Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 мартъи 1–12 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 4–10 МАРТЪИЙЫ
  • 11–17 МАРТЪИЙЫ
  • 18–24 МАРТЪИЙЫ
  • 25–31 МАРТЪИЙЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 мартъи 1–12 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

4–10 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 12–14

«Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?»

(Ромӕгтӕм 12:10) Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд.

it-U «Привязанность»

Ӕнувыддзинад

Ӕфсымӕртау уарзын (грекъ. филаделфи́а, комк. «ӕфсымӕры уарзын»). Ӕмбырды чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕрӕдзи ахӕм уарзтӕй уарзой (Ро 12:10; Дзт 13:1; кӕс ма 1Пт 3:8). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иу бинонтау хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Кӕд ӕмбырды чырыстӕттӕ ӕнӕуи дӕр кӕрӕдзи уарзынц, уӕддӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ уарзондзинад ноджы тыхджындӕр уа (1Фс 4:9, 10).

Грекъаг дзырд фило́сторгос нысан кӕны «фӕлмӕн уарзтӕй уарзын» ӕмӕ дзы фӕпайда кӕнынц, адӕймаг кӕимӕдӕр хӕларӕй ӕмӕ адджынӕй куы фӕцӕры, уый кой куы фӕкӕнынц, уӕд. Ацы дзырд у дыууӕ хайӕ конд. Йӕ иу хай, сте́рго, арӕх фӕамоны, бинонтӕ кӕрӕдзи куыд фӕуарзынц, уымӕ. Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ахӕм уарзондзинад ӕвдыстаиккой (Ро 12:10). Павел дзырдта, фӕстаг бонты бинонты ’хсӕн уарзондзинад кӕй нал уыдзӕн (грекъ. а́сторгой) ӕмӕ ахӕм адӕм мӕлӕты аккаг кӕй сты (2Тм 3:3; Ро 1:31, 32).

(Ромӕгтӕм 12:17–19) Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый. 18 Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. 19 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ».

w09 15/10 8 ф., 3 абз.

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

3 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17. Павел загъта, зӕгъгӕ нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд хъуамӕ нӕ масты фӕдыл ма цӕуӕм. Ацы ныхӕстӕ уӕлдай тынгдӕр сӕ зӕрдыл хъуамӕ дарой, иу диныл хӕст чи нӕу, ахӕм бинонтӕ. Чырыстон адӕймагӕн йӕ цардӕмбал исты схуыст ныхас куы фӕзӕгъы кӕнӕ та йӕ ӕндӕр искуыд куы бафхӕры, уӕд уый йӕхиуыл фӕхӕцы, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ мацы сдзура. Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй куы фида, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Уый уыдзӕн, раст артыл сугтӕ куыд баппарай, уыйау.

w07 1/7 24, 25 фф., 12, 13 абз.

«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут»

12 Не ’муырнджытӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Павел дарддӕр фӕдзӕхсы: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут». Афтӕ кӕнын раст кӕй у, уый зыны, раздӕр цы загъта, уымӕй: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг куыд хъуамӕ зӕгъа, ӕвзӕрдзинадӕй кӕнӕ фыддзинадӕй ме сӕфт уынын, зӕгъгӕ, кӕд иннӕтӕн фыддзинад фыддзинадӕй фиды, уӕд? Афтӕ чи кӕны, уымӕн йӕ уарзт «ӕнӕхин» нӕу. Дарддӕр Павел дзуры: «Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:9, 17). Куыд ӕххӕст кӕнӕм ацы ныхӕстӕ?

13 Раздӕр, Павел коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым кодта, апостолтӕ цы ӕфхӕрдтытӕ баййӕфтой, уый кой: «Ӕгас дуне [нӕм], зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр, кӕсынц диссагмӕ кӕсӕгау... Ӕлгъитынц нӕ – мах сын арфӕ кӕнӕм, ӕфхӕрынц нӕ – уӕддӕр быхсӕм; нӕ фыдкой кӕнынц – уӕддӕр семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм» (1 Коринфӕгтӕм 4:9–13). Афтӕ кӕсынц абон дӕр ацы дунейы адӕм ӕцӕг чырыстӕттӕм. Рӕстӕй нӕ куы ӕфхӕрой, уӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый уынгӕйӕ, нӕ алыварс чи ис, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорз хабармӕ хуыздӕр байхъусой (1 Петры 2:12).

(Ромӕгтӕм 12:20, 21) Фӕлӕ «де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ». 21 Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн.

w12 15/11 29 ф., 13 абз.

Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут

13 Не ’мчырыстон чи нӕу, ахӕм адӕймаг дӕ куы бафхӕра, уӕддӕр ын, гӕнӕн ис, баххуыс кӕнай Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр базонынӕн. Апостол Павел ныффыста: «„Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ“. Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:20, 21). Адӕм демӕ тызмӕгӕй куы дзурой, фӕлӕ ды уӕддӕр семӕ уӕздан куы уай, уӕд, гӕнӕн ис, цыфӕнды карз адӕймаджы зӕрдӕ дӕр ӕрфӕлмӕн кӕнай ӕмӕ ма йӕ хорз миниуджытӕ дӕр рабӕрӕг уой. Чи дӕ бафхӕрдта, уыцы адӕймаджы бамбарыныл куы бацархайай, дӕхи йӕ бынаты куы сӕвӕрай, фӕлмӕнзӕрдӕ йӕм куы уай, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Куыдфӕнды ма уа, адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, дӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй хъуыдытыл бафтауай (1 Пет. 2:12; 3:16).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 12:1) Гъемӕ уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый номӕй уын лӕгъстӕ кӕнын: уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – лӕггад ын кӕнут, арф хъуыды кӕнут, афтӕмӕй.

lv 73, 74 фф., 5, 6 абз.

Куыд ис хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн?

5 Цыфӕнды ма аразӕм,– алцыдӕр баст у, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уыимӕ. Павелы фӕндыд, цӕмӕй иннӕ чырыстӕттӕ дӕр уыцы хабар ӕмбӕрстаиккой. Ӕмӕ йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм ныффыста, хъуыдытыл сӕ чи бафтыдтаид, ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – лӕггад ын кӕнут, арф хъуыды кӕнут, афтӕмӕй» (Ромӕгтӕм 12:1). Адӕймагӕн йӕ буармӕ хауы йӕ зонд, йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъарутӕ. Ӕмӕ мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй (Марчы 12:30). Ахӕм удуӕлдай лӕггад Павел схуыдта нывонд. Ацы ныхӕстӕй чырыстӕтты, зӕгъӕн ис, фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта. Моисейы закъоны куыд фыст уыд, афтӕмӕй, Хуыцауӕн-иу нывондӕн сахъат фос куы ’рхастой, уӕд-иу дзы райгонд нӕ уыд (Левит 22:18–20). Афтӕ у нӕ лӕггады хабар дӕр – кӕд нын дзы исты хъӕндзинад ис, уӕд дзы Хуыцау райгонд нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ афтӕ куыд рауайы?

6 Павел Ромы чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕ буӕрттӕ тӕригъӕды къухмӕ ма дӕттут». Стӕй ма сын загъта, зӕгъгӕ, «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ... марут» (Ромӕгтӕм 6:12–14; 8:13). Гыццыл раздӕр йӕ фыстӕджы ранымадта, ахӕм хъуыддӕгтӕм цы хауы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй ныффыста: «Сӕ дзыхӕй ӕлгъыст... йеддӕмӕ ницы цӕуы» (Ромӕгтӕм 3:13–18).Чырыстон адӕймаг тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы кӕна, уӕд ын йӕ буар «ӕнӕсахъат» схонӕн нал уыдзӕн. Дзырдӕн, кӕд порнографимӕ кӕнӕ, тыхми ӕмӕ алы ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕм февдисынц, ахӕм кинотӕм ӕмӕ передачӕтӕм кӕсы, уӕд йӕ цӕстытӕ дӕтты «тӕригъӕды къухмӕ» ӕмӕ афтӕмӕй йӕ буар ӕгасӕй дӕр чъизи кӕны. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы номыл цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ын Хуыцау йӕ нывонд сыгъдӕгыл нал нымайдзӕн ӕмӕ йын ӕй нал исдзӕн (Дыккаг закъон 15:21; 1 Петры 1:14–16; 2 Петры 3:11). Цӕй стыр аргъ бафидынц, ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ чи равзары, уыдон!

(Ромӕгтӕм 13:1) Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицаудзинад нӕй. Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты.

w08 15/6 31 ф., 4 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

13:1 – Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ хицӕуттӕн «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты»? Хицӕуттӕн «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты» уыцы хуызы, ӕмӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй хицауиуӕг кӕной. Иуӕй-иу хицӕутты тыххӕй рагацау зӕгъгӕ дӕр кодта. Уый бӕлвырд кӕнынц, Библийы иуӕй-иу хицӕутты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон.

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 13:1–14) Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицаудзинад нӕй. Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты. 2 Гъемӕ уӕдӕ, хицӕутты ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауы ныхмӕ. Ӕмӕ, афтӕ чи кӕны, уыдон ӕфхӕрд баййафдзысты. 3 Хицӕуттӕй тӕрсынц, хорздзинад чи аразы, уыдон нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдон. Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, ӕмӕ хицӕуттӕй ма тӕрсай, уӕд хорздзинад араз, ӕмӕ дӕ ӕппӕлдзысты, 4 уымӕн ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ кусынц дӕ пайдайӕн. Фӕлӕ кӕд ӕвзӕрдзинад аразыс, уӕд тӕрс, уымӕн ӕмӕ хъама дзӕгъӕлы нӕ хӕссынц. Уыдон сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, бафхӕрынц, ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдоны. 5 Уӕдӕ сӕ коммӕ хъуамӕ кӕсат ӕрмӕст бафхӕрыны тӕссӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй уӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй дӕр. 6 Ӕмӕ сымах хъалонтӕ дӕр уый тыххӕй фидут, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ – ӕдзухдӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд сты. 7 Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр дӕттут, цы йын ӕмбӕлы, уый: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн фиддон, тӕрсын кӕмӕй хъӕуы, уымӕй тӕрсут, кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уымӕн кад кӕнут. 8 Макӕмӕй мацы хӕс дарут. Ис уыл ӕрмӕстдӕр иу хӕс – кӕрӕдзи уарзын, уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта. 9 Мӕнӕ ацы фӕдзӕхстытӕн, зӕгъгӕ, «ма хӕт», «ма амар», «ма адав», «ма бабӕлл, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ», стӕй иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ хъуыды ацы ныхӕсты ис: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ». 10 Чи уарзы, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта. 11 Сымах зонут, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Ныр уыцы афон у, цӕмӕй райхъал уат, уымӕн ӕмӕ, уырнджытӕ куы систӕм, уымӕй ныр нӕ ирвӕзындзинад хӕстӕгдӕр у. 12 Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бонмӕ бирӕ нал хъӕуы. Ӕмӕ уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕ скӕнӕм рухсы хӕцӕнгӕрзтӕ. 13 Ӕмӕ, боныгон куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ӕнӕуаг цӕл-минасыл, стӕй уӕд фыднозтыл ма бафтӕм, мадӕр хӕтгӕ кӕнӕм, мадӕр хӕлд митӕ, стӕй хылтӕ ӕмӕ хӕлӕг дӕр ма кӕнӕм. 14 Фӕлӕ уӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скӕнут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы удыхъӕд ӕмӕ, тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕнат, ууыл ма хъуыды кӕнут.

11–17 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 15, 16

«Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фидардзинад ӕмӕ удӕнцой ратта»

(Ромӕгтӕм 15:4) Ӕмӕ, раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс.

w17.07 14 ф., 11 абз.

«Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут»

11 Йесо Лазӕрыл куыд тынг фӕмаст кодта, уый тыххӕй кӕм ис фыст, уыцы стихтӕй уӕлдай ма Хуыцауы Ныхасы ис бирӕ ӕндӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн стихтӕ. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ, «раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Кӕд дӕуӕн дӕр исчи фӕзиан, уӕд дын мӕнӕ ацы стихтӕ дӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр кӕндзысты:

▪ «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:18, 19).

▪ «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19).

▪ «Ӕмӕ уын уадз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцау, мах чи бауарзта ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхы фӕрцы ӕнӕкӕрон удӕнцой ӕмӕ диссаджы ныфс чи радта, уыцы Хуыцау, уӕ зӕрдӕтӕ барӕвдауӕнт ӕмӕ уӕ бафидар кӕнӕнт» (2 Фес. 2:16, 17).

(Ромӕгтӕм 15:5) Уӕдӕ уын, фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн куыд хъуыды кӕнат,

w16.04 14 ф., 5 абз.

«Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ»

5 Йегъовӕйӕ хъарутӕ кур. Йегъовӕ у, «фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау» (Ром. 15:5). Нӕ уавӕр нын ӕппӕты хуыздӕр Йегъовӕ ӕмбары. Ныртӕккӕ цы уавӕры стӕм, стӕй цы уавӕрты схъомыл стӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ кӕронмӕ уый йеддӕмӕ ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Библийы кӕсӕм: «Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Пс. 145:19).

(Ромӕгтӕм 15:13) Уӕдӕ уын ныфсдӕттӕг Хуыцау, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы уӕ ныфс фидар уа.

w14 15/6 14 ф., 11 абз.

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз»

11 Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы «нӕ зӕрдӕтӕ йедзаг сты цин ӕмӕ фарнӕй» (Ром. 15:13). Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый руаджы нӕ бон вӕййы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй куы зӕгъӕм, уӕд уыдонӕн ис ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (Рарг. 2:10). Иннӕ иузӕрдион чырыстӕттӕн та ныфс ис, ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты (Лук. 23:43). Ахӕм диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? Нӕ зӕрдӕтӕ цин ӕмӕ фарнӕй байдзаг вӕййынц, ӕмӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарзын райдайӕм (Иак. 1:17).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 15:27) О, тынг зӕрдиагӕй бакодтой уыцы хъуыддаг. Уӕвгӕ, Иерусалимы ӕфсымӕртӕй хӕсджын дӕр уыдысты, уымӕн ӕмӕ кӕд иннӕ адӕмтӕ, Хуыцау уыцы ӕфсымӕртӕн цы хорздзинӕдтӕ бахай кодта, уыдонӕй хайджын фесты, уӕд хъуамӕ, хъуаг цӕмӕй сты, уымӕй дӕр сын ӕххуыс кӕной.

w77-U 1/2 20 ф., 8 абз.

Адӕймаг иннӕтӕн куы фӕлӕггад кӕны, уӕд ын сӕ цӕсты вӕййы стыр кад

Фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, «фысты» хуызӕн кӕй уыдысты. Ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн ӕхца ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сын сӕ арвыстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй балӕггад кодтой (Хъуыд. 11:29; 12:25). Уыдон ӕмбӕрстой, дзуттаг ӕфсымӕртӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй сӕ «хӕсджын» кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй, «хъуаг цӕмӕй уыдысты, уымӕй...сын ӕххуыс кодтаиккой» (Ром. 15:25–27). Македонийы ӕмбырд уый тыххӕй уӕлдай раппӕлинаг уыд. Кӕд тынг мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр «диссаджы рӕдау» разындысты. Павел ныффыста: «Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм ӕмӕ не ’ххуысы хай бахӕссӕм сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны хъуыддагмӕ» (2 Кор. 8:2–4). Иннӕтӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уымӕй нын фӕзминаг сты!

it-U «Долг, должник», дӕлсӕргонд «Другие долги»

Хӕстӕ, хӕс чи дары

Ӕндӕр хӕстӕ. Иннӕ адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдон, Иерусалимы чи уыд, уыцы чырыстӕттӕй хӕсджын уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн баххуыс кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ дзуттаг ӕфсымӕртӕн ӕхцайӕ баххуыс кодтой (Ро 15:26, 27).

(Ромӕгтӕм 16:25) Кад Хуыцауӕн! Уымӕн йӕ бон у сымах сфидар кӕнын, ӕз адӕммӕ цы хорз хабар хӕссын ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй цы хъусын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы хорз хабар баст у, рагзамантӕй ӕмбӕхст чи уыд, уыцы сусӕгдзинады тыххӕй цы раргом, уыимӕ.

it-U «Предвидение, предопределение», дӕлсӕргонд «Предопределение Мессии», 3 абз.

Цы уыдзӕн, уый рагацау зонын

Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй фӕрцы ӕрцӕудзысты, уыцы зӕрдӕвӕрд байзӕддаг хъуамӕ уыдаид Мессийӕ кӕнӕ Чырысти (Га 3:8, 14). Байзӕддаджы тыххӕй фыццаг хатт загъд уыд, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, фӕлӕ Авел куы нӕма райгуырд, уӕд (Рд 3:15). Ӕрмӕстдӕр 4 000 азы фӕстӕ «сусӕгдзинад» раргом, ома, Мессийӕ кӕнӕ Байзӕддаг чи уыдзӕн, уый рабӕрӕг. Ацы «сусӕгдзинад» уыд ӕмбӕхст рагзамантӕй (Ро 16:25–27; Еф 1:8–10; 3:4–11).

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 15:1–16) Уӕдӕ мах, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдон, хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, фидар чи нӕу, уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты ӕмӕ, нӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕнӕм. 2 Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл. 3 Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта, фыст дӕр афтӕ у: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдон мӕн ӕлгъыстой». 4 Ӕмӕ, раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс. 5 Уӕдӕ уын, фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн куыд хъуыды кӕнат, 6 цӕмӕй ӕмвӕндӕй ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй кадджын кӕнат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцауы ӕмӕ Фыды. 7 Ӕмӕ уӕдӕ Чырысти сымахыл куыд баузӕлыд, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийыл афтӕ узӕлут, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа. 8 Зӕгъын уын: Чырысти, сунӕтгонд чи уыд, уыдонӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй равдиса, Хуыцау сайгӕ кӕй нӕ кӕны ӕмӕ сын сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, 9 ӕмӕ цӕмӕй иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй кадджын кӕной. Фыст дӕр афтӕ у: «Уый тыххӕй дӕ адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ номӕн зардзынӕн». 10 Ӕмӕ ма ноджыдӕр зӕгъы: «Адӕмтӕ, цин кӕнут йӕ адӕмимӕ». 11 Стӕй ма ноджыдӕр: «Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмтӕ. Кадджын ӕй кӕнӕнт адӕмыхӕттытӕ се ’ппӕт дӕр». 12 Афтӕ ма Исай дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы уидаг ӕмӕ ӕрцӕудзӕн, адӕмтӕн хицау чи уыдзӕн, уый. Ӕмӕ адӕмтӕ ууыл дардзысты сӕ ныфс». 13 Уӕдӕ уын ныфсдӕттӕг Хуыцау, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы руаджы уӕ ныфс фидар уа. 14 Ме ’фсымӕртӕ, ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ цӕттӕ кӕй стут, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр хорз зонут, ӕмӕ уӕ бон кӕй у уӕ кӕрӕдзийы раст зондыл саразын дӕр. 15 Фӕлӕ мын Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта, уымӕ гӕсгӕ уӕм цӕйдӕрты тыххӕй фыссын комкоммӕ, ома уын сӕ ногӕй уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын. 16 Уыцы стыр хорзӕхӕй хайджын уый тыххӕй дӕн, цӕмӕй ӕз, Йесо Чырыстийы лӕггадгӕнӕг, Хуыцауы хорз хабар хъусын кӕнон иннӕ адӕмтӕн. Ӕмӕ ацы табуйаг хъуыддаджы лӕуд уый тыххӕй дӕн, цӕмӕй уыцы адӕмтӕ хаст ӕрцӕуой Хуыцауӕн ӕхсызгон нывондӕн – уыцы нывонд ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы.

18–24 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 КОРИНФӔГТӔМ 1–3

«Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуыс ӕви Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайыс?»

(1 Коринфӕгтӕм 2:14) Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы цӕуы, уыдӕттыл сразы уа, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕзонддзинадыл нымайы. Ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕу бамбарын дӕр, уымӕн ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг уыцы хъуыддӕгтӕ раиртаса, уый тыххӕй хъуамӕ хайджын уа Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй.

w18.02 19 ф., 4, 5 абз.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

4 Фыццаг уал бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоныл. Ахӕм адӕмӕн сӕ зондахасты тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Уыдон цӕуынц ацы хиуарзон дунейы зондыл. Павел уыцы зондахаст схуыдта, «ӕгоммӕгӕс адӕм» кӕмӕй архайынц, ахӕм зонд (Еф. 2:2). Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы зондыл цӕуынц ӕмӕ алцыдӕр кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ фӕаразынц. Ахӕм адӕм цӕрынц, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ та сӕм нымады дӕр не сты. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон вӕййынц кадмондаг, фӕбӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ сӕ митӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый сӕм нымады дӕр нӕ вӕййы.

5 Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй ма цы ис зӕгъӕн? Ахӕм адӕм фӕкӕнынц, Библи «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» кӕй хоны, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Гал. 5:19–21). Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы дӕр кодта, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн ма сӕ зондахаст цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, уый кой. Зӕгъӕм, иннӕты кӕрӕдзи ныхмӕ фӕаразынц, кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕфидауынц, кӕрӕдзийыл тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттынц, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, кӕм цы бахӕрой ӕмӕ цы бануазой, уый. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоны исты кӕнӕ исчи ӕвзӕр хъуыддаг бакӕнынмӕ куы фӕцыбӕл кӕны, уӕд нӕ фӕлӕууынц ӕмӕ рӕдыд къахдзӕф саразынц (Ӕмб. 7:21, 22). Иудӕ та загъта, чидӕртӕ уыйонг кӕй ӕрцӕудзысты, ӕмӕ сӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тых... нӕ хӕццӕ кӕндзӕн» (Иуд. 18, 19).

(1 Коринфӕгтӕм 2:15, 16) Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы адӕймагӕн та йӕ бон у алцыдӕр раиртасын. Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уымӕн йӕ бон нӕу, уыцы адӕймаг цавӕр адӕймаг у, уый раиртасын. 16 Сыгъдӕг Фыстад афтӕ зӕгъы: «Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?» Мах та хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ.

w18.02 19 ф., 6 абз.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

6 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы», уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Ахӕм адӕймӕгтӕн, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй уӕлдай сӕйрагдӕр у, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый. Ахӕм адӕм фӕархайынц, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмой» (Еф. 5:1). Ӕндӕр ныхасӕй, уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕной ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсой. Уыдон фидарӕй зонынц, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Ахӕм адӕм сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл нӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ фӕархайынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Пс. 119:33; 143:10). Уыдон сӕхи хизынц тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕнынц, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон (Гал. 5:22, 23).

w18.02 22 ф., 15 абз.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

15 1 Коринфӕгтӕм 2:16 стих нын дзуры, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ». Ромӕгтӕм 15:5 стих дӕр нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йесо Чырыстийы хуызӕн... хъуыды кӕнӕм». Фӕлӕ цымӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм? Хъуамӕ зонӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Стӕй хъуамӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм. Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уый. Уӕдӕ Чырыстийы хуызӕн куы уӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уӕдӕ ахсджиаг куыннӕ у, цӕмӕй Йесойы хуызӕн хъуыды кӕнын сахуыр уӕм.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Коринфӕгтӕм 1:20) Кӕм сты зондджын лӕгтӕ? Кӕм сты чиныджыдӕснытӕ? Кӕм сты ацы цардӕвӕрды быцӕууарзджытӕ? Хуыцау ӕй нӕ равдыста, ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинад кӕй у?

it-U «Мудрость», дӕлсӕргонд «Противопоставлена священной тайне Бога», 3 абз.

Зонд

Хуыцау Чырыстийы уылты цы ирвӕзындзинад радта, уый ацы дуне банымадта ӕнӕзонддзинадыл. Ацы дунейы хицӕуттӕ ма суанг «Хицауы хъӕдыл... байтыгътой», кӕд ӕмбаргӕ уыдысты ӕмӕ сӕ бон уыд раст разамынд дӕттын, уӕддӕр (1Кр 1:18; 2:7, 8). Фӕлӕ Хуыцау дунейы зондджынты фӕхудинаг кодта, «ӕнӕзонддзинадыл кӕй нымайынц, уыцы хабары фӕрцы» ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй, дунейы цӕсты ӕнӕзонд, лӕмӕгъ ӕмӕ кадджын чи нӕу, уыдонӕй кӕй спайда кодта, уый фӕрцы (1Кр 1:19–28). Павел Коринфы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ацы цардӕвӕрды зонд» ӕмӕ «хицӕутты зонд» кӕй нал уыдзысты. Уӕдӕ апостолтӕ цы хабар хъусын кодтой, уымӕ уыцы зонд нӕ хӕццӕ кодта (1Кр 2:6, 13). Колоссы чырыстӕттӕм та ныффыста, цӕмӕй сӕ «зондджын ныхӕстӕй» [грекъ. философи́ас, комк. «зонд уарзын»] ӕмӕ «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» мачи асайдтаид, уымӕн ӕмӕ «адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл» ӕнцадысты (Кл 2:8; абар 20–23 стихтимӕ).

(1 Коринфӕгтӕм 2:3–5) Куы уӕм ӕрцыдтӕн, уӕд уыдтӕн лӕмӕгъ, тарстӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нӕ ардтон. 4 Ӕмӕ уемӕ куы дзырдтон, куы уын хъусын кодтон, уӕд уын рӕсугъд ӕмӕ зондджын ныхӕстӕ нӕ кодтон, фӕлӕ мӕ ныхӕсты зынди Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъару, 5 цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур адӕймаджы зонд ма уа, фӕлӕ Хуыцауы тых.

w08 15/7 27 ф., 6 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕй

2:3–5. Павел Коринфы (грекъаг философи ӕмӕ ахуырад кадджын кӕм уыдысты, ахӕм зындгонд сахары) куы хъусын кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тыхсти, уыцы сахары цӕрджытӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ, ууыл. Чи зоны, Павел цӕмӕйдӕрты тарст кӕнӕ йӕхимӕ уыйбӕрц тыхтӕ ӕмӕ курдиӕттӕ нӕ уыдта. Фӕлӕ йӕ уыдӕттӕ нӕ бакъуылымпы кодтой Хуыцауы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ зын кӕнӕ, ахуыр кӕуыл не стӕм, ахӕм уавӕрты дӕр хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Павелау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ ныфс дарын, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Коринфӕгтӕм 1:1–17) Павел, Хуыцауы фӕндӕй хуынд чи ’рцыд, цӕмӕй уа Йесо Чырыстийы апостол, не ’фсымӕр Сосфенимӕ 2 фыссы Коринфмӕ, Хуыцауы ӕмбырдмӕ. Хуыцау уӕ ссыгъдӕг кодта ӕмӕ стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады, ӕрхуыдта уӕ, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уат. Стӕй фыссы, алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номыл йӕ ныфс чи дары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Уый у уыдоны Хицау дӕр ӕмӕ мах Хицау дӕр. 3 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут. 4 Сымах тыххӕй ӕдзухдӕр Хуыцауӕн бузныг фӕзӕгъын, Йесо Чырыстийы фӕрцы уын йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта, уый тыххӕй. 5 Йесоимӕ иудзинады кӕй стут, уый фӕрцы алцӕмӕй дӕр схъӕздыг стут: уӕ бон у Хуыцауы ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъусын кӕнын, стӕй алцыдӕр зонут. 6 Афтӕ кӕй у, уый та уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ уӕм Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрфидар. 7 Гъемӕ, нӕ Хицау Йесо Чырысти куы раргом уа, уымӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, сымах цух ницавӕр хӕрзиуӕгӕй стут. 8 Ӕмӕ уын Хуыцау хъару дӕтдзӕн кӕронмӕ дӕр, цӕмӕй уӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы бон фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. 9 Сымах уый тыххӕй чи ӕрхуыдта, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ, иудзинады уат, уыцы Хуыцау иузӕрдион Хуыцау у. 10 Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын: уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон, къордтыл ма дихтӕ кӕнут, фӕлӕ ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут. 11 Хлойӕйы хӕдзаронтӕй базыдтон, уӕ кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕй кӕнут. 12 Мӕн уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ чи афтӕ дзуры: «Ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», чи – «ӕз Аполлосы», чи – «ӕз Кифӕйы», чи та – «ӕз Чырыстийы». 13 Чырысти ныддихтӕ. Ау, сымах тыххӕй хъӕдыл Павелы байтыгътой? Ӕви Павелы номыл райстат донаргъуыд? 14 Бузныг Хуыцауӕн, Крисп ӕмӕ уӕ Гайы йеддӕмӕ никӕмӕн радтон донаргъуыд, 15 ӕмӕ сымахӕй никӕй бон у зӕгъын, донаргъуыд мӕ номыл кӕй райста. 16 О, хӕдӕгай, Стефаны хӕдзаронтӕн дӕр ма радтон донаргъуыд. Фӕлӕ ма ӕндӕр искӕмӕн донаргъуыд радтон, уый нӕ хъуыды кӕнын. 17 Мӕн Чырысти донаргъуыд дӕттынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, стӕй уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ хъусынгӕнгӕйӕ зондджын ныхӕстӕ кӕнон, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, Чырысти хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, уый ницы пайда у.

25–31 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 КОРИНФӔГТӔМ 4–6

«Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр... сӕнхъизы»

(1 Коринфӕгтӕм 5:1, 2) Ӕз фехъуыстон, чидӕр уӕ кӕй хӕты, стӕй хӕтгӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц: чидӕр, дам, цӕры йӕ фыды усимӕ. 2 Ӕмӕ ма уӕддӕр уӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссут? Уый бӕсты хъуамӕ кӕугӕ ма кӕнат ӕмӕ, ахӕм ми чи бакодта, уый уе ’хсӕнӕй хъуамӕ ма фӕсурат?

(1 Коринфӕгтӕм 5:5–8) уыцы адӕймаджы Сайтаны бар бакӕнут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафут, цӕмӕй, ӕмбырдӕн цы хорз зондахаст ис, уый ахӕм уа Хицауы бон дӕр. 6 Уӕхицӕй дзӕгъӕлы ӕппӕлут. Ау, нӕ йӕ зонут, гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй сӕнхъизы? 7 Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй уат ног хыссӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ мидӕг ӕнхъизӕн нӕй – нӕ Куадзӕны уӕрыкк, Чырысти, нывондӕн хаст ӕрцыд. 8 Ӕмӕ уӕдӕ бӕрӕгбон нӕдӕр зӕронд ӕнхъизӕнимӕ кӕндзыстӕм, нӕдӕр ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕнӕхуыцау хъуыддӕгты ӕнхъизӕнимӕ, фӕлӕ донгонд дзултимӕ – сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ.

(1 Коринфӕгтӕм 5:13) Ӕддагӕттӕн та Хуыцау тӕрхон кӕны. Сыгъдӕг Фыстад афтӕ зӕгъы: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут».

it-U «Закваска», дӕлсӕргонд «Символический смысл», 2 абз.

Ӕнхъизӕн

Павел ма ахӕм абарст скодта, Коринфы чырыстӕттӕн афтӕ куы загъта, цӕмӕй, ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой. Павел фыста: «Ау, нӕ йӕ зонут, гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй сӕнхъизы? Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй уат ног хыссӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ мидӕг ӕнхъизӕн нӕй – нӕ Куадзӕны уӕрыкк, Чырысти, нывондӕн хаст ӕрцыд». Дарддӕр апостол бамбарын кодта, «ӕнхъизӕныл» цы нымадта, уый: «Ӕмӕ уӕдӕ бӕрӕгбон нӕдӕр зӕронд ӕнхъизӕнимӕ кӕндзыстӕм, нӕдӕр ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕнӕхуыцау хъуыддӕгты ӕнхъизӕнимӕ, фӕлӕ донгонд дзултимӕ – сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (1Кр 5:6–8). Ам Павел кодта, Куадзӕны фӕстӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы Донгонд дзулты бӕрӕгбоны ахӕсгӕ нысаниуӕджы кой. Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд сӕнхъизы, афтӕ, ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй куы нӕ ацух кодтаиккой, уӕд йӕ зондахаст ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл фӕзындаид ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕгыл нымад нал уыдаид. Уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ «ӕнхъизӕн» се ’хсӕнӕй фесӕфтаиккой, бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу израилӕгтӕ ӕнхъизӕн сӕ хӕдзӕрттӕй куыд хъуамӕ фесӕфтаиккой, афтӕ.

it-U «Сатана», дӕлсӕргонд «Что означает предать человека Сатане для уничтожения плоти?», 1 абз.

Сайтан

Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, «адӕймаджы Сайтаны бар бакӕнут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафут», зӕгъгӕ?

Йӕ фыды усимӕ чи хӕтыд, уыцы адӕймагӕн цы бакӕнын хъуыд, уый тыххӕй апостол Павел Коринфы чырыстӕттӕм ныффыста, цӕмӕй йӕ «Сайтаны бар бакӕной ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафой» (1Кр 5:5). Хъуамӕ уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой ӕмӕ сын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уыдаид (1Кр 5:13). Адӕймаджы Сайтаны бар бакӕнын нысан кодта ӕмбырдӕй йӕ ацух кӕнын ӕмӕ йӕ ныууадзын, йӕ хуыцау ӕмӕ йӕ хицау Сайтан кӕмӕн у, уыцы дунейы. Гыццыл ӕнхъизӕн хыссӕ куыд сӕнхъизын кӕны, афтӕ уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмбырдыл ӕвзӕрырдӕм ӕндӕвта. Уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй куы ацух кодтаиккой, уӕд ӕмбырд се ’хсӕнӕй «тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ» фесӕфтаид (1Кр 5:6, 7). Афтӕ Павел Сайтаны бар бакодта Именейы ӕмӕ Алыксандры, уымӕн ӕмӕ сӕ сыгъдӕг цӕсгом ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ уырнындзинады нау ныппырх (1Тм 1:20).

(1 Коринфӕгтӕм 5:9–11) Мӕ фыстӕджы уӕм фыстон, цӕмӕй уын, хӕтаг чи у, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацыуал уа. 10 Уый зӕгъын мӕ нӕ фӕндыд, ӕмӕ уын иумӕйагӕй ӕппындӕр мацыуал уа ацы дунейы хӕтаг кӕнӕ зыд адӕмимӕ, кӕнӕ адӕмы чи стигъы, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонимӕ. Кӕннод уӕ ацы дунейӕ ӕндӕр искуыдӕм алидзын бахъӕуид. 11 Фӕлӕ уӕм ныр фыссын, цӕмӕй уын иумӕйагӕй мацыуал уа, ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, хӕтаг кӕнӕ зыд адӕймаг чи у, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, кӕнӕ иннӕты чи ӕфхӕры, кӕнӕ расыггӕнаг чи у, кӕнӕ адӕмы чи стигъы, уыимӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр ма бадут.

it-U «Изгнание, исключение», дӕлсӕргонд «В христианском собрании»

Ӕмбырдӕй ацух кӕнын

Чырыстон ӕмбырды. Чырыстон Грекъаг Фыстыты фыст ис, адӕймаджы чырыстон ӕмбырдӕй цӕй тыххӕй ис ацух кӕнӕн, уый фӕдыл амындтӕ. Уыцы амындтӕ бындуриуӕг кӕнынц, Дзуттаг Фыстыты цы уагӕвӕрдтӕ ис фыст, уыдоныл. Ӕмбырд уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд Хуыцауы цӕсты вӕййы сыгъдӕг. Апостол Павелӕн уый бар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Коринфы ӕмбырдӕн загъта, цӕмӕй йӕ фыды усимӕ чи хӕтыд, уыцы адӕймаджы ацух кодтаиккой (1Кр 5:5, 11, 13). Ӕмбырдӕй ма ацух кодта Именейы ӕмӕ Александры (1Тм 1:19, 20). Фӕлӕ Диотреф, ӕвӕццӕгӕн, архайдта, цӕмӕй ӕмбырдӕй кӕйдӕрты ратардтаид, кӕд ын уый бар нӕ уыд, уӕддӕр (3Ин 9, 10).

Ӕмбырдӕй цы хъуыддӕгты тыххӕй ис ацух кӕнӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты хӕтындзинад, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, гомосексуализм, зыд кӕнын, давын, фыднозт кӕнын, фыдкой кӕнын, спиритизм, марын, мӕнг хуыцӕуттӕн кувын, раст дин ныууадзын ӕмӕ ӕмбырд дихтӕ кӕнын (1Кр 5:9–13; 6:9, 10; Тит 3:10, 11; Рар 21:8). Мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕны, уый фӕхъӕуы ацух кӕнын, дыууӕ хатты йӕ куы бафӕдзӕхсой, уый фӕстӕ. Афтӕмӕй уыцы адӕймагмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынц. Ӕмбырды архайынц, Закъоны цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ: адӕймаджы цы хъуыддаджы аххосджын кӕнынц, уымӕн хъуамӕ уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны (1Тм 5:19). Йӕ тӕригъӕдджын митӕ чи нӕ ныууадзы, уымӕн фӕхъӕуы бауайдзӕф кӕнын «се ’ппӕты» раз дӕр, зӕгъӕм йӕ хъуыддаджы ӕвдисӕн чи уыд, уыдоны раз, цӕмӕй уыдон дӕр «тӕрсой» тӕригъӕд саразын (1Тм 5:20; кӕс ОБЛИЧЕНИЕ).

Чырыстӕттӕ хъуамӕ ма лымӕн кӕной, ӕмбырды уаг ӕмӕ ӕгъдау чи халы ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй чи аиуварс, уыдонимӕ, кӕд сӕ ӕмбырдӕй нӕ ацух кӕнынц, уӕддӕр. Ахӕм адӕймӕгты тыххӕй Павел Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Ахӕммӕ та уӕ хъус лӕмбынӕг дарут ӕмӕ йемӕ мауал иу кӕнут, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда. Ӕрмӕст ӕм знаджы цӕстӕй ма кӕсут, фӕлӕ йын дарддӕр дӕр, куыд уе ’фсымӕрӕн, афтӕ зонд амонут» (2Фс 3:6, 11, 13–15).

Фӕлӕ Павел бафӕдзӕхста, цӕмӕй, раст дин чи ныууагъта ӕмӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нын иумӕйагӕй мацыуал уа (1Кр 5:11). Апостол Иоанн фыста: «Уӕ хӕдзармӕ дӕр [ӕй] ма бауадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут» (2Ин 9, 10).

Кӕй ацух кодтой, уый зӕрдӕбынӕй куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд йӕ бон у фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхын (2Кр 2:5–8). Стӕй ма Хӕйрӕг ӕмбырдыл хинӕй нӕ рацӕудзӕн, ома, тӕригъӕд чи ракодта, уымӕ ӕмбырд ӕнцад нӕ кӕсдзӕн кӕнӕ адӕймаг куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд та йын ныххатыр кӕндзӕн (2Кр 2:10, 11).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(1 Коринфӕгтӕм 4:9) Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау ӕппӕты фӕстаг ракодта се ’ппӕты размӕ, цыма нын мӕлӕты тӕрхон ӕрцыд хаст, уыйау, уымӕн ӕмӕ нӕм ӕгас дуне, зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр, кӕсынц диссагмӕ кӕсӕгау.

w09 15/5 24 ф., 16 абз.

Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ

16 Чырыстӕттӕ фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕм зӕдтӕ фӕкӕсынц «театрмӕ кӕсӕгау» (1 Кор. 4:9, фип.). Зӕдтӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, мах иузӕрдионӕй куы фӕархайӕм, уӕд. Стӕй ма, тӕригъӕдджынтӕй исчи куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд дӕр фӕцин кӕнынц (Лук. 15:10). Зӕдтӕ ма уынынц чырыстон сылгоймӕгты хӕрзӕгъдаудзинад дӕр. Библи дзуры, зӕгъгӕ, «сылгоймагӕн йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа, хицау ын кӕй ис, уый равдисынӕн – зӕдты тыххӕй» (1 Кор. 11:3, 10). Зӕдтӕн ӕхсызгон вӕййы, чырыстон сылгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ зӕххыл Хуыцауы организацийы разамындмӕ куы фӕхъусынц ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ радта, уыдоны коммӕ куы фӕкӕсынц. Ахӕм коммӕгӕсдзинад Хуыцауы уӕларвон фырттӕн у хорз зӕрдылдаринаг.

(1 Коринфӕгтӕм 6:3) Нӕ йӕ зонут, зӕдтӕн дӕр мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм? Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕу ацы царды хъуыддӕгтӕ равзарын?

it-U «Закон», дӕлсӕргонд «Закону подвластны ангелы»

Закъон

Зӕдтӕ закъон ӕххӕст кӕнынц. Зӕдтӕ кӕд адӕмӕй уӕлдӕр сты, уӕддӕр Хуыцауы закъон ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц (Дзт 1:7, 14; Пс 104:4). Йегъовӕ суанг йе знаг, Сайтанӕн дӕр, алцы кӕныны бар нӕ лӕвӕрдта (Иов 1:12; 2:6). Хистӕр зӕд Михаил Йегъовӕйы Сӕйраг тӕрхонгӕнӕгыл кӕй нымадта, уый равдыста Хӕйрӕгимӕ куы ныхас кодта, уӕд афтӕ кӕй загъта: «Йегъовӕ дын уӕд тӕрхонгӕнӕг» (Иуд 9; абар Зх 3:2). Йегъовӕ Хуыцау зӕдты се ’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы дӕлбар бакодта (Дзт 1:6; 1Пт 3:22; Мф 13:41; 25:31; Фп 2:9–11). Уымӕ гӕсгӕ Йесо арвыста Иоанмӕ зӕд-фидиуӕджы (Рар 1:1). Фӕлӕ апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 6:3 куыд загъта, афтӕмӕй зӕдтӕн тӕрхон кӕндзысты, Чырыстиимӕ уӕлӕрвтӕй разамынд чи хъуамӕ дӕтта, уыдон. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕлимонтӕн уыдон дӕр тӕрхон кӕндзысты.

Библийӕ бакӕсинаг

(1 Коринфӕгтӕм 6:1–14) Уӕ иу иннӕимӕ куы нӕ фӕфидауы, уӕд йӕ хъаст сыгъдӕджытӕм нӕ, фӕлӕ ӕнӕуырнджыты тӕрхонмӕ куыд бахӕссы? 2 Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты? Ӕмӕ кӕд дунейӕн тӕрхон сымах кӕндзыстут, уӕд ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ уӕ бон нӕу равзарын? 3 Нӕ йӕ зонут, зӕдтӕн дӕр мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм? Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕу ацы царды хъуыддӕгтӕ равзарын? 4 Ӕмӕ уын кӕд ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзаринаг ис, уӕд, ӕмбырды цӕсты кад кӕмӕн нӕй, уыдоны цӕмӕн ӕвӕрут уӕхицӕн тӕрхонгӕнджытӕй? 5 Афтӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕм худинаг ӕркӕса. Ау, уе ’хсӕн иу ахӕм зондджын адӕймаг нӕй, йе ’фсымӕрты ’хсӕн хъуыддаг чи равзара? 6 Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕры тӕрхондонмӕ кӕны – йӕ хъаст хӕссы ӕнӕуырнджытӕм. 7 Уӕдӕ, кӕрӕдзийыл хъаст кӕй хӕссут, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фӕхӕрд стут. Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ ӕфхӕрды бынаты куы баззаиккат? Хуыздӕр нӕ уаид, ӕмӕ сайды куы фӕуиккат? 8 Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ сайут, ӕмӕ уымӕй дӕр уе ’фсымӕрты. 9 Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты? Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ; 10 нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты. 11 Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг стут ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. 12 Алцы кӕныны бар дӕр мын ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Алцы кӕныны бар дӕр мын ис, фӕлӕ уый бар ницӕмӕн ратдзынӕн, ӕмӕ мӕ цагъар сараза. 13 Хӕринаг у гуыбынӕн, гуыбын та – хӕринагӕн, фӕлӕ Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр уыдзӕн ницы. Буар та хӕтындзинадӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн, ӕмӕ Хицау дӕр – буарӕн. 14 Ӕмӕ Хуыцау та йӕ тыхӕй нӕ Хицауы мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах дӕр райгас кӕндзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын