Программӕ 16 февралӕй райдайгӕ къуырийӕн
16 ФЕВРАЛӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
80 зарӕг ӕмӕ куывд
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
dg 7 хай, 1–8 абз. (30 мин.)
Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: Тӕрхонгӕнджыты 15–18 (8 мин.)
№ 1: Тӕрхонгӕнджыты 16:13–24 (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
№ 2: Цавӕр ахсджиаг хабар ис Библийы? (igw 8 ф., 1–4 абз.) (5 мин.)
№ 3: Хуыцау ирвӕзын кӕны Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы (td 15А) (5 мин.)
Хъусын кӕныны фембӕлд
Ацы мӕйы темӕ: Хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут! (Тит. 2:14).
15 мин. Дӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕн, цӕмӕй хъусын кӕныныл дӕ уд хъарай. Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Нӕхи уацамындмӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд ӕппӕты фыццаг Йегъовӕмӕ скувын цӕмӕн фӕхъӕуы? (Пс. 143:10; Хъуыд. 4:31). Кувынӕй уӕлдай ма цы хъуамӕ аразӕм? (Езд. 7:10). Ноджыдӕр ма нӕ цы хъӕуы саразын, уацамындмӕ литературӕ куы цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ сумкӕтӕ куы рӕвдз кӕнӕм, уӕд? Нӕхи куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн? (Кӕс 2008 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 10 ф., 9 абз.) Дӕхи уацамындмӕ куыд фӕцӕттӕ кӕныс? Хъусынгӕнӕг бацӕттӕ кӕнӕд равдыст: йӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕны ӕмӕ кӕсы, цы брошюрӕтӕ ӕмӕ буклеттӕй пайда кӕндзӕн, уыдонмӕ. Стӕй йӕ сумкӕ рӕвдз кӕны ӕмӕ йӕ планшет кӕнӕ телефон цӕттӕ кӕны, цӕмӕй, уацамынды куы бахъӕуа, уӕд-иу дзы спайда кӕна. Зӕгъ, уацамындмӕ алчидӕр йӕхи хорз кӕй хъуамӕ цӕттӕ кӕна (2 Тим. 3:17).
15 мин. «Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад бафӕзмдзынӕ?» Фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕттытӕ алкӕмӕн дӕр байуар, ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, ууыл аныхас кӕн. Дыууӕ хъусынгӕнӕджы бацӕттӕ кӕнӕнт равдыст, 4 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕ гӕсгӕ.
30 зарӕг ӕмӕ куывд