ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ФИЛИППӔГТӔМ 1–4
«Мӕт мацӕуыл кӕнут»
Адӕймагӕн куывд баххуыс кӕны, цӕмӕй мауал мӕт кӕна
Куы фӕкувӕм ӕмӕ куы нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уӕд нын ратты, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн»
Зын уавӕры куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Хатт нын баххуыс кӕны, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ (1Кр 10:13).