Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 август 1–10 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 6–12 АВГУСТЫ
  • 13–19 АВГУСТЫ
  • 20–26 АВГУСТЫ
  • 27 АВГУСТЫ – 2 СЕНТЯБРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 август 1–10 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

6–12 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 17, 18

«Бузныгзӕрдӕ у»

(Лукайы 17:11–14) Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ Йесо йӕ фӕндаг акодта Самари ӕмӕ Галилейӕйыл. 12 Ӕмӕ иу хъӕумӕ куы баввахс, уӕд ӕй ауыдтой дӕс хъотырджын лӕджы. Уыдон дӕрддзӕф слӕууыдысты 13 ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, батӕригъӕд нын кӕн!» 14 Куы сӕ федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕхи сауджынтӕн фенын кӕнут». Ӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕ низ ӕрбайсӕфт.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 17:12, 14 стихтӕм

дӕс хъотырджын лӕджы Рагзаманты хъотырджынтӕ, ӕвӕццӕгӕн, иумӕ цардысты, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтаиккой (2Пд 7:3–5). Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ, хъотырджынтӕ хъуамӕ иннӕтӕй дард цардаиккой. Хъотырӕй рынчын адӕймаг-иу хъуамӕ иннӕты фӕдзӕхстаид ӕмӕ хъӕр кодтаид: «Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!» (Лв 13:45, 46). Хъотырджынтӕ Чырыстийы куы федтой, уӕд ӕм хӕстӕг нӕ бацыдысты, Моисейы закъон куыд домдта, уымӕ гӕсгӕ.

уӕхи сауджынтӕн фенын кӕнут Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд Моисейы закъон ӕххӕст кодта ӕмӕ зыдта, Аароны байзӕддӕгтӕ сауджынтӕ кӕй уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы хъотырджынтӕн загъта, цӕмӕй сӕхи сауджынӕн фенын кодтаиккой (Мф 8:4; Мч 1:44). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу сауджын хъуамӕ сбӕрӕг кодтаид, хъотырджын йӕ низӕй сдзӕбӕх ӕви нӕ. Хъотырӕй чи сдзӕбӕх, уый ма-иу уый фӕстӕ хъуамӕ кувӕндонмӕ дӕр ацыдаид ӕмӕ-иу нывӕндтӕ ӕрхастаид (Лв 14:2–32).

(Лукайы 17:15, 16) Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх, уый куы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхт, Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кӕнгӕйӕ. 16 Ӕмӕ Йесойы раз дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнын райдыдта. Уыцы лӕг та уыд самариаг.

(Лукайы 17:17, 18) Уӕд Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? 18 Ацы ӕндӕрбӕстаджы йеддӕмӕ куыд ничи раздӕхт ӕмӕ Хуыцауы куыд ничи скадджын кодта?».

w08 1/10 22 ф., 8 абз. – 23 ф., 1 абз.

Бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Цымӕ иннӕтӕ бузныг кӕй нӕ загътой, уый Чырысти нӕ бафиппайдта? Библийы дарддӕр кӕсӕм: «Уӕд Йесо загъта: „Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? Ацы ӕндӕрбӕстаджы йеддӕмӕ куыд ничи раздӕхт ӕмӕ Хуыцауы куыд ничи скадджын кодта?“» (Лукайы 17:17, 18).

Уыцы фараст хъотырджыны ӕвзӕр адӕм нӕ уыдысты. Гыццыл раздӕр уыдон Чырыстийыл баууӕндыдысты ӕмӕ сын цы загъта, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ Иерусалиммӕ ацыдысты, цӕмӕй сауджынтӕн сӕхи фенын кодтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо сын цы хорздзинад сарӕзта, уымӕн саргъ кодтой, фӕлӕ йын йӕхицӕн бузныг нӕ загътой ӕмӕ йын уый хъыг уыди. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Исчи нын исты хорздзинад куы ракӕны, уӕд ын бузныг фӕзӕгъӕм, ӕмӕ фадат куы вӕййы, уыд ын писмо ныффыссӕм?

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 17:7–10) Искӕмӕн уӕ йӕ цагъар хуым куы кӕна кӕнӕ фос куы хиза ӕмӕ быдырӕй куы ӕрбаздӕха, уӕд ын цымӕ афтӕ зӕгъдзӕн: «Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынгыл ӕрбад»? 8 Нӕ, уый йын зӕгъдзӕн: „Ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ уӕлӕ раздарӕн ӕрбакӕн ӕмӕ, цалынмӕ ӕз фынгыл бадон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн, уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕрбаддзынӕ“. 9 Цы йын бафӕдзӕхста, уый кӕй бакодта, уый тыххӕй дзы, мыййаг, бузныг фӕуыдзӕн? 10 Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: «Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 17:10 стихмӕ

ницӕйаг Комкоммӕ «пайда кӕмӕй нӕй; стыр аргъ кӕмӕн нӕй». Чырыстийы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ цагъартӕ – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ – хъуамӕ сӕхи нымайой, пайда кӕмӕй нӕй кӕнӕ стыр аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймӕгтыл. Контекстмӕ гӕсгӕ, дзырд «ницӕйаг» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цагъартӕ хъуамӕ бонзонгӕ уыдаиккой ӕмӕ сӕхицӕн, цы кад сӕм ӕмбӕлд, уымӕй фылдӕр ма домдтаиккой. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: «Мах стӕм, уӕлдай кад кӕмӕ не ’мбӕлы, ахӕм цагъартӕ».

(Лукайы 18:8) Зӕгъын уын: уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 18:8 стихмӕ

уырнындзинад Кӕнӕ «ахӕм уырнындзинад». Грекъаг тексты дзырд «уырнындзинад» куыд фыст у, уымӕй бӕрӕг у, Чырысти ӕнӕуи уырнындзинады кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ бӕлвырд адӕймаджы уырнындзинады кой – йӕ фӕсномыг ныхасы идӕдз сылгоймагмӕ цы уырнындзинад уыд, уый кой (Лк 18:1–8). Ахӕм уырнындзинад кӕмӕ ис, уый нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъусдзӕн ӕмӕ йе ’взӕрст адӕмы тыххӕй алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Чырысти ацы фарстайӕн дзуапп уый тыххӕй нӕ радта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ахъуыды кодтаиккой, сӕ уырнындзинад фидар уыд ӕви нӕ. Гыццыл раздӕр сын Чырысти дзырдта, фӕлварӕнтыл кӕй сӕмбӕлдзысты, ӕмӕ сын ацы фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, ахсджиаг кӕй у кувын, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уа (Лк 17:22–37).

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 18:24–43) Йесо йӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын! 25 Хъӕздыгӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у». 26 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ ма уӕд чи фервӕздзӕн?» 27 Уый сын дзуапп радта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон». 28 Ӕмӕ йын уӕд Петр загъта: «Ӕмӕ мах, цы нӕм уыд, уыдон нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм?» 29 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууагъта, 30 уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ абон бирӕ фылдӕр чи не ссара, фидӕны та – ӕнусон цард». 31 Уӕд йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы иуварс акодта ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ, Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн. 32 Ратдзысты йӕ ӕндӕр адӕмты къухмӕ, ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты, алы ӕфхӕрӕн митӕ йын фӕкӕндзысты ӕмӕ йыл фӕтутӕ кӕндзысты, 33 стӕй йӕ ехсӕй фӕнӕмдзысты ӕмӕ йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». 34 Фӕлӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр нӕ бахъардтой. Цӕуыл дзырдта, уый сын ӕргом нӕ уыд, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрстой. 35 Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд уым фӕндаггӕрон бадт, куырм чи уыд, иу ахӕм мӕгуыргур. 36 Йӕ цурты цӕуӕг адӕмы хъӕлӕба куы фехъуыста, уӕд сӕ афарста, цы хабар у, зӕгъгӕ. 37 Ӕмӕ йын загътой: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы!» 38 Уый фехъусгӕйӕ, уыцы лӕг ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 39 Ӕмӕ йыл уӕд, разӕй чи цыд, уыдон схъӕртӕ кодтой, басабыр у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын райдыдта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 40 Уӕд Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, ӕрбакӕнут-ма мӕм ӕй, зӕгъгӕ. Куы йӕм ӕрбацыд, уӕд ӕй бафарста: 41 «Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Уый йын дзуапп радта: «Хицау, мӕ цӕстырухс мын раздах». 42 Гъемӕ йын Йесо загъта: «Цӕстӕй ракӕс. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». 43 Ӕмӕ лӕг уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ, Хуыцауы кадджынгӕнгӕ, йӕ фӕдыл ацыд. Ӕмӕ адӕм уый куы федтой, уӕд уыдон дӕр иууылдӕр Хуыцауы скадджын кодтой.

13–19 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 19, 20

«Дӕс минӕйы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?»

(Лукайы 19:12, 13) «Гъемӕ сын загъта: «Кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕг цыди дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид. 13 Ӕмӕ йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, радта сын дӕс минӕйы ӕмӕ сын загъта: „Ме ссыдмӕ сӕ спайда кӕнут“».

jy 232 ф., 2–4 абз.

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

Йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕг цыди дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид» (Лукайы 19:12). Ахӕм дард балцӕн рӕстӕг хъуыди. Цы бамбарын ӕй хъӕуы, «кадджын мыггагӕй чи уыд» ӕмӕ «дард бӕстӕм», ома уӕлӕрвтӕм, чи ацыд, уыцы лӕг Йесо кӕй у. Уым ын хъуамӕ йӕ Фыд паддзахы бартӕ радтаид.

Фӕсномыг ныхасы, «кадджын мыггагӕй чи уыд», уыцы лӕг цалынмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, алкӕмӕн дӕр дзы фӕйнӕ ӕвзист минӕйы радта ӕмӕ сын загъта: «Ме ссыдмӕ сӕ спайда кӕнут» (Лукайы 19:13). Ӕвзист минӕ гыццыл ӕхца нӕ уыди. Зӕхкусӕджы-иу ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр хъуыди кусын, цӕмӕй-иу иу минӕ бакуыстаид.

Ахуыргӕнинӕгтӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, уыцы дӕс цагъары хуызӕн кӕй сты – Йесо сӕ хуымы кусджытимӕ уымӕй размӕ дӕр абарста (Матфейы 9:35–38). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо сын мӕнӕуы хуымтӕ не ’фснайын кодта. Уыдон хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой иннӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ бацыдаиккой. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ исбон, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады бындартӕ фылдӕр кодтаиккой.

(Лукайы 19:16–19) Сӕ иу ӕм ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Хицау, дӕ минӕйӕ дын дӕс минӕйы бакуыстон». 17 Уый та йын загъта: „Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй кӕй равдыстай, уый тыххӕй дӕ ӕвӕрын дӕс горӕты сӕргъы“. 18 Уӕд та йӕм бацыд иннӕ цагъар ӕмӕ йын загъта: „Хицау, дӕ минӕйӕ дын фондз минӕйы бакуыстон“. 19 Ӕмӕ уымӕн дӕр загъта: «Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз горӕтӕн».

jy 232 ф., 7 абз.

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой, уыцы цагъартау ног ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы архайой, уӕд сӕ Йесо райгонд кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ фадӕттӕ иухуызон не сты, стӕй алцӕмӕ иухуызон нӕ арӕхсынц. Фӕлӕ уӕддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый Паддзах Йесойӕ рох нӕу, ӕмӕ сын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Матфейы 28:19, 20).

(Лукайы 19:20–24) Ӕрбацыд ма йӕм цагъартӕй ноджыдӕр иу, ӕмӕ йын уый та загъта: «Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон. 21 Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттыс, уымӕй дӕр дӕхион ратоныс, ӕмӕ, цы нӕ байтауыс, уый дӕр ӕркӕрдыс». 22 Уӕд ын уый загъта: „О ӕвзӕр цагъар, дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн. Зӕгъыс, ды зыдтай, ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттын, уымӕй дӕр мӕхион ратонын, ӕмӕ, цы нӕ байтауын, уый дӕр ӕркӕрдын? 23 Ӕмӕ мын уӕд ме ’взист ӕхца ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цӕуылнӕ радтай? Уӕд ӕй, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, проценттимӕ райстаин“. 24 Уый фӕстӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн».

jy 233 ф., 1 абз.

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

Уыцы цагъар йӕ хицауы паддзахады хъӕздыгдзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕныныл кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй йын йӕ минӕ байстой. Апостолтӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йесо Хуыцауы Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уымӕ. Уӕдӕ Йесо фӕстаг цагъары тыххӕй цы загъта, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, зӕрдиагӕй куы нӕ архайой, уӕд уыцы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 19:43) Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бон акӕндзӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ дӕ алыварс цыргъ хъӕдтӕй къул сараздзысты, ӕртыхсдзысты дыл ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрӕлхъивдзысты.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 19:43 стихмӕ

цыргъ хъӕдтӕй къул Кӕнӕ «быру». Чырыстон Грекъаг Фыстыты грекъаг дзырд ха́ракс ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр ацы стихы ӕмӕ амоны «цыргъ хъӕдтӕй къул», стӕй ма «ӕфсӕддонтӕ хъӕдтӕй цы фидӕрттӕ арӕзтой, уый; кӕнӕ быру». Чырыстийы ныхӕстӕ сӕххӕст сты нӕ эрӕйы 70 азы, ромаг ӕфсӕддонтӕ, сӕ сӕргъы Тит, афтӕмӕй Иерусалимы алыварс цыргъ хъӕдтӕй къул кӕнӕ быру куы сарӕзтой, уӕд. Титӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ горӕтӕй ма алыгъдаиккой, горӕт тагъддӕр бацахстаид ӕмӕ цӕмӕй горӕты цӕрджытӕ ӕнӕ хӕринагӕй стыхстаиккой ӕмӕ сӕхи ромӕгты къухмӕ радтаиккой. Уыцы къул саразыны тыххӕй ромаг ’фсӕддонтӕ акалдтой, Иерусалимы алыварс цы бӕлӕстӕ уыд, уыдон иууылдӕр.

(Лукайы 20:38) Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 20:38 стихмӕ

уымӕн иууылдӕр удӕгас сты Кӕнӕ «йӕ цӕсты иууылдӕр удӕгас сты». Библийӕ бӕрӕг у, удӕгас чи у, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдон йӕ цӕсты мард кӕй сты (Еф 2:1; 1Тм 5:6). Фӕлӕ, мӕрдвынӕй чи баци, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйӕн удӕгас сты, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг райгас кӕндзӕн (Ро 4:16, 17).

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 19:11–27) Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдӕттӕм куы хъуыстой, уӕд ма сын радзырдта фӕсномыг ныхас дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ бирӕ нал хъуыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Иерусалиммӕ куы бацӕуа, Хуыцауы паддзахад растдӕр уӕд кӕй раргом уыдзӕн. 12 Гъемӕ сын загъта: «Кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕг цыди дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид. 13 Ӕмӕ йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, радта сын дӕс минӕйы ӕмӕ сын загъта: „Ме ссыдмӕ сӕ спайда кӕнут“. 14 Фӕлӕ дзы йе ’мбӕстӕгтӕ уыдтой се сӕфт, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕртты арвыстой, нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзах уа, зӕгъгӕ. 15 Уыцы лӕг паддзахы бартӕ куы райста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд фӕдзурын кодта, ӕвзист ӕхцатӕ кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм, цӕмӕй сӕ чи цас бакуыста, уый базыдтаид. 16 Сӕ иу ӕм ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, дӕ минӕйӕ дын дӕс минӕйы бакуыстон“. 17 Уый та йын загъта: „Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй кӕй равдыстай, уый тыххӕй дӕ ӕвӕрын дӕс горӕты сӕргъы“. 18 Уӕд та йӕм бацыд иннӕ цагъар ӕмӕ йын загъта: „Хицау, дӕ минӕйӕ дын фондз минӕйы бакуыстон“. 19 Ӕмӕ уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз горӕтӕн“. 20 Ӕрбацыд ма йӕм цагъартӕй ноджыдӕр иу, ӕмӕ йын уый та загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон. 21 Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттыс, уымӕй дӕр дӕхион ратоныс, ӕмӕ, цы нӕ байтауыс, уый дӕр ӕркӕрдыс“. 22 Уӕд ын уый загъта: „О ӕвзӕр цагъар, дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн. Зӕгъыс, ды зыдтай, ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цы нӕ раттын, уымӕй дӕр мӕхион ратонын, ӕмӕ, цы нӕ байтауын, уый дӕр ӕркӕрдын? 23 Ӕмӕ мын уӕд ме ’взист ӕхца ӕхцайы куыстгӕнджытӕм цӕуылнӕ радтай? Уӕд ӕй, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, проценттимӕ райстаин“. 24 Уый фӕстӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“. 25 Фӕлӕ йын уыдон загътой: „Хицау, ӕмӕ уымӕ дӕс минӕйы куы ис!“– 26 „Зӕгъын уын: кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты. 27 Ме знӕгты та, кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын паддзах уон, уыдоны ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».

20–26 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 21, 22

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»

(Лукайы 21:25) Стӕй уӕд адӕм уындзысты ӕнахуыр диссӕгтӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл. Зӕххыл та адӕм хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ абухгӕ денджызы хъӕрӕй сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты.

kr 254 ф., 9 абз.

Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн

9 Арвыл фенӕн уыдзӕн ӕнахуыр хабӕрттӕ. Йесо загъта: «Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, стъалытӕ арвӕй ӕрхаудзысты». Бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕм дины разамонджытӕм, кӕй сын рухс кӕндзысты, ома сын разамынд кӕй дӕтдзысты, уымӕ нал ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты. Мыййаг, Йесо уый кой дӕр кодта, ӕмӕ арвыл ӕцӕгӕй цавӕрдӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ уыдзӕн фенӕн? Чи зоны, о (Ис. 13:9–11; Иоил 2:1, 30, 31). Адӕм уыдӕттӕ куы уыной, уӕд куыд кӕндзысты? «Хъизӕмар кӕндзысты», уымӕн ӕмӕ «сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты» (Лук. 21:25; Соф. 1:17). Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ иууылдӕр – паддзахӕй-цагъарӕй – «фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты» ӕмӕ ӕмбӕхсӕн агурдзысты. Фӕлӕ, нӕ Паддзахы судзгӕ мастӕй кӕм бамбӕхсой, ахӕм ӕдас бынат не ссардзысты (Лук. 21:26; 23:30; Рарг. 6:15–17).

(Лукайы 21:26) Ӕмӕ адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты.

(Лукайы 21:27, 28) Ӕмӕ уӕд фендзысты Адӕймаджы Фырты мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ. 28 Фӕлӕ ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг.

bw566 10, 11 фф., 17 абз.

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут!

17 Ныфсджын ут. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:6.) Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр ныфсджын уыдзыстӕм. Ныфсджын куы уӕм, уӕд нӕ къухтӕ никуы ’руадздзыстӕм. Ахӕм зондахаст нын куы уа, уӕд не ’мчырыстӕтты дӕр нӕ бон уыдзӕн фидар кӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, ӕцӕгдӕр сӕ ӕфсымӕртау кӕй уарзӕм (1 Фес. 5:14, 15). Суанг стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр нӕ бон уыдзӕн размӕ ныфсджынӕй кӕсын, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, нӕ ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕстӕг (Лук. 21:25–28).

bw560 17 ф., 13 абз.

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!

13 Сӕгътӕ куы бамбарой, мӕлӕты тӕрхон хаст сын кӕй ӕрцыд, уӕд куыд кӕндзысты? Уыдон «ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты» (Матф. 24:30). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыцы чырыстӕттӕ архайдзысты Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ: «Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 21:33) Арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ ӕрцӕудзысты.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 21:33 стихмӕ

Арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой Библийы ӕндӕр стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй арв ӕмӕ зӕхх уыдзысты ӕнустӕм (Рд 9:16; Пс 104:5; Ек 1:4). Уӕдӕ Чырыстийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ гӕнӕн цӕмӕн нӕй, уый куы ’рцӕуа, ӕмӕ арв дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр куы нал уой, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты. (Абар Мф 5:18.) Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы стихы комкоммӕ арв ӕмӕ зӕххы кой нӕ цӕуы, фӕлӕ Рар 21:1 стихы цы «раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕххы» тыххӕй ис фыст, уый кой.

(Лукайы 22:28–30) Фӕлӕ сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ. 29 Ӕмӕ ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд паддзахады тыххӕй, афтӕ, 30 цӕмӕй мӕ паддзахады мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат.

bw551 16, 17 фф., 15, 16 абз.

Сымах суыдзыстут «сауджынты паддзахад»

15 Чырысти Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уый фӕстӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтимӕ скодта бадзырд – Паддзахады тыххӕй бадзырд. (Бакӕс Лукайы 22:28–30.) Иннӕ бадзырдтӕй уӕлдай ацы бадзырд Йегъовӕ не скодта. Паддзахады тыххӕй бадзырд арӕзт ӕрцыд Йесо ӕмӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн. Йесо афтӕ куы загъта, «мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд», зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта, «Мелхиседекы хуызӕн сауджын» кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл Йегъовӕ йемӕ цы бадзырд скодта, уый тыххӕй (Дзут. 5:5, 6).

16 Йесойӕн йӕ 11 иузӕрдион апостолы «[йӕ] фӕлварӕнты рӕстӕг уыдысты [йӕ] фарсмӕ». Ӕмӕ сын Паддзахады тыххӕй бадзырд бар лӕвӕрдта, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ суыдаиккой. Фӕлӕ уыцы кад ӕрмӕст 11 апостолмӕ не ’рхауд. Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уый фӕстӕ апостол Иоанмӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ загъта: «Уӕлахиздзауы мемӕ мӕ паддзахбадӕныл ӕрбадын кӕндзынӕн, ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ мӕ Фыдимӕ йӕ паддзахбадӕныл куыд ӕрбадтӕн, афтӕ» (Рарг. 3:21). Уӕдӕ Паддзахады тыххӕй бадзырд арӕзт ӕрцыд 144 000 сӕрст чырыстонимӕ (Рарг. 5:9, 10; 7:4). Уыцы бадзырд сын дӕтты Йесоимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕныны бар. Сӕрст чырыстӕтты абарӕн ис, паддзахимӕ фидыд чи у, ахӕм чызгимӕ – паддзахы бинойнаг куы свӕййы, уӕд уымӕн дӕр бар вӕййы, цӕмӕй хицауиуӕг кӕна. Ӕмӕ Библи дӕр сӕрст чырыстӕтты хоны Йесойы «чындз», Чырыстиимӕ фидыд чи у, уыцы «ӕнӕцыд чызг» (Рарг. 19:7, 8; 21:9; 2 Кор. 11:2).

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 22:35–53) Уый фӕстӕ сын ноджыдӕр загъта: «Ӕнӕ ӕхцадонӕй, ӕнӕ хызын ӕмӕ уӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй куы арвыстон, уӕд, мыййаг, истӕмӕй цух ӕййӕфтат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй!» 36 Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцадон кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ райсӕд, афтӕ хызын дӕр. Хъама кӕмӕ нӕй, уый та йӕ уӕлӕдарӕс ауӕй кӕнӕд ӕмӕ дзы хъама балхӕнӕд. 37 Зӕгъын уын: фыст цы у, уый хъуамӕ мӕныл сӕххӕст уа, ома, „фыдгӕнӕгыл ӕй банымадтой“, уымӕн ӕмӕ, мӕн тыххӕй фыст цы у, уый ныртӕккӕ ӕххӕст кӕны». 38 Уӕд ын уыдон афтӕ бакодтой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ хъамайы!» Уый та сын загъта: «Фаг сты». 39 Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд та иннӕ хӕттытау араст Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм. Йӕ фӕдыл ацыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. 40 Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат». 41 Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уыйбӕрц ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта: 42 «Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». 43 Уӕд ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта. 44 Ӕмӕ хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувын райдыдта, ӕмӕ йӕ хид туджы хуызӕн сси ӕмӕ зӕхмӕ тагъд. 45 Куывд куы фӕци, уӕд сыстад, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ фынӕйӕ баййӕфта – маствӕллад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сыл хуыссӕг фӕтых. 46 Ӕмӕ сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат». 47 Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбазындысты адӕм, сӕ разӕй – Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Уый бацыд Йесомӕ, цӕмӕй йын апъа кодтаид. 48 Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фырты пъайӕ уӕй кӕныс?» 49 Йемӕ чи уыд, уыдон, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый куы бамбӕрстой, уӕд загътой: «Хицау, хъамайӕ сӕ цӕвӕм?» 50 Ӕмӕ дзы сӕ иу хъамайӕ хистӕр сауджыны цагъары цӕвгӕ дӕр ӕркодта ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. 51 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ӕрлӕуут!» Ӕмӕ цагъары хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. 52 Стӕй, йе ’рцахсынмӕ чи ’рбацыд, уыцы сауджынты хистӕртӕн, кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕртӕн ӕмӕ хистӕр лӕгтӕн загъта: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут? 53 Алы бон уемӕ кувӕндоны куы уыдтӕн ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у ӕмӕ бартӕ талынджы къухы сты».

27 АВГУСТЫ – 2 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 23, 24

«Иннӕтӕн хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ у»

(Лукайы 23:34) Фӕлӕ Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц». Стӕй йын йӕ дарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой, кӕмӕ дзы цы ’рхаудзӕн, зӕгъгӕ.

w94-U 15/9 7 ф., 7 абз.

Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Ахъуыды-ма кӕн, Чырысти, цы бон хъуамӕ амардаид, уыцы бон цас цӕуылдӕрты мӕт кодтаид. Уый хъуыды кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтыл, хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр та – Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куыд баззадаид, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр хъизӕмӕртты хъӕдыл куы удхар кодта, уӕд цы дзырдта? Йӕ фӕстаг ныхӕстӕй иутӕ уыдысты: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн» (Лукайы 23:34). Кӕрӕдзийӕн зӕрдиагӕй куы хатыр кӕнӕм, уӕд Чырыстийы фӕзмдзыстӕм.

(Лукайы 23:43) Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты».

g-U 2/08 11 ф., 5, 6 абз.

Хуыцау стыр тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны?

Йегъовӕ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕ тӕригъӕдтӕ нӕ фӕуыны, фӕлӕ ма йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр (Исай 1:16–19). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырыстийы фарсмӕ цы дыууӕ фыдгӕнӕджы байтыгътой, уыдоны. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ дыууӕ дӕр стыр тӕригъӕдтӕ ракодтой, уымӕн ӕмӕ дзы иу загъта: «Махӕн афтӕ хъуыди, нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нын цы ’мбӕлд, уый нын бакодтой, ацы адӕймаг та [Чырысти] ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Чырыстийы тыххӕй кӕй фехъуыста ӕмӕ, цы базыдта, уый йын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зондахаст аивта. Уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ Чырыстийӕн цы загъта, уымӕй: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Цымӕ йын Чырысти цавӕр дзуапп радта? Уый загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:41–43).

Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бӕрӕг у, йӕхи мӕлӕты аккагыл чи нымадта, уыцы адӕймагӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырысти ӕмӕ йӕ Фыд, Йегъовӕ, фӕтӕригъӕд кӕндзысты, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн, кӕд цыфӕнды стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 4:7).

(Лукайы 24:34) Уыдон загътой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!».

w10 1/4 25 ф., 1, 2 абз.

Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг

Цымӕ Петры бауырныдта, Чырысти кӕй райгас, уый? Фыццаг нӕ, кӕд сылгоймӕгтӕ апостолтӕн фехъусын кодтой, зӕдтӕ сӕм кӕй фӕзындысты ӕмӕ сын кӕй загътой, Йесо кӕй райгас, уӕддӕр (Лукайы 23:55–24:11). Фӕлӕ уыцы бон изӕрырдӕм Петры мастӕн ӕмӕ дызӕрдыггаг хъуыдытӕн сӕ кой дӕр нал уыд. Чырысти ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ ныр у зӕд! Цалынмӕ Йесо апостолтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр нӕ фӕзынд, уӕдмӕ уал сарӕзта иу ахсджиаг хъуыддаг. Уыцы бон апостолтӕ загътой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!» (Лукайы 24:34). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр загъта, Чырысти кӕй «фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:5). Петры ма хуыдтой Кифӕ ӕмӕ Симон дӕр. Уӕдӕ уал Чырысти фыццаг фӕзынд Петрмӕ.

Библийы фыст не ’рцыд, Чырысти Петрмӕ куы фӕзынд, уӕд кӕрӕдзийӕн цы загътой, уый. Фӕлӕ ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, Петрӕн куыд ӕхсызгон уыдаид Йесойы фенын. Ӕвӕццӕгӕн ын загъта, йӕ рӕдыдыл тынг кӕй фӕсмон кӕны. Уыцы рӕстӕг Петрӕн йӕ царды стырдӕр бӕллиц уыди, Чырысти йын куы ныххатыр кодтаид, уый. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йесо йын зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чи фӕрӕдийы, уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой Петры хабар. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Хуыцау никуы ныххатыр кӕндзӕн. Чырысти ныххатыр кодта Петрӕн, ӕмӕ уымӕй бафӕзмыдта йӕ Фыды. Хуыцауы тыххӕй та Библийы фыст ис, «зӕрдиагӕй [кӕй] хатыр кӕны» (Исай 55:7).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 23:31) Уымӕн ӕмӕ, кӕд удӕгас бӕласӕн кӕнынц афтӕ, уӕд цымӕ, куы бахус уа, уӕд та цы уыдзӕн?

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 23:31 стихмӕ

кӕд удӕгас бӕласӕн... куы бахус уа, уӕд Ам Чырысти, ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгты кой кодта. Уыцы адӕм уыдысты, бынтон чи нӕ бахус, ахӕм бӕласы хуызӕн. Уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты ’хсӕн уыд Чырысти ӕмӕ йыл чи баууӕндыд, уыдон. Фӕлӕ тагъд хъуамӕ Чырыстийы амардтаиккой, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион дзуттӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаиккой ӕмӕ Хуыцауы Израил суыдаиккой (Ро 2:28, 29; Га 6:16). Уӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйы цӕсты уыдаиккой, чи бахус, ахӕм мард бӕласы хуызӕн (Мф 21:43).

(Лукайы 23:33) Ӕмӕ, Сӕрыкӕхц кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым Йесойы дӕр ӕмӕ уыцы дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр хъӕдтыл байтыгътой – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс.

nwtsty, нывтӕ

Зӕгӕл адӕймаджы зӕвӕты стӕджы

Ацы къамы ӕвдыст у адӕймаджы зӕвӕты стӕг. Стӕджы ахызт 11,5 см дӕргъӕн ӕфсӕйнаг зӕгӕл. (Кӕс mwb17.12 5.) Уыцы стӕг археологтӕ ссардтой 1968 азы цӕгат Иерусалимы, ӕмӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хауы Ромы паддзахады рӕстӕгмӕ. Археологтӕ ахӕм стӕг кӕй ссардтой, уымӕй бӕлвырд кӕны, мӕлӕты тӕрхон-иу кӕмӕн рахастой, уыцы адӕймаджы-иу хъӕдын цӕджындзмӕ зӕгӕлтӕй кӕй ныххуыдтой. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо Чырыстийы дӕр Ромы ӕфсӕддонтӕ хъӕдмӕ ахӕм зӕгӕлтӕй ныххуыдтой. Къамы цы стӕг ис, уый ссардтой дурӕй конд гыццыл чырыны – мардӕн-иу йӕ буар куы бамбыд, уӕд-иу ын йе стджытӕ нывӕрдтой ахӕм чырыны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыдонӕй-иу кӕйдӕрты уый фӕстӕ бавӕрдтой.

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 23:1–16) Уӕд иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ Йесойы Пилатмӕ акодтой. 2 Ӕмӕ йӕ уым райдыдтой аххосджын кӕнын: «Ацы лӕг нын нӕ адӕмы сафы, нӕ уадзы паддзахӕн хъалон фидын, йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах». 3 Уӕд ӕй Пилат бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс». 4 Ӕмӕ уӕд Пилат сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». 5 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕхи дзырд кодтой: «Адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сӕ змӕнты ӕгас Иудейӕйы дӕр – Галилейӕйӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг». 6 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд сӕ афарста, ацы лӕг галилейаг у, зӕгъгӕ. 7 Ӕмӕ, Ироды дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕйӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд ӕй уымӕ арвыста – уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Иерусалимы уыд. 8 Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта – рагӕй бӕллыд йӕ фенынмӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ кой хъуыста ӕмӕ йӕ ныфс уыд, исты диссаг кӕй сараздзӕн. 9 Ӕмӕ йӕ райдыдта бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕрсын, фӕлӕ йын уый дзуапп нӕ лӕвӕрдта. 10 Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ та-иу сыстадысты ӕмӕ йӕ уыцы мӕстыйӕ алыхуызон хъуыддӕгты аххосджын кодтой. 11 Уӕд ын Ирод йӕ хъахъхъӕнджытимӕ райдыдта алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕнын, скодта йыл хъӕздыг дарӕс ӕмӕ дзы хынджылӕг кодта. Стӕй йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. 12 Ӕмӕ уыцы бон Ирод ӕмӕ Пилат балымӕн сты, афтӕмӕй та уӕдмӕ знӕгтӕ уыдысты. 13 Уый фӕстӕ Пилат фӕсидт сауджынты хистӕртӕм, адӕмы разамонджытӕм ӕмӕ адӕммӕ 14 ӕмӕ сын загъта: «Ацы лӕджы мӕм ӕрбакодтат, адӕмы, дам, хицауады ныхмӕ ардауы. Ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уӕ разы ӕрфарстон, фӕлӕ йӕ цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон. 15 Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта, мӕнӕ нӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрбарвыста. Уӕдӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахӕссон, ахӕмӕй ницы сарӕзта. 16 Гъемӕ йӕ бафхӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын