Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 4 сӕр, 16 ф.–17 ф., 2 абз.
  • Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ амардта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ амардта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Каин кӕй ракуырдта?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 4 сӕр, 16 ф.–17 ф., 2 абз.
Авел Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхаста, Каин та йӕм мӕстыйӕ кӕсы

4 СӔРГОНД

Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ амардта

Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй куы ацыдысты, уый фӕстӕ сын райгуырд бирӕ сывӕллӕттӕ. Сӕ фыццаг фырт Каин кодта зӕххы куыст, сӕ дыккаг фырт Авел та уыди фыййау.

Иу бон Каин ӕмӕ Авел Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхастой. Нывонд цы у, уый зоныс? Уый у, Хуыцауӕн кӕй скӕнынц, ахӕм лӕвар. Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ Авелы лӕвар фӕцыд, Каины лӕвар та нӕ фӕцыд. Ӕмӕ уый тыххӕй Каин тынг смӕсты. Йегъовӕ Каинӕн загъта, мӕсты куы кӕна, уӕд уый ӕвзӕр хъуыддагмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Фӕлӕ йӕм Каин нӕ байхъуыста.

Каин Авелӕн загъта: «Цом-ма мемӕ быдырмӕ». Ӕмӕ иумӕ ацыдысты. Быдыры ӕндӕр ничи уыд, ӕмӕ Каин йе ’фсымӕр Авелы амардта. Цымӕ уӕд Йегъовӕ цы сарӕзта? Каины бафхӕрдта – йӕ бинонтӕй йӕ дард кӕдӕмдӕр арвыста. Ӕмӕ Каинӕн уый бар нал уыд, цӕмӕй ма искуы йӕ бинонтӕм ӕрбаздӕхтаид.

Каин ӕмӕ Авел быдыры

Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цыдӕр, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ рауайы, уӕд мах дӕр иуӕй-иу хатт смӕсты вӕййӕм. Зӕгъӕм, кӕмӕдӕр тынг мӕсты кӕнын райдыдтам кӕнӕ та уый чидӕр бамбӕрста ӕмӕ нын загъта, уый хорз кӕй нӕу. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ уайтагъд нӕ зондахаст фӕивӕм, цалынмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтам, уӕдмӕ.

Авел Йегъовӕйы кӕй уарзта ӕмӕ, раст цы у, уый кӕй арӕзта, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн. Йегъовӕ Авелы райгас кӕндзӕн, зӕххыл дзӕнӕт куы скӕна, уӕд.

«Де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матфейы 5:24)

Фарстатӕ. Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг дыууӕ сывӕллоны чи уыдысты? Каин йе ’фсымӕры цӕмӕн амардта?

Райдиан 4:1–12; Дзуттӕгтӕм 11:4; 1 Иоанны 3:11, 12

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын