Программӕ 23 февралӕй райдайгӕ къуырийӕн
23 ФЕВРАЛӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
21 зарӕг ӕмӕ куывд
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
dg 7 хай, 9–14 абз. (30 мин.)
Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: Тӕрхонгӕнджыты 19–21 (8 мин.)
Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм (20 мин.)
Хъусын кӕныны фембӕлд
Ацы мӕйы темӕ: Хорз хъуыддӕгтыл уӕ уд хъарут! (Тит. 2:14).
10 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.
10 мин. Хуыцауы хъуыддаджы Чырыстийау зынгзӕрдӕйӕ архай. Раныхас. Арӕзт у ахуыргӕнӕн брошюрӕтыл «Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн – хъусын кӕн хорз хабар» (bw534), 8 фарс, 2 абзац, ӕмӕ «Зынгзӕрдӕйӕ архай Хуыцауы хъуыддаджы» (bw505), 9–11 фӕрстӕ, 12–16 абзацтӕ. Зӕгъ, чырыстӕттӕ «хорз хъуыддӕгтӕ» кӕй хъуамӕ кӕной ӕмӕ бамбарын кӕн, хъусын кӕнын дӕр уыцы хъуыддӕгтӕм цӕмӕн хауы (Тит. 2:14). Стӕй бамбарын кӕн, рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нӕ кӕй разӕнгард кӕны, цӕмӕй хъусын кӕныныл нӕ уд хъарӕм ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Хъусынгӕнджытӕй раппӕл, хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд кӕй хъарынц, уый тыххӕй.
10 мин. «Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый зынгзӕрдӕйӕ дзур». Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Дыууӕ хъусынгӕнӕджы бацӕттӕ кӕнӕнт равдыст, ахуыргӕнӕн брошюрӕйы «„Кӕмӕн цавӕр дзуапп“ хъуамӕ дӕттӕм?» (bw546) 8 фарсыл, 8 абзацы цы уавӕр ис, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ спайда кӕнӕнт, 9 фарсыл, 13 абзацы цы цӕвиттон ис, уымӕй.
5 зарӕг ӕмӕ куывд