Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 февраль 4 ф.
  • «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кад кӕнут уӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Кад кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн кад кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Библи цы дзуры ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсыны тыххӕй?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 февраль 4 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бамбарын кодта, ацы фӕдзӕхст, «нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады», зӕгъгӕ, тынг ахсджиаг кӕй у (Рц 20:12; Мф 15:4). Йесойӕн йӕ бон уыд уый тыххӕй сӕрибарӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ гыццылӕй йӕ ныййарджытӕн «уыд коммӕгӕс» (Лк 2:51). Йӕ мӕлӕты размӕ та батыхст, цӕмӕй йӕ мадмӕ фӕкӕсӕг уыдаид (Ин 19:26, 27).

Нӕ рӕстӕджы дӕр, йӕ ныййарджыты коммӕ чи кӕсы ӕмӕ семӕ уӕзданӕй чи ныхас кӕны, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕ ӕвдисынц, кӕй сӕ нымайынц, уый. Фӕлӕ ацы фӕдзӕхст ӕрмӕст кӕстӕртӕм нӕ хауы. Нӕ ныййарджытӕ куы базӕронд уой, уӕд дӕр сӕ хъуамӕ нымайӕм ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм хъусӕм (Ӕм 23:22). Нӕ ацӕргӕ ныййарджыты кӕй нымайӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уарзтӕй сӕ куы рӕвдауӕм ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд сын ӕхцайӕ дӕр куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд (1Тм 5:8). Стыртӕ стӕм ӕви гыццылтӕ, нӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнынӕн-иу рӕстӕг куы ссарӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ нымайӕм, уый.

БАКӔС ФЛОМАСТЕРӔЙ НЫВ АНИМАЦИМӔ «МӔ НЫЙЙАРДЖЫТИМӔ ИУМӔЙАГ ӔВЗАГ КУЫД ССАРОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнын дын зын цӕмӕн вӕййы?

  • Дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ бон куыд у равдисын, кӕй сӕ нымайыс, уый?

    Лӕппу йӕ ныййарджытӕм писмо фыссы, йӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕны ӕмӕ йӕ фыдимӕ футболӕй хъазы
  • Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕнай, уый йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у? (Ӕм 15:22).

    Ныййарджытӕ сӕ фыртӕн ӕххуыс кӕнынц, разӕй йӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ йӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн

    Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом куы ныхас кӕнай, уӕд дӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзынӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын