Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 май 1–11 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 6–12 МАЙЫ
  • 13–19 МАЙЫ
  • 20–26 МАЙЫ
  • 27 МАЙЫ – 2 ИЮНЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 май 1–11 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

6–12 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 4–6

«Нӕ ныфс нӕ сӕтты»

(2 Коринфӕгтӕм 4:16) Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд нӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕд, нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны.

w04 1/9 21 ф., 16, 17 абз.

Фӕллад, фӕлӕ фидар

16 Нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕй ахсджиагдӕр, кӕй зӕгъын ӕй Нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕй ахсджиагдӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы ис. Кӕд Иегъовӕимӕ хӕлардзинады тӕгтӕй фидар баст стӕм, уӕд цыфӕнды фӕллад ма бакӕнӕм,– нӕ лӕггаддзинадӕй никуы схъыг уыдзыстӕм. Иегъовӕ «дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн ӕмӕ стыр хъару – ӕдыхӕн» (Исай 40:28, 29). Афтӕ кӕй у, уый апостол Павел йӕхиуыл бавзӕрста. Уый фыста: «Мах ӕнкъард нӕ кӕнӕм, фӕлӕ кӕд нӕ ӕддаг адӕймаг ӕмбийы, уӕддӕр мидӕггаг бонӕй-бон ногдӕр кӕны» (2 Коринфӕгтӕм 4:16)

17 Ӕркӕс ма дзырдбаст «бонӕй-бон»-мӕ. Уый нысан кӕны, Иегъовӕ нын алы бон дӕр ӕххуысӕн цы дӕтты, уымӕй пайда кӕнын. Иу хо 43 азы иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта миссионерӕй. Кӕд-иу фӕллайгӕ дӕр кодта ӕмӕ-иу йӕ ныфс дӕр асаст, уӕддӕр не ’рлӕмӕгъ. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Сахуыр дӕн алы райсом дӕр раджы стын: иннӕ хъуыддӕгты разӕй Иегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын йӕ Ныхас бакӕсын. Уый фӕрцы нырмӕ дӕр фидар дӕн». Махӕн дӕр Иегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, кӕд ӕм ӕппынӕдзух – «бонӕй-бонмӕ» – кувӕм ӕмӕ йын йӕ фӕрнджын миниуджытыл ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтыл хъуыды кӕнӕм, уӕд.

(2 Коринфӕгтӕм 4:17) Кӕд нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты, уӕд нын хӕсгӕ та кӕнынц, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад, ӕнусон кад.

it-U «Стойкость»

Фидардзинад

Хъуамӕ ма ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уый. Суанг нӕ маргӕ дӕр куы акӕной, уӕддӕр нын уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Ро 5:4, 5; 1Фс 1:3; Рар 2:10). Цы ныфс нын ис, уыимӕ абаргӕйӕ, «ныртӕккӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм», уыдон ницы сты (Ро 8:18–25). Ӕнусон цардимӕ абаргӕйӕ, ныртӕккӕ цыфӕнды карз зындзинӕдтӕ дӕр сты рӕстӕгмӕ ӕмӕ ӕнцон сфӕразӕн (2Кр 4:16–18). Зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм ӕмӕ нын фидар ныфс куы уа, уӕд нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм.

(2 Коринфӕгтӕм 4:18) Ӕмӕ мах, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый у рӕстӕгмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та – ӕнустӕм.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Коринфӕгтӕм 4:7) Фӕлӕ нын уыцы хӕзна ис ӕлыг мигӕнӕнты, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй схайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ – нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй чи у, уыцы хъаруйӕ.

w12 1/2 28

«Сымахмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы цӕсгомыл мидбылхудт хъаздзӕн»

Дейвид Сплейн Разамонӕг советӕй аныхас кодта 2 Коринфӕгтӕм 4:7 стихыл. Цавӕр хӕзнайы кой дзы цӕуы? Мыййаг дзы зонындзинӕдтӕ кӕнӕ зонды кой ис? Ӕфсымӕр Сплейн бамбарын кодта, уый афтӕ кӕй нӕу. Стӕй загъта: «Апостол Павел цы хӕзнайы кой кодта, уый у, рӕстдзинад чи ӕргом кӕны, уыцы куыст» (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 2, 5). Ӕфсымӕр Сплейн студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фондз мӕймӕ цы базыдтой, уый фӕрцы цӕттӕ кӕй сты ахсджиаг куыст кӕнынмӕ, ӕмӕ уыцы куыстӕн кӕй хъӕуы стыр аргъ кӕнын.

Дейвид Сплейн бамбарын кодта, дзырдбаст «ӕлыг мигӕнӕнтӕ» кӕй амоны зӕххон адӕймагмӕ. Кӕрӕдзиимӕ абарста, зӕххӕй, кӕнӕ ӕлыгӕй, конд ӕмӕ сызгъӕринӕй конд мигӕнӕнтӕ. Ӕлыгӕй конд дзаумайӕ уӕлдай, сызгъӕрин дзаумайӕ арӕх нӕ фӕпайда кӕнынц. Стӕй, зӕгъӕм, исты хӕзна сызгъӕрин мигӕнӕны куы сӕвӕрӕм, уӕд йӕ мидӕг цы хӕзна ис, уымӕ нӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр мигӕнӕнмӕ. Ӕфсымӕр Сплейн загъта: «Адӕмы ’ргом уӕхимӕ ма здахут. Сымах стут миссионертӕ ӕмӕ хъуамӕ адӕмы ’ргом здахат Йегъовӕмӕ. Сымах стут хуымӕтӕг ӕлыг мигӕнӕнтӕ».

(2 Коринфӕгтӕм 6:13) Уӕдӕ уын хи хъӕбултау зӕгъын: сымах дӕр нын ӕй уымӕй бафидут, ӕмӕ нын уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут.

w09 15/11 21 ф., 7 абз.

Уӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕнӕд

7 Мах тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Нӕ бон куыд у нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн «нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнын»? Иу кары чи ис, кӕнӕ иу адӕмыхаттӕй чи у, уыдонӕн ӕнцондӕр вӕййы иумӕ. Уыциу ирхӕфсӕнтӕ чи уарзы, уыдон дӕр иумӕ бирӕ рӕстӕг фервитынц. Фӕлӕ кӕд нӕ рӕстӕг ӕрмӕст иутимӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕй адард стӕм, уӕд хъуамӕ «нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнӕм». Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Мыййаг, ме ’мбӕлттӕ чи не сты, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ уацамынды искуы иу хатт фӕцӕуын кӕнӕ семӕ стӕм хатт фӕныхас кӕнын? Ӕмбырды ногтимӕ искуы иу хатт фӕныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ цӕмӕй ме ’мбӕлттӕ суой, уый тыххӕй хъуамӕ рӕстӕг рацӕуа? Ӕмбырды ацӕргӕтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн салам фӕдӕттын?»

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Коринфӕгтӕм 4:1–15) Ӕмӕ нын Хуыцау ахӕм куыст йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. 2 Мах ныууагътам, сусӕгӕй цы худинаджы хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, уыдон, ӕмӕ хинӕй нӕ архайӕм, стӕй Хуыцауы ныхас зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ, рӕстдзинад ӕргом кӕнгӕйӕ, Хуыцауы раз алы адӕймагӕн дӕр стӕм фӕзминаг. 3 Гъеныр кӕд, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый искӕмӕй ӕмбӕхст у, цыма йыл ӕмбӕрзӕн ис, афтӕ, уӕд – сӕфты фӕндагыл чи лӕууы, уыдонӕй, 4 ацы цардӕвӕрды хуыцау сӕ сӕрызонд кӕмӕн бакуырм кодта, уыцы ӕнӕуырнджытӕй. Сӕ сӕрызонд сын бакуырм кодта, цӕмӕй сӕм ма бакӕла, Хуыцауы хуызӕн чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары рухс. 5 Мах нӕхи тыххӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ хъусын кӕнӕм, Чырысти Йесо нӕ Хицау кӕй у ӕмӕ мах та Йесойы тыххӕй уӕ цагъартӕ кӕй стӕм, уый. 6 Афтӕ чи загъта, «уадз ӕмӕ талынгӕй сӕрттивӕд рухс», зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты рухс бауагъта, цӕмӕй нын сӕ Чырыстийы фӕрцы ныррухс кӕна Хуыцауы тыххӕй диссаджы зонындзинӕдтӕй. 7 Фӕлӕ нын уыцы хӕзна ис ӕлыг мигӕнӕнты, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй схайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ – нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй чи у, уыцы хъаруйӕ. 8 Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕу, ӕмӕ нын фезмӕлӕн мауал уа; фӕтыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр бынтон афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм; 9 нӕ фӕдыл зилынц, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ссӕндынц нӕ, фӕлӕ уӕддӕр нӕ сӕфӕм. 10 Кӕмфӕнды ма уӕм, алкуыдӕр нӕхиуыл ӕвзарӕм, Йесойӕн цы мӕлӕтдзаг тухитӕ бавзарын кодтой, уыдон, цӕмӕй нӕ мидӕг разына Йесойӕн йӕ цард дӕр. 11 Мах, удӕгӕсты, Йесойы тыххӕй кӕсын кӕнынц мӕлӕты цӕстытӕм, цӕмӕй нӕ зӕххон буӕртты разына Йесойӕн йӕ цард дӕр. 12 Гъемӕ кӕд мах мӕлӕты цӕстытӕм кӕсӕм, уӕд сымахӕн та уый у цард. 13 Фыст у: «Мӕнмӕ уыд уырнындзинад, ӕмӕ дзырдтон». Ӕмӕ мах дӕр ӕвдисӕм, ахӕм уырнындзинад нӕм кӕй ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзурӕм, 14 уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уый мах дӕр Йесойау кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ нӕ сымахимӕ иумӕ йӕ разы кӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн. 15 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты сымах тыххӕй, цӕмӕй, бирӕ адӕм Хуыцауӕн кӕй арфӕ кӕнынц, уый фӕрцы стыр хорзӕх кӕна ноджы парахатдӕр, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцау кадджын кӕна.

13–19 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 7–10

«Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм»

(2 Коринфӕгтӕм 8:1–3) Ныр та нӕ, не ’фсымӕртӕ, сымахӕн радзурын фӕнды, Македонийы ӕмбырдтӕн Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы цы бантыст, уый тыххӕй. 2 Уыдон бахаудысты стыр фӕлварӕны, тыхст уавӕры. Фӕлӕ кӕд тынг мӕгуыр сты, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ дзаг уыди цинӕй, ӕмӕ диссаджы рӕдау кӕй разындысты, уымӕй равдыстой, уырнындзинадӕй хъӕздыг кӕй сты. 3 Уыдон сарӕзтой, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый, ӕмӕ уымӕй дӕр фылдӕр – мӕхӕдӕг ӕвдисӕн.

w98-U 1/11 25 ф., 2 абз.

«Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы»

Павел коринфӕгтӕн радзырдта, македойнӕгтӕ се ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй ӕмӕ уымӕй фӕзминаг уыдысты. Павел фыста: «Уыдон бахаудысты стыр фӕлварӕны, тыхст уавӕры. Фӕлӕ кӕд тынг мӕгуыр сты, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ дзаг уыди цинӕй, ӕмӕ диссаджы рӕдау кӕй разындысты, уымӕй равдыстой, уырнындзинадӕй хъӕздыг кӕй сты». Македойнӕгтӕн лӕгъстӕ кӕнын нӕ хъуыди. Павел загъта: «Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм ӕмӕ не ’ххуысы хай бахӕссӕм сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны хъуыддагмӕ». Македойнӕгтӕ ахӕм рӕдау кӕй уыдысты, уый диссаг уыд, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг «тынг мӕгуыр» уыдысты (2 Коринфӕгтӕм 8:2–4).

kr 236 ф., 1 абз.

Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм

ХАБАР уыд н. э. 46 азмӕ ’ввахс. Иудейӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг. Хор афтӕ зынаргъ сси, ӕмӕ дзы чырыстӕттӕн иу гыццыл балхӕнын дӕр сӕ бон нӕ уыд. Уый тыххӕй сын ӕххормагӕй амӕлынӕй дӕр тӕссаг уыди. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сын Йегъовӕ баххуыс кодта. Уый размӕ Хуыцау Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн ахӕм хуызы никуыма баххуыс кодта. Цымӕ куыд уыди хабар?

(2 Коринфӕгтӕм 8:4) Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм ӕмӕ не ’ххуысы хай бахӕссӕм сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны хъуыддагмӕ.

kr 237 ф., 4–6 абз.

Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм

4 Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, чырыстӕттӕн сӕ лӕггад цы дыууӕ хъуыддагимӕ баст у, уыдоны тыххӕй. Павел фыста сӕрст чырыстӕттӕм, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ахӕссӕн ис Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕм» дӕр (Иоан. 10:16). Нӕ лӕггад цы дыууӕ хъуыддагимӕ баст у, уыдонӕй фыццаг у «фидауынгӕнӕн куыст», ома хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 5:18–20; 1 Тим. 2:3–6). Дыккаг та – «сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕныны хъуыддаг», ома не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый (2 Кор. 8:4). Ацы ран «куыст» ӕмӕ «лӕггад кӕнын»-ӕй тӕлмац ӕрцыд уыцы иу грекъаг дзырд, диакони́а, зӕгъгӕ, ӕмӕ нысан кӕны «лӕггад кӕнын». Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Павел дыууӕ хъуыддаджы кой кӕнгӕйӕ дӕр уыцы иу грекъаг дзырдӕй кӕй спайда кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Уымӕй раздӕр Павел ныффыста: «Лӕггад кӕнӕн... алы хуызы ис, фӕлӕ нӕ Хицау уыцы иу у. Стӕй алкӕй мидӕг дӕр алыхуызон куыст цӕуы... [...] Фӕлӕ адӕттӕ иууылдӕр аразы уыцы иу сыгъдӕг тых» (1 Кор. 12:4–6, 11). Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, чырыстон ӕмбырд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон се ’ппӕт дӕр нӕ лӕггадмӕ хауынц (Ром. 12:1, 6–8). Ӕмӕ Павел дӕр «ӕфсымӕртӕн балӕггад кӕнынӕн» йӕ рӕстӕг уый тыххӕй нӕ бавгъау кодта (Ром. 15:25, 26).

6 Павел коринфӕгтӕн бамбарын кодта, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ йын кад хӕссынц. Ӕркӕсӕм-ма, куыд сын ӕй бамбарын кодта, уымӕ. Павел коринфӕгтӕн загъта, «Чырыстийы тыххӕй хорз хабарӕн коммӕгӕс» кӕй сты (2 Кор. 9:13). Ӕмӕ, Чырысти цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын сӕ кӕй фӕндыд, уый тыххӕй се ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой. Се ’мчырыстӕтты тыххӕй цы хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕй та бӕрӕг уыд, «Хуыцау сын йӕ диссаджы стыр хорзӕхӕй... кӕй бахай кодта», уый (2 Кор. 9:14; 1 Пет. 4:10). Не ’фсымӕртӕн бахъуаджы сахат кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1975 азы 1 декабры номыры фыст уыд: «Хъуамӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцауы цӕсты ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы цӕсты уыцы лӕггадӕн стыр аргъ кӕй ис, ууыл». Ӕцӕгдӕр, не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг, ӕмӕ хауы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ (Ром. 12:1, 7; 2 Кор. 8:7; Дзут. 13:16).

(2 Коринфӕгтӕм 9:7) Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы.

kr 221 ф., 10 абз.

Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?

10 Фыццаг хъуыддаг уый у, ӕмӕ мах мысайнӕгтӕ дӕттӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын «ӕхсызгон цы у, уый аразын» нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй (1 Иоан. 3:22). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕны, мысайнаг ын зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыцы лӕггадгӕнджытӕй. Ӕркӕсӕм, чырыстӕттӕ мысайнаг куыд хъуамӕ дӕттой, уый тыххӕй апостол Павел цы загъта, уымӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Ӕцӕг чырыстӕттӕ мысайнӕгтӕ ӕвӕндонӕй нӕ фӕдӕттынц. Уыдонӕй алчидӕр мысайнаг уый тыххӕй дӕтты, ӕмӕ йӕхӕдӕг «йӕхицӕн... загъта» афтӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг ахъуыды кӕны, ӕххуыс кӕм хъӕуы ӕмӕ йӕ бон цӕмӕй у фӕкӕсын, ууыл, ӕмӕ йӕ бафӕнды мысайнаг раттын. Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Ӕндӕр тӕлмацы та ацы ныхӕстӕ афтӕ сты: «Хуыцау уарзы, дӕттын чи уарзы, уыцы адӕмы».

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Коринфӕгтӕм 9:15) Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!

w16.01 12 ф., 2 абз.

Хуыцауы стыр лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

2 Павел зыдта, Йесойы нывонд ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:20.) Уӕдӕ «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвармӕ» ӕрмӕст Чырыстийы нывонд нӕ хауы, фӕлӕ нӕм Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт цы хъуыддӕгтӕй ӕвдисы ӕмӕ мах тыххӕй цы хорздзинӕдтӕ аразы, уыдон иууылдӕр. Уыцы диссаджы лӕвар куыд зынаргъ у, уый ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн дӕр нӕй. Цымӕ уыцы лӕвармӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ 2016 азы 23 мартъийы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ уыцы лӕвар цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

(2 Коринфӕгтӕм 10:17) «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ».

g99-U 8/7 20, 21

Сӕрыстыр уай, уым ӕвзӕрӕй цы ис?

Чырыстон Грекъаг Фыстыты мивдисӕг кафха́омэ ратӕлмац кӕнӕн ис «сӕрыстыр уын, ӕппӕлын, цин кӕнын» ӕмӕ алы хатт ӕвзӕр цӕмӕдӕр нӕ фӕамоны. Павел загъта: «Цин кӕнӕм, Хуыцау нӕ кӕй скадджын кӕндзӕн, уый ныфс нӕ кӕй ис, ууыл». Стӕй ма ныффыста: «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ» (Ромӕгтӕм 5:2; 2 Коринфӕгтӕм 10:17). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах сӕрыстыр стӕм, Йегъовӕ нӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй. Йегъовӕйы ном у не стыр цин.

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Коринфӕгтӕм 7:1–12) Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, иугӕр нын Хуыцау ахӕм хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм. 2 Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Никӕмӕн уӕ ракодтам ӕвзӕрдзинад, никӕй уӕ сӕвӕрдтам ӕвзӕр фӕндагыл, нӕхи пайдайӕн уӕ никӕмӕй ницы агуырдтам. 3 Афтӕ мӕ ма бамбарут, ӕмӕ уӕ ӕфхӕргӕ кӕнын. Уый размӕ дӕр ма уын дзырдтон: цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм,– сымах стут нӕ зӕрдӕты. 4 Уемӕ мӕ бон у ӕргом дзурын. Ӕз сымахӕй сӕрыстыр дӕн. Мӕ зӕрдӕ тынг бафидар, ӕмӕ не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр мӕ цинӕн кӕрон нӕй. 5 Македонимӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд нын ӕнцой нӕ уыди. Алырдыгӕй дӕр нын уыд зындзинӕдтӕ: ӕддейӕ – тох, мидӕгӕй – тас. 6 Фӕлӕ нын уӕддӕр, ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау удӕнцой радта, Тит нӕм кӕй ӕрцыд, уымӕй. 7 Стӕй нӕм кӕй ӕрцыд, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ, сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Радзырдта нын, мӕ фендмӕ куыд тынг бӕллут, куыд хъыг кӕнут ӕмӕ мыл куыд ӕнувыд стут, уый тыххӕй, ӕмӕ мӕ циныл ноджыдӕр бафтыд. 8 Гъемӕ кӕд мӕ фыстӕджы тыххӕй ӕрӕнкъард стут, уӕддӕр ыл фӕсмон нӕ кӕнын. Кӕд ыл фыццаг фӕсмон кодтон,– зонын ӕй, мӕ фыстӕджы тыххӕй кӕй ӕрӕнкъард стут, кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр,– 9 уӕд ныр та цин кӕнын. Мӕ цин, кӕй ӕрӕнкъард стут, ууыл нӕу, фӕлӕ, кӕй ӕрӕнкъард стут, уый уӕ ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй сразӕнгард кодта, ууыл. Сымах ӕрӕнкъард стут, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ, ӕмӕ мах тыххӕй ницы фесӕфтат. 10 Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, адӕймаг афтӕ куы ӕрӕнкъард вӕййы, уӕд ӕй уый сразӕнгард кӕны ӕрфӕсмон кӕнынмӕ, фӕсмон та кӕны ирвӕзындзинадмӕ, ӕмӕ уым та хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы ис. Ацы дунейы адӕм куыд ӕрӕнкъард вӕййынц, уый та кӕны мӕлӕтмӕ. 11 Кӕсут-ма, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй ӕрӕнкъард стут, уый фӕрцы куыд зӕрдиагӕй райдыдтат архайын, уӕ ном куыд ссыгъдӕг кодтат, куыд тынг смӕсты стут ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз цы тас бацыд, куыд тынг уӕ бафӕндыд ӕрфӕсмон кӕнын, уӕ зӕрдӕты зынг куыд ссыгъд ӕмӕ хъуыддаг куыд сраст кодтат! Сымах алы ӕгъдауӕй дӕр равдыстат, ацы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут. 12 Уӕвгӕ, цы уӕм ныффыстон, уый уӕм нӕдӕр, ӕвзӕрдзинад чи ракодта, уый тыххӕй ныффыстон, нӕдӕр, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн ракодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕм ныффыстон, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр уӕ бон равдисын уыдаид, зӕрдӕйӕ ныл кӕй стут, уый.

20–26 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 11–13

«Павелӕн йӕ „буары фӕцавдӕуыд сындз“»

(2 Коринфӕгтӕм 12:7) бирӕ цыдӕртӕ мын кӕй раргом, уый тыххӕй. Уӕдӕ цӕмӕй мӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уон, уый тыххӕй мын мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз – Сайтаны зӕд,– цӕмӕй мӕ тухӕнӕй мара, ӕмӕ мӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уон.

w08 15/6 3 ф., 3 абз.

Лӕмӕгъӕй дӕр тыхджын

Апостол Павел Йегъовӕ Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йӕ фервӕзын кодтаид «йӕ буары... сындзӕй» – цы йӕ тыхсын кодта, уымӕй. Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Хуыцаумӕ уый тыххӕй куывта ӕртӕ хатты. Цыфӕнды ма уыдаид уыцы «сындз», уый Павелы хъыгдардта, ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад нал хаста. Павел йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ уыцы «сындз» тухӕнӕй мардта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ радта ахӕм дзуапп: «Фаг дын у, ме стыр хорзӕхӕй дын цы бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Йегъовӕ Павелы йӕ буары сындзӕй нӕ фервӕзын кодта. Ӕмӕ Павелы ӕдзух хъуыди тох кӕнын. Фӕлӕ мӕнӕ цы загъта: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:7–10). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд уымӕй?

(2 Коринфӕгтӕм 12:8, 9) Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ уыцы сындзӕй фервӕзын кӕна, 9 фӕлӕ мын уый загъта: «Фаг дын у, ме стыр хорзӕхӕй дын кӕй бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕхсызгондӕрӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй, цӕмӕй мын Чырыстийы тых цатырау ӕмбӕхсӕн уа.

w07 1/1 16, 17 фф., 17, 18 абз.

Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»

17 Хуыцау Павелы куывдтытӕн ахӕм дзуапп радта: «Фаг дын у, ме стыр хорзӕхӕй дын цы бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Павел та загъта: «Уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕхсызгондӕрӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй, цӕмӕй мын Чырыстийы тых цатырау ӕмбӕхсӕн уа» (2 Коринфӕгтӕм 12:9; Псалом 146:5). Уӕдӕ Павел йӕхиуыл бавзӕрста, Хуыцау ӕй Чырыстийы уылты цатырау кӕй хъахъхъӕны. Абон дӕр Йегъовӕ афтӕ дӕтты дзуапп нӕ куывдтытӕн. Уый хъахъхъӕны йӕ лӕггадгӕнджыты, цатыр адӕймаджы куыд бахъахъхъӕны, афтӕ.

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цатыр не ’рлӕууын кӕны къӕвда ӕмӕ дымгӕ, фӕлӕ нӕ уӕддӕр уыдӕттӕй бахъахъхъӕны. Афтӕ Павел дӕр цы цатыры кой кодта, ома «Чырыстийы тых», уый нӕ фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй нӕ хизы. Фӕлӕ нын уый хъахъхъӕны нӕ уырнындзинад, ацы дунейы ӕвзӕрӕй цы ис, уымӕй, ӕмӕ йӕ хицау Сайтаны лӕбурдтытӕй (Раргомад 7:9, 15, 16). Уӕдӕ нӕ кӕд Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, уӕддӕр дӕ ныфс уӕд: дӕ мӕт дын зоны ӕмӕ дӕ дӕ «хъуырдухӕны» нӕ ныууадздзӕн (Исай 30:19; 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Павел фыста: «Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕмӕн нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Коринфӕгтӕм 10:13; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

(2 Коринфӕгтӕм 12:10) Уӕдӕ мын ӕхсызгон у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис, кӕй мӕ ӕфхӕрынц, хъуагдзинӕдтӕ кӕй ӕййафын, мӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарын Чырыстийы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын.

w18.01 9 ф., 8, 9 абз.

«Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых»

8 Бакӕс Исайы 40:30. Чи зоны, цӕмӕдӕрты арӕхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нӕ бон алцыдӕр у. Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа. Апостол Павел дӕр кӕд бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхст, уӕддӕр йӕ бон алцы нӕ уыд. Иухатт Хуыцауӕн йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд ын уый загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Павел бамбӕрста, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:7–10). Цымӕ Павелы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

9 Павел ӕмбӕрста, ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ бауыдзӕн. Хъару-иу ӕм куы нал баззад, уӕд-иу ӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бафидар кодта. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма йын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта, йӕхи хъаруйы фӕрцы кӕй никуы бакодтаид, уыцы хъуыддӕгтӕ бакӕнынӕн дӕр. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хай кӕна, уӕд фидар уыдзыстӕм!

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Коринфӕгтӕм 11:23–27) Уыдон Чырыстийӕн кусынц? Цыма мӕ сӕрызонд фӕцыд, афтӕ зӕгъын: ӕз та уӕлдайдӕр. Ӕз бирӕ фылдӕр бафыдӕбон кодтон, бирӕ фылдӕр хӕттыты уыдтӕн ахӕстӕтты, фыднад дӕр-иу мӕ фӕкодтой, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм. 24 Дзуттӕгтӕй мыл фондз хатты сӕмбӕлд фӕйнӕ ӕртын фараст цӕфы, 25 ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой уистӕй, иу хатт та мӕ дуртӕй фӕхостой, ӕртӕ хатты бахаудтӕн ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыдтӕн, уый-иу ныппырх, ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыстон денджызы астӕу. 26 Арӕх уыдтӕн фӕндагыл, тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл хизгӕйӕ, тӕссаг мын уыди абырджытӕй, стӕй мӕхи адӕмӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй дӕр, тӕссаг мын уыди горӕты дӕр, ӕдзӕрӕг быдыры дӕр ӕмӕ денджызы дӕр, тӕссаг мын уыди мӕнг ӕфсымӕрты ’хсӕн. 27 Мӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодтон, арӕх-иу арвыстон ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ, уыдтӕн-иу ӕххормаг ӕмӕ дойны, бирӕ хатт-иу мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон, зонын, цы у уазал ӕмӕ бӕгънӕг.

w12 15/10 8 ф., 7 абз.

Ацы уӕззау рӕстӕджы фидар лӕууӕм

7 Ахъуыды-ма кӕнӕм апостол Павелыл дӕр. Цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй ныффыста: «Тӕссаг мын уыди горӕты дӕр, ӕдзӕрӕг быдыры дӕр ӕмӕ денджызы дӕр». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, «уыдтӕн-иу ӕххормаг ӕмӕ дойны», «зонын, цы у уазал ӕмӕ бӕгънӕг». Цалдӕр хатты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу цы науыл цыди, уый-иу ныппырх, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабӕрттӕй иуы кой кӕнгӕйӕ Павел ныффыста, «ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыстон денджызы астӕу», зӕгъгӕ (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ-иу йӕ цардӕн тӕссаг куы уыди, уӕд дӕр-иу йӕ ныфс нӕ асаст. Иухатт ӕй марынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ аирвӕзт, ӕмӕ уыцы хабары фӕстӕ Павел загъта: «Уый афтӕ уымӕн уыди, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ма дарӕм, фӕлӕ, мӕрдты чи ӕгас кӕны, уыцы Хуыцауыл. О, уый нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр нӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн» (2 Кор. 1:8–10). Павел цас цыдӕртӕ бавзӕрста, уыйбӕрц бирӕтӕ нӕ бавзӕрстой. Фӕлӕ-иу Павел цы ӕнкъардта, уый махӕй бирӕтӕн ӕнӕзонгӕ нӕу. Уӕдӕ, Павел афтӕ хъӕбатыр ӕмӕ фидар кӕй уыд, уый дӕр нын стыр ныфсы хос у.

(2 Коринфӕгтӕм 12:2–4) Ӕз зонын, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, иу ахӕм адӕймаджы. Уый цыппӕрдӕс азы размӕ – буары мидӕг уыди ӕви нӕ, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны – ист ӕрцыд ӕртыккаг арвмӕ. 3 О, зонын ахӕм адӕймаджы – буары мидӕг уыди ӕви нӕ, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны,– 4 ӕмӕ ист ӕрцыд дзӕнӕтмӕ ӕмӕ уым фехъуыста, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, адӕймагӕн дзурын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ныхӕстӕ.

w18.12 8 ф., 10–12 абз.

Кӕсджыты фарстатӕ

2-аг Коринфӕгтӕм 12-ӕм сӕры 2-аг стихы цы «ӕртыккаг арвы» кой ис, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны «ног арвмӕ» – йӕ сӕргъы Мессийӕ, ома Чырысти, ӕвӕрд кӕмӕн у ӕмӕ 144 000 паддзахы кӕм уыдзӕн, уыцы Паддзахадмӕ (2 Пет. 3:13).

Павел Хуыцауы Паддзахад «ӕртыккаг арв» уымӕн схуыдта, ӕмӕ у ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты уӕлдӕр хицаудзинад.

Павел йӕ цӕстылуайӕны цы «дзӕнӕтмӕ» ист ӕрцыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны: 1) фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ; 2) уыцы рӕстӕг, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы диссаджы фарн уыдзӕн, уымӕ; 3) «Хуыцауы дзӕнӕты», ома уӕлӕрвты, чи цӕрдзӕн, уыдон цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уыдонмӕ. Ӕмӕ фидӕны, Павел цы дзӕнӕты кой кодта, уый ӕртӕ хабаримӕ дӕр уыдзӕн баст.

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Коринфӕгтӕм 11:1–15) Курын уӕ, мӕ иуӕй-иу ӕнӕзонд ныхӕстӕн мын бабыхсут. Уӕвгӕ мын ныр дӕр быхсут! 2 Ӕз уыл тынг тыхсын, Хуыцау уыл куыд тыхсы, афтӕ, уымӕн ӕмӕ, лӕппу ӕмӕ чызг куыд бафидауынц, афтӕ уӕ иу лӕгимӕ, Чырыстиимӕ, мӕхӕдӕг бафидауын кодтон, цӕмӕй уӕ йӕ разы ӕнӕцыд чызгау сыгъдӕгӕй ӕрлӕууын кӕнон. 3 Фӕлӕ тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд ӕмӕ йӕ куыд фӕрӕдийын кодта, афтӕ уӕ зонд дӕр куы сзыгъуыммӕ уа ӕмӕ, Чырыстийы раз куыд ӕнӕхин ӕмӕ куыд сыгъдӕг хъуамӕ уат, афтӕ куы нал уат. 4 Исчи уӕм куы ’рцӕуы ӕмӕ уын мах кӕй тыххӕй хъусын кодтам, уыцы Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр Йесойы тыххӕй куы фӕхъусын кӕны, кӕнӕ уӕ, нырмӕ цы зондыл цыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр зондыл куы фӕаразы, кӕнӕ уӕм, цы хорз хабарыл баууӕндыдыстут, уый нӕ, фӕлӕ ӕндӕр хорз хабар куы ӕрхӕссы, уӕд сымах ахӕм адӕймагӕн фӕбыхсут. 5 Ӕз та афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ уӕ «диссаджы» апостолтӕй ӕвзӕрдӕр ницӕмӕй дӕн. 6 Кӕд дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн, уӕддӕр зонгӕ фаг кӕнын. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый та уын алы ӕгъдауӕй дӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр равдыстам. 7 Ӕви уын Хуыцауӕй хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтон ӕмӕ уый лӕвар кӕй арӕзтон ӕмӕ, цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон, уымӕй, мыййаг, тӕригъӕд сарӕзтон? 8 Цӕмӕй сымахӕн лӕггад кодтаин, уый тыххӕй-иу иннӕ ӕмбырдтӕ бастыгътон – цӕмӕй мын ӕххуыс кодтой, уый сӕ истон. 9 Фӕлӕ сымахмӕ куы уыдтӕн ӕмӕ хъуаг куы ’ййӕфтон, уӕд уӕ иуы дӕр нӕ батыхсын кодтон – Македонийӕ чи ’рцыд, уыцы ӕфсымӕртӕ мын, цы мӕ хъуыд, уымӕй дӕр фылдӕр ӕрхастой. О, ӕз ууыл архайдтон, цӕмӕй уӕ мацӕмӕй батыхсын кодтаин, ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ кӕндзынӕн. 10 Чырыстийау, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Ахайӕ афтӕ сӕрыстыр цӕмӕй дӕн, уый мын ничи байсдзӕн. 11 Фӕлӕ цӕмӕн кӕнын афтӕ? Нӕ уӕ уарзын, ӕмӕ уый тыххӕй? Хуыцау ӕй уыны, кӕй уӕ уарзын. 12 Ӕмӕ цы аразын, уый та амӕй фӕстӕмӕ дӕр араздзынӕн, цӕмӕй, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, мах дӕр апостолтӕ стӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ ууыл чи архайы, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ дӕр ахӕмтыл нымайой, уыдонӕн уый ӕфсон ма уа. 13 Уыдон сты мӕнг апостолтӕ, иннӕты сайыны куыст кӕнынц, сӕхи та афтӕ ӕвдисынц, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты. 14 Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу: Сайтан йӕхӕдӕг дӕр йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у. 15 Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхи афтӕ куы ’вдисой, цыма рӕстдзинады куыст кӕнынц, уӕд уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

27 МАЙЫ – 2 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ГАЛАТӔГТӔМ 1–3

«Ӕз [ӕм] ныхмӕ ӕрлӕууыдтӕн»

(Галатӕгтӕм 2:11–13) Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ’рцыд, уӕд ӕм ӕз ныхмӕ ӕрлӕууыдтӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ миты тыххӕй хъуыди бауайдзӕф кӕнын. 12 Иаковы ӕрвыст лӕгтӕ цалынмӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ-иу, иннӕ адӕмтӕй дзы чи уыд, уыдонимӕ фынгыл бадт. Фӕлӕ куы ’рцыдысты, уӕд, сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ, йӕхи иуварс айста ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ хӕстӕг нал цыди. 13 Йемӕ цӕстмӕ митӕ кодтой иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр, ӕмӕ ма сын суанг Варнавӕ дӕр сӕ цӕстмӕ митӕ бафӕзмыдта.

w17.04 27 ф., 16 абз.

Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

16 Бакӕс Галатӕгтӕм 2:11–14. Петр адӕмӕй фӕтарст (Ӕмб. 29:25). Кӕд зыдта, Йегъовӕ ӕндӕр адӕмтӕм цы цӕстӕй каст, уый, уӕддӕр фӕтарст, Иерусалимӕй чи ’рцыд, уыцы сунӕтгонд дзуттаг чырыстӕттӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Апостол Павел Петрӕн загъта, цӕстмӕ митӕ кӕй кӕны. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, н. э. 49 азы Иерусалимы цы фембӕлд уыд, уым Павел йӕхӕдӕг фехъуыста, Петр, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны сӕрыл куыд дзырдта, уый (Хъуыд. 15:12; Гал. 2:13). Цымӕ, Петр цы чырыстӕтты фӕхъыг кодта, уыдон куыд бакодтой? Уый сын цӕлхдур сси? Кӕннод цымӕ Петр йӕ рӕдыды тыххӕй йӕ кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕци?

(Галатӕгтӕм 2:14) Фӕлӕ ӕз уый куы федтон, ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ома хорз хабармӕ гӕсгӕ, нӕ архайынц, уӕд Кифӕйӕн се ’ппӕты раз загътон: «Кӕд ды дӕхӕдӕг, дзуттаг уӕвгӕйӕ, дзуттӕгты хуызӕн нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмты хуызӕн цӕрыс, уӕд, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдоны дзуттаг ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ куыд цӕрын кӕныс?»

w13 15/3 5 ф., 12 абз.

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн «нӕй цӕлхдур»

12 Петр адӕмӕй кӕй тарст, уый тыххӕй-иу уый дӕр хатт фӕрӕдыд. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдионӕй баззад. Зӕгъӕм, Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Лук. 22:54–62). Фӕстӕдӕр Петр йӕхи афтӕ дардта, цыма сунӕтгонд дзуттӕгтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй цӕмӕйдӕр хуыздӕр уыдысты. Фӕлӕ апостол Павел зыдта, чырыстон ӕмбырды иуты иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕн кӕй нӕй. Петр раст нӕ уыд. Ӕмӕ цалынмӕ йӕ зондахаст иннӕ ӕфсымӕртыл дӕр нӕ фӕзынд, уӕдмӕ йын Павел комкоммӕ уынаффӕ радта (Гал. 2:11–14). Цымӕ Петрмӕ уыцы уынаффӕ афтӕ хъыг фӕкаст, ӕмӕ, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг ныууагъта? Нӕ. Уый Павелы уынаффӕйыл хорз ахъуыды кодта, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ айста ӕмӕ чырыстон фӕндагыл дарддӕр згъордта.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Галатӕгтӕм 2:20) Мӕн Чырыстиимӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ мидӕг цӕры Чырысти. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ныр ацы зӕххон буары цы цӕрын, уый цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ.

w14 15/9 16 ф., 20, 21 абз.

Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн

20 Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ хинӕй куы архайа, уӕд та-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Зӕгъӕм, истӕй тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нӕ бон цы у саразын? Уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Апостол Павел дӕр раст афтӕ кодта. Кӕд хатгай йӕхимӕ ницӕйаг каст, уӕддӕр зыдта, Чырысти йӕ цард ӕххӕст адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты тыххӕй кӕй радта. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджын адӕмӕй иу уыд йӕхӕдӕг. Павел ныффыста: «[Ӕз] цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Гал. 2:20). Ӕцӕгдӕр, Павел Чырыстийы нывондыл ӕууӕндыд ӕмӕ фидарӕй зыдта, уыцы нывонды фӕрцы Хуыцау уый дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн.

21 Дӕуӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, фидарӕй куы ’ууӕндай, Йегъовӕ Чырыстийы дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста нывондӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕд истӕй тыххӕй ныфссаст дӕ, уӕд дын уыцы хъуыдытӕ уайтагъд ӕрбайсӕфдзысты. Кӕйдӕрты нӕ суанг ног дунейы онг хъӕудзӕн ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: хӕрзиуӕг райсдзысты, йӕ къухтӕ чи не ’руадза, уыдон. Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы бон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ уӕд ӕгас зӕххыл дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм се ’ппӕт дӕр суыдзысты ӕххӕст. Уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, кӕд нӕ уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын бахъӕуа, уӕддӕр!

(Галатӕгтӕм 3:1) О, ӕнӕмбаргӕ галатӕгтӕ, Йесо Чырыстийы уын цыма уӕ разы байтыгътой, афтӕ хорз уын куы бамбарын кодтой уыцы хабар, уӕд уын ныр уӕ зонд чи сзыгъуыммӕ кодта?

it-U «Галатам письмо», дӕлсӕргонд «Кому адресовано», 2 абз.

Фыстӕг галатӕгтӕм

Павел ныхӕстӕ «ӕнӕмбаргӕ галатӕгтӕ» куы загъта, уӕд, Галатийы цӕгатырдыгӕй чи цард, ӕрмӕст уыдоны кой нӕ кодта (Га 3:1). Уыцы ныхӕстӕй Павел ӕмбырды иуӕй-иу чырыстӕттӕн бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕн цы иудейӕгтӕ уыд, уыдоны зондахаст сыл бандӕвта. Уыдон архайдтой, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдаиккой, Хуыцауы Фыртыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Моисейы закъоны фӕрцы (Га 2:15–3:14; 4:9, 10). «Галатийы ӕмбырды» (Га 1:2) уыди дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ дзуттаг чи нӕ уыди, ахӕмтӕ дӕр. Дзуттаг чи нӕ уыди, уыдонмӕ хаудысты, сунӕт чи скодта ӕмӕ дзуттаг дин чи райста, уыдон, стӕй, сунӕт чи не скодта ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй чи уыд (се ’хсӕн уыд кельттӕ дӕр), уыдон (Хъд 13:14, 43; 16:1; Га 5:2). Се ’ппӕт дӕр Галатийы кӕй цардысты, Павел дӕр сӕ галатӕгтӕ уымӕн схуыдта. Павелы фыстӕгӕй бӕрӕг у, ромаг провинцийы хуссарырдыгӕй чи цард ӕмӕ зонгӕ кӕимӕ уыд, уыцы чырыстӕттӕм кӕй фыста.

Библийӕ бакӕсинаг

(Галатӕгтӕм 2:11–21) Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ’рцыд, уӕд ӕм ӕз ныхмӕ ӕрлӕууыдтӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ миты тыххӕй хъуыди бауайдзӕф кӕнын. 12 Иаковы ӕрвыст лӕгтӕ цалынмӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ-иу, иннӕ адӕмтӕй дзы чи уыд, уыдонимӕ фынгыл бадт. Фӕлӕ куы ’рцыдысты, уӕд, сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ, йӕхи иуварс айста ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ хӕстӕг нал цыди. 13 Йемӕ цӕстмӕ митӕ кодтой иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр, ӕмӕ ма сын суанг Варнавӕ дӕр сӕ цӕстмӕ митӕ бафӕзмыдта. 14 Фӕлӕ ӕз уый куы федтон, ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ома хорз хабармӕ гӕсгӕ, нӕ архайынц, уӕд Кифӕйӕн се ’ппӕты раз загътон: «Кӕд ды дӕхӕдӕг, дзуттаг уӕвгӕйӕ, дзуттӕгты хуызӕн нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмты хуызӕн цӕрыс, уӕд, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдоны дзуттаг ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ куыд цӕрын кӕныс?» 15 Мах стӕм дзуттӕгтӕ, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй чи у, уыцы тӕригъӕдджынты хуызӕн не стӕм. 16 Мах ӕй зонӕм: закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, адӕймаг уыдоны фӕрцы не ’рцӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад, фӕлӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Ӕмӕ мах нӕхӕдӕг дӕр Йесо Чырыстийыл баууӕндыдыстӕм, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы нӕ, фӕлӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы, уымӕн ӕмӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы иу адӕймаг дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад не ’рцӕудзӕн. 17 Ӕмӕ кӕд мах, цӕмӕй Чырыстийы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм, уымӕ тырнгӕйӕ, нӕхӕдӕг дӕр тӕригъӕдджынтӕ разындыстӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн лӕггад кӕны? Уымӕн гӕнӕн нӕй! 18 Кӕд, кӕддӕр цы фехӕлдтон, уый фӕстӕмӕ аразын, уӕд ӕз дӕн закъонхалӕг. 19 Мӕхи кой куы кӕнон, уӕд, закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй райгас уон. 20 Мӕн Чырыстиимӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ мидӕг цӕры Чырысти. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ныр ацы зӕххон буары цы цӕрын, уый цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ. 21 Ӕз Хуыцауы стыр хорзӕхыл мӕ къух нӕ исын, уымӕн ӕмӕ кӕд адӕймаг рӕстгӕнӕгыл закъоны фӕрцы цӕуы нымад, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын