Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 мартъи 8–12 фф.
  • Кад кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн кад кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кад кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн кад кӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИННӔТӔН, КУЫД ӔМБӔЛЫ, АФТӔ КАД КӔН
  • КАДЫ АККАГ МА ЧИ У?
  • ИННӔТӔН КӔЙ КАД КӔНӔМ, УЫЙ ХӔССЫ СТЫР ПАЙДА
  • Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ фӕразӕй вӕййыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Иннӕтӕн кад кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Цӕй уӕдӕ, иууылдӕр кад кӕнӕм Иегъовӕйӕн ӕмӕ Йӕ Фыртӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Сымах иууылдӕр — ӕфсымӕртӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 мартъи 8–12 фф.
Раргомады чиныджы цы 24 хистӕр лӕджы кой ис, уыдон Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой

Кад кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн кад кӕн

«Паддзахбадӕныл чи бады, стыр тыхы хицау чи у, уымӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн уӕд арфӕ, кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (РАРГ. 5:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 10, 16

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти кады аккаг цӕмӕн сты?

  • Адӕмӕй кады аккаг чи у ӕмӕ цӕмӕн?

  • Иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм, уый цы пайда хӕссы?

1. Иуӕй-иутӕ кады аккаг цӕмӕн сты ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ИСКӔМӔН кад кӕнын нысан кӕны уӕлдай аргъ ын кӕнын, нымайын ӕй, бӕрзонд ӕй ӕвӕрын. Адӕймаг исты хорз хъуыддаг куы саразы кӕнӕ йӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ куы вӕййы йе та цавӕрдӕр бынат куы фӕахсы, уӕд вӕййы кады аккаг. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, кӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн, ууыл.

2, 3. а) Уӕлдайдӕр Йегъовӕ цӕмӕн у кады аккаг? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Раргомады 5:13 цы Уӕрыччы кой ис, уый чи у ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм?

2 Раргомады 5:13 куыд фыст ис, афтӕмӕй, «паддзахбадӕныл чи бады», уый ӕмӕ «Уӕрыкк» ӕцӕгдӕр уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм. «Паддзахбадӕныл чи бады», уый у Йегъовӕ. Ӕмӕ йын кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй базонӕн ис Раргомады 4 сӕрӕй. Уым бакӕсӕн ис, зӕдтӕ Йегъовӕйы, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры», уыцы Хуыцауы, кӕй кадджын кӕнынц ӕмӕ кӕй дзурынц: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:9–11).

3 Раргомады 5:13 стихы цы «Уӕрыччы» кой ис, уый у Йесо Чырысти. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Зӕххыл куы уыд, уӕд ӕй схуыдтой «Хуыцауы Уӕрыкк», ӕмӕ, дам, уый «дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн» (Иоан. 1:29). Ӕмӕ уӕдӕ кады аккаг куыннӕ у. Паддзӕхтӕй искуы исчи барвӕндонӕй йӕ адӕмы тыххӕй амард, цӕмӕй сӕ ссӕрибар кӕна? Йесо у «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» (1 Тим. 6:14–16). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды, милуангай хъомысджын зӕдтӕ йӕ куыд кадджын кӕнынц, афтӕ йӕ кадджын кӕнын: «Кӕй аргӕвстой, уыцы Уӕрыкк уый аккаг у, цӕмӕй райса тых, хъӕздыгдзинӕдтӕ, зонд, хъомыс, намыс, кад ӕмӕ арфӕ» (Рарг. 5:12).

4. Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн кад кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг цӕмӕн у?

4 Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн кад кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Иоанны 5:22, 23 фыст ис, Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй сӕвӕрдта тӕрхонгӕнӕгӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Чырыстийӕн кад кӕнӕм. Афтӕмӕй та кад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн дӕр. Ӕмӕ Йесойӕн ӕмӕ йӕ Фыдӕн куы кад кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. (Бакӕс Псалом 2:11, 12.)

5. Адӕм дӕр уый аккаг цӕмӕн сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм?

5 Хуыцау адӕмы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райд. 1:27). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕ ӕвдисын. Зӕгъӕм, адӕмӕн сӕ бон у уарзын, вӕййынц хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Адӕмӕн ма Хуыцау радта ӕфсарм дӕр – фӕзонынц, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы (Ром. 2:14, 15). Адӕмӕн сӕ фылдӕр уарзынц, сыгъдӕг ӕмӕ рӕсугъд цы у, уый, стӕй сӕ фӕфӕнды иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын. Кӕд ӕй сӕхӕдӕг дӕр нӕ фембарынц, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕфӕзмынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм (Пс. 8:5).

