СӔ УЫРНЫНДЗИНАД У ФӔЗМИНАГ | АВЕЛ
«Кӕд Авел амард, уӕддӕр... ныр дӕр дзуры»
АВЕЛ каст, йӕ фысты дзуг сабырӕй къуыбырыл куыд хызт, уымӕ. Уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, акаст, йӕ фыстӕ кӕм хызтысты, уымӕй бирӕ дарддӕр, рухс кӕцӕй калд, уырдӕм. Авел зыдта уым кӕй уыд, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадонмӕ бацӕуӕн ма уыдаид. Йӕ ныййарджытӕ кӕддӕр цардысты уыцы цӕхӕрадоны, фӕлӕ ныр уырдӕм цӕуыны бар нӕ уыд нӕдӕр сӕхицӕн, нӕдӕр сӕ сывӕллӕттӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: изӕрдалынгты рог дымгӕ Авелы сӕрыхъуынтӕй хъазы, лӕппу та уӕлӕмӕ кӕсы ӕмӕ йе Сфӕлдисӕгыл хъуыды кӕны. Цымӕ ма адӕм искуы Хуыцауимӕ бафидаудзысты? Уымӕй тынгдӕр Авел ницӕмӕ бӕллыд.
Авел абон демӕ дзуры. Фӕлӕ, чи зоны, бадис кӕнай, уымӕн гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ. Ӕцӕгдӕр, Авел, Адамы дыккаг фырт, раджы амард, уӕдӕй нырмӕ рацыд 60 ӕнусы бӕрц ӕмӕ дзы стӕгдар дӕр нал ис. Мӕрдты тыххӕй Библи зӕгъы: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5, 10). Уымӕй уӕлдай, Библийы Авелы ныхӕстӕй иу дӕр нӕй фыст. Уӕдӕ цымӕ немӕ куыд дзуры?
Авелы тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры» (Дзуттӕгтӕм 11:4). Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Авел йӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй дзуры немӕ. Авел уыд, уыцы диссаджы миниуӕг кӕмӕ уыди, уыдонӕй фыццаг. Йӕ уырнындзинад куыд равдыста, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон базонын. Авелы уырнындзинадӕй нӕхицӕн зонд куы исӕм ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ немӕ куыд дзуры, уый кӕй хъусӕм.
Фӕлӕ кӕд Библийы Авелы ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕд дзы цӕуыл сахуыр уыдзыстӕм? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.
ХЪОМЫЛ КОДТА, ЗӔХХЫЛ ӔРМӔСТ ЦАЛДӔР АДӔЙМАДЖЫ КУЫ УЫД, УӔД
Авел райгуырд, Хуыцау фыццаг адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ куы нӕма рацыд, уӕд. Йӕ заман Йесо Авелы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый цард «дунейы фӕзынды» рӕстӕг (Лукайы 11:50, 51). Чырысти, «дуне», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кодта, тӕригъӕдӕй фервӕзыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕмы кой. Зӕххыл чи цард, уыдонӕй Авел кӕд цыппӕрӕм адӕймаг уыд, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн у, Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны аккагыл кӕй нымайы, уыдонӕй фыццагa. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Авел, раст зондыл ӕй чи ӕвӕрдтаид, ахӕм адӕмы ’хсӕн нӕ хъомыл кодта.
Хуыцау зӕххыл адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй кӕд нырма бирӕ нӕ рацыд, уӕддӕр сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст уӕззау цард. Авелы ныййарджытӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты тынг рӕсугъд ӕмӕ тынг цӕрдӕг. Фӕлӕ сарӕзтой стыр рӕдыд, ӕмӕ уый сӕхӕдӕг дӕр зыдтой. Кӕддӕр уыдысты ӕххӕст, сӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын. Фӕстӕдӕр Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ Едемы цӕхӕрадонӕй, дзӕнӕтӕй, тард ӕрцыдысты. Сӕхи фӕндтӕ сын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдысты, суанг сӕ сывӕллӕтты цы хъуыд, уымӕй сӕйрагдӕр, уый тыххӕй ӕххӕст нал уыдысты ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фесты (Райдиан 2:15–3:24).
Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ цард Едемы цӕхӕрадоны ӕдде тынг зын уыд. Фӕлӕ сын фыццаг сывӕллон, Каин, куы райгуырд, уӕд Евӕ загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мын райгуырди лӕппу». Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл дардта, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы загъта, уый. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, сылгоймагӕй «байзӕддаг» кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уыцы «байзӕддаг» кӕй фесафдзӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы чи фӕрӕдийын кодта, уыцы фыдгӕнӕджы (Райдиан 3:15; 4:1). Мыййаг Евӕ афтӕ хъуыды кодта, Хуыцау цы сылгоймаджы кой кодта, уый Евӕ йӕхӕдӕг уыд, Каин та – зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «байзӕддаг»?
Кӕд Евӕ афтӕ хъуыды кодта, уӕд тынг рӕдыд. Фӕлӕ ма кӕд Адам ӕмӕ Евӕ сӕ фырт Каинӕн дӕр афтӕ дзырдтой, уӕд Каин, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдта. Фӕстӕдӕр Евӕйӕн райгуырд дыккаг фырт, фӕлӕ уымӕй дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодтой, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Уыцы лӕппуйы та схуыдтой Авел, ома «раулӕфт» кӕнӕ «ӕнӕпайда» (Райдиан 4:2). Ахӕм ном ын кӕй радтой, уый, цымӕ, уымӕ амоны, ӕмӕ Авӕлы райгуырдыл къаддӕр фӕцин кодтой, цыма йыл Каинӕй къаддӕр ныфс ӕвӕрдтой, уыйау? Уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу.
Куыдфӕнды ма уа, абон ныййарджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын уыцы фыццаг ныййарджытӕй. Уӕ ныхӕстӕй ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕй уӕ сывӕллӕтты ӕвзӕрыл нӕ ахуыр кӕндзыстут, ома сӕрбӕрзонд, кадмондаг ӕмӕ хиуарзон не суыдзысты? Ӕви сӕ ахуыр кӕндзыстут, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой ӕмӕ архайой, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суой? Хъыгагӕн, фыццаг ныййарджытӕ сӕ хӕс нӕ сӕххӕст кодтой, фӕлӕ уӕддӕр сӕ байзӕддӕгтӕн ныфс уыд.
АВЕЛМӔ УЫРНЫНДЗИНАД ЦӔЙ ФӔРЦЫ ФӔЗЫНД?
Лӕппутӕ куыд рӕзыдысты, афтӕ сӕ Адам, ӕвӕццӕгӕн, ахуыр кодта кусын, уымӕн ӕмӕ бинонты дарын хъуыд. Каин кодта зӕххы куыст, Авел та уыд фыййау.
Фӕлӕ Авелӕн сӕйраг уый нӕ уыд. Бирӕ азты дӕргъы уый куыста йӕ уырнындзинадыл, Павел фӕстӕдӕр кӕй тыххӕй фыста, уыцы хорз миниуӕгыл. Ахъуыды-ма кӕн, адӕмы ’хсӕн иу ахӕм дӕр нӕ уыд, Авел уыцы хъуыддаджы кӕй бафӕзмыдтаид. Уӕдӕ уӕд цӕй фӕрцы фӕзынд Авӕлмӕ ахӕм фидар уырнындзинад? Уымӕн ын баххуыс кодта ӕртӕ хъуыддаджы. Цӕй ӕмӕ сӕм ӕркӕсӕм.
Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ.
Йегъовӕ зӕхх ралгъыста, цӕмӕй йыл задаид сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг, ӕмӕ уый тыххӕй зӕххы куыст кӕнын тынг зын уыд. Фӕлӕ уӕддӕр зӕхх уыйбӕрц тыллӕг лӕвӕрдта, ӕмӕ Авелы бинонтӕн цӕрыны фаг уыд. Стӕй ӕлгъыст не ’рцыдысты нӕдӕр цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм, мӕргътӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ, нӕдӕр хӕхтӕ, цадтӕ, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ денджызтӕ, нӕдӕр арв, мигътӕ, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ. Авел кӕдӕмфӕнды ма акастаид – алы ран дӕр бӕрӕг уыд, алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы уарзондзинад, зонд ӕмӕ хорздзинӕдтӕ (Ромӕгтӕм 1:20). Уыдӕттыл кӕй хъуыды кодта, уый йын фидар кодта йӕ уырнындзинад.
Авел-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу Йегъовӕйыл хъуыды кодтаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ дзугмӕ куыд зылд, уый. Фыййауы-иу бирӕ цӕуын хъуыд. Йӕ фосы-иу хызта къуыбыртыл, дӕлвӕзты, цӕугӕдӕтты былгӕрӕтты – ӕдзух-иу агуырдта, ӕппӕты сойджындӕр кӕрдӕг кӕм зад, хуыздӕр доннуазӕнтӕ кӕм уыд, ахӕм бынӕттӕ, ӕппӕты хуыздӕр ривӕдгӕнӕнтӕ. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты ӕнӕбондӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты фыстӕ, цыма сӕ уый тыххӕй скодта, цӕмӕй сӕ адӕймаг хиза ӕмӕ сӕ хъахъхъӕна. Цымӕ йӕ Авел ӕмбӕрста, адӕймагӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр чи у, йӕхи дӕр ахӕм Чидӕр кӕй хъуыд, цӕмӕй йын разамынд лӕвӕрдтаид, хъахъхъӕдтаид ӕй ӕмӕ йыл тыхстаид? Ӕнӕдызӕрдыгӕй, Хуыцаумӕ-иу куы куывта, уӕд-иу ын йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр ӕргом дзырдта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта.
Авел Хуыцауы сконд хъуыддӕгтыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы йӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцау уарзӕгой кӕй у
Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ.
Адам ӕмӕ Евӕ сӕ фырттӕн куыннӕ дзырдтаиккой, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд ӕмӕ сӕ Хуыцау уырдыгӕй цӕмӕн ратардта, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Авелӕн, цӕуыл хъуыды кодтаид, уый уыд.
Йегъовӕ загъта, зӕхх ӕлгъыст кӕй ӕрцӕудзӕн. Авел йӕ алыварс ӕцӕгдӕр сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг кӕй уыдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Йегъовӕ ма загъта, Евӕйӕн сывӕрджынӕй кӕй уыдзӕн тынг зын ӕмӕ тухитӕ кӕнгӕйӕ кӕй ардзӕн сывӕллӕттӕ. Авелӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы райгуырд, уӕд ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бамбӕрста, уыцы ныхӕстӕ дӕр кӕй сӕххӕст сты. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ загъта, Евӕ ӕнӕ йӕ лӕджы уарзтӕй кӕй нӕ фӕраздзӕн ӕмӕ йӕ кӕй фӕнддзӕн, цӕмӕй ӕдзух йемӕ уа, уый та йӕ хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уадздзӕн. Афтӕ кӕй уыд, уый Авел йӕхи цӕстӕй уыдта. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Авел уыдта, Йегъовӕйы ныхас кӕй никуы фӕмӕнг вӕййы. Уӕдӕ Авел фидарӕй ӕууӕндыд Хуыцауы ныхасыл, кӕй фӕзындзӕн, Едемы цӕхӕрадоны цытӕ ӕрцыд, уыдӕттӕ чи хъуамӕ сраст кодтаид, уыцы «байзӕддаг» (Райдиан 3:15–19).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ.
Кӕд Авелӕн адӕмӕй йӕ бон бафӕзмын никӕй уыд, уӕддӕр зӕххыл уыди, йӕ бон бафӕзмын кӕй уыд, ахӕм зӕдтӕ. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадонӕй куы ратардта, уӕд афтӕ бакодта, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ цотӕн дӕр уырдӕм бацӕуӕн мауал уыдаид. Йӕ бахизӕны йын сӕвӕрдта херувимты, кадджын хӕстӕ кӕуыл ис, ахӕм зӕдты, ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама (Райдиан 3:24).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Авел, гыццыл лӕппу, уыцы херувимтӕм куыд каст, уый. Кӕд хуызӕй адӕймӕгты хуызӕн уыдысты, уӕддӕр бӕрӕг уыд, тынг хъаруджын кӕй уыдысты. Стӕй ӕппынӕдзух пиллон арт чи уагъта, ӕппынӕдзух чи зылд уыцы «хъама» дӕр уӕнгты цавӕрдӕр ӕнахуыр тас уагъта. Авел рӕзыд. Фӕлӕ цымӕ искуы федта, ӕмӕ херувимтӕ сфӕлмӕцыдысты ӕмӕ сӕ бынат ныууагътой? Никуы! Бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕ кӕрӕдзи ивтой, афӕдзтӕ цыдысты афӕдзты фӕдыл, дӕсазтӕ – дӕсазты фӕдыл, фӕлӕ уыцы зондджын ӕмӕ тыхджын херувимтӕ лӕууыдысты, Хуыцау сӕ кӕм сӕвӕрдта, уыцы бынаты. Афтӕмӕй Авел бамбӕрста, Йегъовӕйӕн кӕй ис рӕстаг ӕмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Уыцы херувимтӕ Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты, фӕлӕ уый йӕ бинонтӕй зӕгъӕн нӕ уыд. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы зӕдтӕм кӕсгӕйӕ йӕ уырнындзинад фидар кодта.
Авел цӕрӕнбонты уыдта, херувимтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кастысты
Йегъовӕ йе сконд хъуыддӕгты, йӕ зӕрдӕвӕрдты ӕмӕ йӕ иузӕрдион зӕдты лӕггады уылты йӕхи тыххӕй цы раргом кодта, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ Авелы уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авел немӕ фӕдзуры, йӕ хабӕрттӕ йын куы фӕкӕсӕм, уӕд. Авелы дӕнцӕг уӕлдай тынгдӕр, чи зоны, ӕрыгӕтты бауадза ныфс, уымӕн ӕмӕ йӕ хабарӕй бӕрӕг у, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, сӕ бинонтӕй чифӕнды цыфӕнды ма араза, уӕддӕр. Нӕ алыварс ӕрдзы цы диссӕгтӕ уынӕм, Библи нӕм ӕнӕхъӕнӕй кӕй ис ӕмӕ, йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, бирӕ ахӕм адӕмы кӕй зонӕм, уый нын стыр ӕххуыс у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм.
АВЕЛЫ НЫВОНД ХУЫЗДӔР ЦӔМӔН УЫД?
Авелӕн йӕ уырнындзинад цас фидардӕр кодта, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдисын. Фӕлӕ Дун-дуне Сфӕлдисӕгӕн адӕймаг цы хъуамӕ радтаид? Хуыцауы ницавӕр лӕвар ӕмӕ ницы ӕххуыс хъӕуы адӕмӕй. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Авел бамбӕрста, йӕ уӕларвон Фыдӕн, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый сыгъдӕг зӕрдӕйӕ куы ратта, уӕд дзы райгондӕй кӕй баззайдзӕн.
Авел сфӕнд кодта цалдӕр фысы йӕ дзугӕй нывондӕн ӕрхӕссын. Равзӕрста сын сӕ хуыздӕртӕ, фыццагзӕддӕгтӕ, ӕмӕ, йӕхимӕ гӕсгӕ, хуыздӕр чи уыд, уыцы хӕйттӕ сын нывондӕн ӕрхаста. Уыцы рӕстӕг Каин дӕр хъуыды кодта Хуыцауы арфӕдзинадыл ӕмӕ йын йӕ хорзӕх куыд ссардтаид, ууыл, ӕмӕ уый дӕр нывондӕн ӕрхӕссынӕн йӕ зӕххы тыллӕгӕй цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кодта. Фӕлӕ Авел куыд сыгъдӕг зӕрдӕйӕ архайдта, Каин афтӕ нӕ архайдта. Уый рабӕрӕг, ӕфсымӕртӕ сӕ нывӕндтӕ куы ӕрхастой, уӕд.
Авел Хуыцауӕн нывонд ӕрхаста, кӕй йыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй, Каинӕн та йӕ зӕрдӕйы ӕндӕр цыдӕр уыд
Адамы дыууӕ фырты дӕр сӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссыны тыххӕй спайда кодтой нывондхӕссӕнтӕй ӕмӕ артӕй, ӕвӕццӕгӕн сӕ херувимтӕ кӕм уыдтой, ахӕм ран. Уӕды заман Йегъовӕйы номӕй зӕххыл ӕрмӕстдӕр уыцы херувимтӕ уыдысты. Ӕмӕ Йегъовӕ ӕфсымӕртӕм йе ’ргом раздӕхта! Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста» (Райдиан 4:4). Йӕ зӕрдӕ дзы кӕй барухс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фӕлӕ цӕмӕн барухс Авелӕй йӕ зӕрдӕ?
Мыййаг ын цы нывонд ӕрхаста, уый тыххӕй? Авелы нывонд уыд удӕгас ӕмӕ йын йӕ зынаргъ туг суагъта. Чи зоны, Авел ӕмбӕрста, уыцы нывонд Хуыцауы цӕсты куыд зынаргъ уыдаид, уый. Авелы заманӕй бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Хуыцау спайда кодта ӕнӕсахъат уӕрыччы нывондӕй, цӕмӕй равдыстаид, йе ’ххӕст Фырт, «Хуыцауы Уӕрыкк», нывондӕн хаст кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ ӕнаххос туг кӕй ныккӕлдзӕн (Иоанны 1:29; Рацыд 12:5–7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ цыдӕртӕ Авел нӕ зыдта кӕнӕ не ’мбӕрста.
Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырдӕй зонӕм: Авел нывондӕн ӕрхаста, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Йегъовӕйы зӕрдӕ Авелӕн ӕрмӕст йӕ нывондӕй нӕ барухс, фӕлӕ Авелӕн йӕхицӕй дӕр. Авел уыцы нывонд Йегъовӕйӕн ӕрхаста, кӕй йӕ уарзта ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй.
Каины хабар та бынтон ӕндӕрхуызон уыд. Йегъовӕйӕн «Каинӕй... йӕ зӕрдӕ нӕ барухс, ӕмӕ йын йӕ кувинаг нӕ айста» (Райдиан 4:5). Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ Каины нывонд ӕвзӕр уыд. Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау фӕстӕдӕр израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ нывондӕн, ома кувинагӕн, хӕссӕн уыди зӕххы тыллӕгӕй дӕр (Левит 6:14, 15). Фӕлӕ Библийы Каины тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, йӕ «хъуыддӕгтӕ уыдысты хӕрам» (1 Иоанны 3:12). Абон бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ Каин дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕмӕ дӕхи афтӕ куы ӕвдисай, цыма Хуыцауыл ӕнувыд дӕ, уӕд уый дӕр фаг у. Ӕцӕг уырнындзинад ӕм кӕй нӕ уыд ӕмӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй нӕ уарзта, уый гыццыл фӕстӕдӕр йӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг.
Каин куы федта, Йегъовӕйы зӕрдӕ дзы кӕй нӕ барухс, уӕд ӕй цымӕ Авелы бафӕзмын нӕ бафӕндыд? Нӕ. Каин йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт федта. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый Йегъовӕ уыдта, ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодта. Бамбарын ын кодта, йӕ масты фӕдыл куы ацӕуа, уӕд ӕй уый стыр тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, хорздзинад аразын куы райдайа, уӕд кӕй «сбӕрзонд уыдзӕн» (Райдиан 4:6, 7).
Каин Хуыцауы ныхас ницӕмӕ ӕрдардта. Йе ’нӕхин кӕстӕр ӕфсымӕры йемӕ быдырмӕ акодта. Уым ыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта (Райдиан 4:8). Зӕгъӕн ис, Авел уыд, йӕ дины тыххӕй кӕй амардтой, йӕ уырнындзинады тыххӕй хъизӕмайраг мардӕй чи амард, уыдонӕй фыццаг. Авел амард, фӕлӕ йӕ хабар ууыл нӕ фӕци.
Ахӕсгӕ хуызы, Авелы туг дзынӕзта Йегъовӕмӕ, цӕмӕй рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ бакодтаид ӕмӕ йын йе ’фсымӕрӕй йӕ маст райстаид. Ӕмӕ Хуыцау Каины йӕ фыдракӕнды тыххӕй бафхӕрдта (Райдиан 4:9–12). Уымӕй ахсджиагдӕр дӕр та уый у, ӕмӕ Авел йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр немӕ дзуры. Йӕ заманты цӕрӕг адӕмимӕ абаргӕйӕ Авел бирӕ нӕ фӕцард – ӕвӕццӕгӕн, иу ӕнусы бӕрц, фӕлӕ йӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодта. Авел ӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Дзуттӕгтӕм 11:4). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ Авелы кӕй нӕ ферох кодта ӕмӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл дзӕнӕты цӕра (Иоанны 5:28, 29). Йӕ фенын дӕ нӕ фӕндид? Ӕнӕмӕнгӕй йӕ фендзынӕ, цы нын дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ йын йӕ диссаджы уырнындзинад куы фӕзмай, уӕд.
a Дзырдбаст «дунейы фӕзынд»-ы хъуыды у «мыггаг ӕппӕрст ӕрцыд», ӕмӕ амоны цот кӕнынмӕ, уымӕ гӕсгӕ ам дзырд цӕуы фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сывӕллӕттыл. Йесо «дунейы фӕзынды» тыххӕй куы дзырдта, уӕд цымӕ Каины нӕ, фӕлӕ Авелы кой цӕмӕн ракодта, кӕд ӕмӕ, зӕххыл фыццаг чи райгуырд, уыцы сывӕллон Каин уыди? Каины фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ зонгӕ-зонын рацыд. Каин дӕр йӕ ныййарджытау, чи райгас уыдзӕн ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцӕудзысты, уыдоны ’хсӕн нӕ уыдзӕн.