йӕ лӕджы цӕмӕн баивта? (Райд. 30:14, 15) (17 фев., w04 1/3 30 ф., 7 абз.).
Райдианы 32:29 зӕд Иаковӕн цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (24 фев., w13 1/8 10 ф. [bp137 10 ф.]).
Динӕйыл чи ’рцыд, ахӕм хабӕрттӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? (Райд. 34:1, 2) (24 фев., w01 1/8 30 ф.).