ИННӔТӔН, КУЫД ӔМБӔЛЫ, АФТӔ КАД КӔН

6, 7. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

6 Адӕмӕн куыд кад кӕнӕм, ууыл дӕр хъӕуы хъуыды кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ сӕ ӕгӕр бӕрзонд сӕвӕрдтам. Афтӕ уымӕн рауайы, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ фылдӕрыл ӕндавы Хӕйрӕджы дунейы зондахаст. Кӕйдӕрты арвмӕ сисынц ӕмӕ, раст цыма хуыцӕуттӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм фӕкӕсынц. Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ сын кад кӕной, уый сӕм фаг нӕ фӕкӕсы. Дины разамонджыты, хицӕутты, спортсменты, артистты ӕмӕ ӕндӕр зындгонд адӕмы афтӕ бӕрзонд сисынц, ӕмӕ сӕ разы Хуыцау дӕр ницыуал вӕййы. Ӕмӕ хистӕртӕ дӕр, кӕстӕртӕ дӕр фӕзмынц ахӕм адӕмӕн сӕ ныхӕстӕ, сӕ конд, сӕ уынд ӕмӕ сӕ митӕ.

7 Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, адӕмӕн афтӕ кад кӕнын раст кӕй нӕу. Зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы у нӕ бон алцӕмӕй дӕр фӕзмын (1 Пет. 2:21). Хъуамӕ нӕ рох ма уа иу ахсджиаг хъуыды: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ [комк. «кад», фип.] ӕвдисын» (Ром. 3:23). Иу адӕймаг дӕр ахӕм кады аккаг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцауы бынаты ӕвӕрӕм. Адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр куы кад кӕнӕм, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн.

8, 9. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц? б) Хицӕуттӕм байхъусын нӕ бон кӕд нӕ вӕййы?

8 Бартӕ кӕй къухы ис, уыдон дӕр сты уый аккаг, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм. Зӕгъӕм, хицауады кусджытӕ архайынц, цӕмӕй адӕмы ӕдасдзинад хъахъхъӕной ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ сын уа. Ӕмӕ уый пайда хӕссы алкӕмӕн дӕр. Апостол Павел загъта, уыцы хицӕуттӕн коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уӕм, стӕй сын сӕ закъӕттӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уый ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр дӕттут, цы йын ӕмбӕлы, уый: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон... кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уымӕн кад кӕнут» (Ром. 13:1, 7).

9 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй хицӕуттӕн кад кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бӕстӕйы дӕр сӕхи закъӕттӕ ис, ӕмӕ иу ран иу цыдӕр фӕдомынц, иннӕ ран – ӕндӕр цыдӕр. Ӕмӕ сӕ хӕстӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд, махӕй кӕнгӕ цы вӕййы, уый фӕаразӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты куы фӕхизын кӕнынц, уӕд сӕм нӕ байхъусӕм. Мах фыццаджыдӕр Йегъовӕйӕн кад кӕнӕм ӕмӕ уый коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс 1 Петры 2:13–17.)

10. Раджы заманты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хицӕуттӕм цы цӕстӕй кастысты?

10 Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хицӕутты ӕмӕ хицауады кусджыты коммӕ кастысты ӕмӕ сын кад кодтой. Иухатт Ромы паддзах бардзырд куы радта, цӕмӕй сӕ паддзахады цӕрджытӕ иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой, уӕд уый тыххӕй Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ. Афтӕмӕй та Марийӕ йӕхи бар нӕ уыд, тагъд ын хъуамӕ сывӕллон райгуырдаид (Лук. 2:1–5). Апостол Павел дӕр хицӕуттӕн кад кодта. Уӕззау фыдракӕндты йӕ куы фӕаххосджын кодтой, уӕд йӕхи сӕрыл дзырдта паддзах Ирод Агриппӕйы раз ӕмӕ Ромы дӕлбар бӕстӕ Иудейӕйы хицау Фесты раз. Ӕмӕ дзы ӕфхӕргӕ никӕй бакодта (Хъуыд. 25:1–12; 26:1–3).

11, 12. а) Дины разамонджытӕн уӕлдай кад цӕуылнӕ кӕнӕм? б) Иу австриаг Ӕвдисӕн иу политикимӕ уӕзданӕй кӕй аныхас кодта, уый хорзӕй цӕмӕ ӕркодта?

11 Цы зӕгъӕн ис дины разамонджытӕй та? Уыдонӕн дӕр хъуамӕ уӕлдай кад кӕнӕм? Дины разамонджытӕ иннӕ адӕмӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕн куыд кад кӕнӕм, афтӕ кад кӕнӕм уыдонӕн дӕр. Фӕлӕ уӕлдай кады аккаг не сты, кӕд сӕхӕдӕг афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр. Мӕнг динтӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад нӕ амонынц, фӕлӕ йын йӕ Ныхас зыгъуыммӕ кӕнынц ӕмӕ сын амонынц мӕнг ахуырӕдтӕ. Йесо дӕр йӕ рӕстӕджы дины разамонджыты схуыдта цӕстмӕхъустӕ ӕмӕ куырм разамонджытӕ (Матф. 23:23, 24). Фӕлӕ хицӕуттӕн кӕй кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ кӕй нымайӕм, уый раст у. Уый фӕрцы нын иуӕй-иу хатт ӕххуыс дӕр бакӕнынц.

12 Иу ахӕм хицау уыд Генрих Глайсснер, австриаг политик. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕй нацисттӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Бухенвальды концлагермӕ арвыстой. Поезды базонгӕ иу зынгзӕрдӕ Ӕвдисӕн Леопольд Энглайтнеримӕ, уый дӕр уыд Австрийӕ. Леопольд ын уӕзданӕй бамбарын кодта, цӕуыл ӕууӕндыд, уыдӕттӕ, ӕмӕ йӕм Глайсснер лӕмбынӕг хъуыста. Хӕсты фӕстӕ Глайсснер Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл Австрийы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рахӕцыд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицӕутты кӕй нымайынц, уый цы пайда ӕрхӕссы, уымӕн, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон у ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр ӕрхӕссын.

КАДЫ АККАГ МА ЧИ У?

13. Кады аккаг уӕлдайдӕр чи у ӕмӕ цӕмӕн?

13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сын кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ нымайӕм. Уӕлдайдӕр та уый хауы, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, районон цӕстдарджытӕм, филиалты комитетты кӕнӕ Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:17.) Уыдон иууылдӕр тыхсынц Хуыцауы адӕмыл, ӕмӕ сӕ Библи хоны «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Мах сын кад кӕнӕм, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, цыфӕнды ахуырад сӕм ма уа, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, уӕддӕр. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ нын сты фӕзминаг. Уыдон нымадтой, разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты, ӕмӕ мах дӕр абон афтӕ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы бынаты сӕ не ’вӕрӕм кӕнӕ цыма зӕдтӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ, сӕрныллӕгӕй кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый тыххӕй сӕ нымайӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:24; Раргомад 19:10.)

14, 15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ дины разамонджытӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

14 Ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты сӕрныллӕг фыййӕуттӕ. Уыдоны нӕ фӕнды, цӕмӕй сын, цавӕрдӕр зындгонд адӕймӕгтӕн куыд фӕкӕнынц, афтӕ хъулон митӕ кӕной. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнынц бирӕ дины разамонджытӕй, стӕй Йесойы рӕстӕджы цы дины разамонджытӕ уыд, уыдонӕй дӕр. Йесо уыдонӕй афтӕ загъта: «Уыдон уарзынц фынгтыл уӕлейӕ бадын, ӕмбырдгӕнӕнты та – разӕй. Уарзынц, цӕмӕй сын базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой ӕмӕ сӕм, ахуыргӕнӕг, зӕгъгӕ, дзурой» (Матф. 23:6, 7).

15 Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Фыд – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти. Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:8–12). Уӕдӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕмбырдты цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдон сӕрныллӕг кӕй сты, уый тыххӕй уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ уарзой, нымайой сӕ ӕмӕ сын кад кӕной.

Ӕмбырд хъусы хистӕр нӕлгоймаджы раныхасмӕ, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг иннӕтимӕ Паддзахады зал ӕфснайы

Сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уарзой, нымайой сӕ ӕмӕ сын кад кӕной (кӕс 13–15 абзацтӕ)

16. Дарддӕр дӕр иннӕтӕн кад кӕныныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

16 Цӕмӕй иннӕтӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кад кӕнын сахуыр уӕм, уымӕн нӕ, чи зоны, бахъӕудзӕн рӕстӕг. Афтӕ уыд сӕ хабар фыццаг чырыстӕттӕн дӕр (Хъуыд. 10:22–26; 3 Иоан. 9, 10). Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Иннӕтӕн, Йегъовӕ нын куыд амоны, афтӕ куы кад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн стыр пайда.

ИННӔТӔН КӔЙ КАД КӔНӔМ, УЫЙ ХӔССЫ СТЫР ПАЙДА

17. Бартӕ кӕй къухы ис, уыдонӕн кад кӕнын цы пайда хӕссы?

17 Бартӕ кӕй къухы ис, уыдонӕн куы кад кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы нымайӕм, уӕд, чи зоны, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайой. Стӕй ма, куы бахъӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ сӕрыл дӕр рахӕцой. Иу ахӕм хабар цалдӕр азы размӕ ӕрцыд Германийы иу хойыл. Биргит лӕггад кодта пионерӕй. Йӕ чызг кӕстӕр кълӕстӕ куы фӕци, уӕд ӕй уый номыл скъоламӕ фӕхуыдтой. Ахуыргӕнджытӕ Биргитӕн загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй хуыздӕр ахуырдзаутӕ кӕй нӕй. Ӕмӕ, дам, не скъолайы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ куы нӕ уыдаид, уӕд, дам, куыд ӕвзӕр уыдаид. Биргит сын бамбарын кодта: «Мах нӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнӕм, Хуыцау куыд амоны, афтӕ цӕрын, ӕмӕ уымӕ хауы ахуыргӕнджытӕн кад кӕнын ӕмӕ сӕм хъусын». Ахуыргӕнджытӕй иу афтӕ бакодта: «Тӕхуды, ӕмӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр уӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы уаиккой. Уӕд скъолайы ахуыргӕнӕгӕй кусын дзӕнӕты цӕрынӕй уӕлдай нӕ уаид». Цалдӕр къуырийы фӕстӕ та иу ахуыргӕнӕг ӕрбацыд конгресмӕ Лейпцигы.

18, 19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кад кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоны фӕрцы бамбарӕн ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кад кӕнын куыд ӕмбӕлы, уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Хъуамӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй ӕппӕлӕм ӕмӕ сын бузныг дзурӕм, стӕй, цы разамынд дӕттынц, уымӕ хъусӕм. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр сӕ хӕстӕ цингӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзысты. Библи ма зӕгъы, сӕ уырнындзинад сын кӕй хъуамӕ фӕзмӕм. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ кӕцыдӕр «зындгонд» хистӕр нӕлгоймаг куыд конд вӕййы, сценӕйӕ куыд фӕдзуры кӕнӕ куыд фӕныхас кӕны, уымӕй йӕ цармыстыгъд бакӕнӕм. Уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ адӕмы фӕдыл цӕуӕм. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр махау сты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ мах та хъуамӕ цӕуӕм Чырыстийы фӕдыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр уый хъуамӕ фӕзмӕм.

19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы кад кӕнӕм ӕмӕ сын, зындгонд адӕмӕн куыд фӕкӕнынц, афтӕ хъулон митӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд сын афтӕмӕй баххуыс кӕндзыстӕм. Ома куыд? Уӕд сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдайдзысты, афтӕ нӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты кӕнӕ, цы аразынц, уый алкӕддӕр раст вӕййы.

20. Иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм, уый цы пайда хӕссы?

20 Иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм, уый ма пайда у нӕхицӕн дӕр. Афтӕмӕй хиуарзон не суыдзыстӕм, стӕй-иу нӕ куы ’ппӕлой, уӕд-иу нӕхицӕй нӕ ныхъхъал уыдзыстӕм. Уый ма нӕ хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй, тынг кӕй нымайӕм, уый нӕ истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл кӕна, уӕд нын уый цӕлхдур ма суа. Уымӕй уӕлдай ма нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы организаци адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уой ӕви ӕнӕуи адӕм – нӕ организаци иу адӕймагӕн дӕр, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр кад нӕ кӕны.

21. Иннӕтӕн куы кад кӕнӕм, уӕд уымӕн йе стырдӕр пайда цы уыдзӕн?

21 Иннӕтӕн куы кад кӕнӕм, уӕд уымӕн йе стырдӕр пайда та уый уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй араздзыстӕм, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый ӕмӕ ӕвдисдзыстӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, чидӕриддӕр ын фидистӕ кӕна, уымӕн дзуапп раттын (Ӕмб. 27:11). Ацы дунейы бирӕтӕ нӕ зонынц, иннӕтӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, уый. Мах та Йегъовӕ ууыл ахуыр кӕны, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын