Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb16 сентябрь 8 ф.
  • Библийы ахуыры рӕстӕг нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы ахуыры рӕстӕг нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕн
    Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
  • 2 хай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Кӕс дӕхимӕ, цӕмӕй иннӕты «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнай»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
mwb16 сентябрь 8 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Библийы ахуыры рӕстӕг нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм

Мыхуыргонд публикаци
Ӕфсымӕр Библийы ахуыры рӕстӕг йӕхӕдӕг бирӕ дзуры

Ӕгӕр бирӕ ма дзур. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ хъуамӕ ахуыргӕнинагӕн алцыдӕр дӕхӕдӕг бамбарын кӕнай. Чырысти-иу адӕммӕ фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй хъуыды кодтаиккой ӕмӕ-иу раст хатдзӕгмӕ ӕрцыдаиккой (Мф 17:24–27). Фарстаты фӕрцы адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ дзурын ӕнцондӕр вӕййы. Уыдоны фӕрцы ма дӕ бон у базонын, ӕрмӕг бамбӕрста ӕви нӕ ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕуыл не ’ууӕнды, уый. Фарста куы раттай, уӕд-иу адӕймаджы ахъуыды кӕнын бауадз. Раст дзуапп куы нӕ ратта, уӕд-иу ӕй ма бараст кӕн, фӕлӕ-иу ӕм ахӕм фарстатӕ ратт, цӕмӕй йӕхӕдӕг раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуа. Цӕмӕй ног хъуыдытӕ хуыздӕр бамбара, уый тыххӕй-иу сындӕгдӕр дзур.

Лыстӕггай ӕмбарын кӕны, цӕмӕн зӕронд кӕнӕм, уый

Дӕ ныхас зынӕмбарӕн ма уӕд. Цы фарстайыл ныхас кӕнут, уый фӕдыл цыдӕриддӕр зоныс, уыдӕттӕ иууылдӕр дзурын нӕ хъӕуы (Ин 16:12). Ныхас-иу кӕн абзацы сӕйраг хъуыдыйыл. Лыстӕг хабӕрттӕ цыфӕнды цымыдисаг куы уой, уӕддӕр сыл бирӕ куы дзурай, уӕд ахуыргӕнинаджы ӕргом сӕйраг хъуыдытӕй ӕндӕр цӕмӕдӕр аздахдзынӕ. Ахуыргӕнинаг сӕйраг хъуыды куы бамбара, уӕд-иу иннӕ абзацмӕ ахизут.

Ӕфсымӕр бирӕ ӕрмӕг рацӕуыныл архайы, ӕмӕ ахуыргӕнинаг стыхст

Ӕрмӕст ӕрмӕг рацӕуыныл ма архай. Махӕн нӕ нысан ӕрмӕг рацӕуын нӕу, фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын (Лк 24:32). Пайда кӕн, Хуыцауы Ныхасӕн цы тых ис, уымӕй – йе ’ргом ын фылдӕр здах, урочы цы сӕйраг стихтӕ ис, уыдонмӕ (2Кр 10:4; Дзт 4:12). Хуымӕтӕг цӕвиттонтӕ-иу хӕсс. Ахуыргӕнинаг цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы ӕмӕ цӕуыл ӕууӕнды, уыдӕттыл-иу ахъуыды кӕн, ӕмӕ-иу урок афтӕ равзар, цӕмӕй йын фылдӕр пайда ӕрхӕсса. Ахӕм фарстатӕ-иу ӕм ратт: «Ацы урочы цы базыдтай, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Йегъовӕйы тыххӕй дзы цы базыдтам? Цы уынаффӕ дзы ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дын цы пайда фӕуыдзӕн?»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын