Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
3–9 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 12–14
«Алкӕй цардыл дӕр чи фӕзындзӕн, уыцы бадзырд»
(Райдиан 12:1, 2) Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар, ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу. 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад.
it-U «Соглашение», дӕлсӕргонд «Соглашение с Авраамом», 1 абз.
Бадзырд
Авраамимӕ арӕзт бадзырд. Авраамимӕ арӕзт бадзырд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ тыхы бацыд, Аврам (Авраам) Ханаанмӕ цӕугӕйӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уӕд. Уымӕй 430 азы фӕстӕ арӕзт ӕрцыд Моисейы закъонимӕ баст бадзырд (Га 3:17). Йегъовӕ Авраамимӕ ныхас кодта, Авраам Месопотамийы, халдейаг горӕт Уры, куы цард, уӕд. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй ацыдаид, цы зӕхмӕ йын бацамыдта, уырдӕм (Хъд 7:2, 3; Рд 11:31; 12:1–3). Рацыды 12:40, 41 стихты (LXX) куыд фыст ис, афтӕмӕй Израил Египеты ӕмӕ Ханааны фӕцард 430 азы, ӕмӕ уыцы азтӕ куы фесты, уӕд, «тӕккӕ уыцы бон», рацыд Египетӕй, цагъарады кӕм уыд, уырдыгӕй. Египетӕй рацыдысты н. э. размӕ 1513 азы 14 нисаны, Куадзӕн цы бон уыд, уыцы бон (Рц 12:2, 6, 7). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авраам Ханаанмӕ цӕугӕйӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты ахызт н. э. размӕ 1943 азы 14 нисаны, ӕмӕ Авраамимӕ арӕзт бадзырд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ тыхы уӕд бацыд. Хуыцау Аврааммӕ ногӕй фӕзынд, Авраам, Ханааны зӕххыл чи уыд, уыцы горӕт Сихеммӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бамбарын кодта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддагӕн». Афтӕмӕй бамбарын кодта, Авраамимӕ арӕзт бадзырд баст кӕй у, Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыимӕ. Стӕй ма афтӕмӕй раргом кодта, «байзӕддаг» адӕймаджы хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн (Рд 12:4–7). Уыцы хабар ма Йегъовӕ фӕстӕдӕр цалдӕр хатты бӕлвырддӕр бамбарын кодта, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Райдианы 13:14–17; 15:18; 17:2–8, 19; 22:15–18 стихты.
(Райдиан 12:3) Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн, ӕмӕ дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр».
w89-U 1/12 3 ф., 4 абз.
Авраам ӕцӕгӕй чи уыд, уый зонын цӕмӕн хъӕуы?
Уый у диссаджы зӕрдӕвӕрд, ӕмӕ ма йӕ Авраам уый фӕстӕ ноджыдӕр ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты фехъуыста (Райдиан 18:18; 22:18). Хуыцау уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныны тыххӕй райгас кӕндзӕн, суанг сӕ кой дӕр кӕмӕн нал ис, уыцы адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыцы адӕмы дӕр. Уыдонӕн цард ӕцӕг арфӕдзинад уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр райгас уыдзысты, адӕм ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕты хуызӕн чи уыдзӕн, уыцы зӕххыл. Уый фӕстӕ базондзысты, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уой (Райдиан 2:8, 9, 15–17; 3:17–23).
(Райдиан 13:14–17) Лот Аврамӕй куы ахицӕн, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма акӕс цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, 15 уымӕн ӕмӕ, цы зӕхх уыныс, уый иууылдӕр ӕз ӕнустӕм ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. 16 Зӕххыл рыг куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Ӕмӕ кӕд искӕй бон суыдзӕн, зӕххыл цы рыг ис, уый банымайын, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн. 17 Ацу ӕмӕ ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕуӕн ратдзынӕн».
it-U «Закон», дӕлсӕргонд «Имущество», 2 абз.
Закъон
Историйы бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу адӕймаг зӕхх куы ӕлхӕдта, уӕд-иу ын ӕй зӕххы хицау равдыста, хорз кӕцӕй зындаид, ахӕм ранӕй ӕмӕ-иу ын уыцы зӕххы арӕнтӕ бӕлвырд бацамыдта. Ӕмӕ-иу ӕлхӕнӕг куы загъта, уынын ӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕлхӕны. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, Ханааны зӕхх ын кӕй ратдзӕн, уӕд уал ын фыццаг загъта, цӕмӕй акастаид цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм. Авраам нӕ загъта, уынын ӕй, зӕгъгӕ, чи зоны, уымӕн, ӕмӕ Хуыцау Зӕрдӕвӕрд зӕхх раттынӕй зӕрдӕ бавӕрдта Авраамы байзӕддӕгтӕн, стӕй уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой фӕстӕдӕр (Рд 13:14, 15). Хуыцау Моисейӕн, израилӕгты номӕй чи архайдта, уымӕн, загъта, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ акастаид. Кӕд ахуыргӕндты хъуыды раст у, уӕд, Моисей зӕхмӕ кӕй хъуамӕ акастаид, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ныр уыцы зӕхх хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид израилӕгтӕн; уыцы зӕхмӕ сӕ хъуамӕ бакодтаид Йесо Навин (Д.з 3:27, 28; 34:4; ноджыдӕр ма кӕс Мф 4:8, уым фыст ис, Хӕйрӕг Йесойӕн дунейы бартӕ раттынмӕ куы хъавыд, уый тыххӕй). Адӕймаг-иу зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ куы ӕрзылд кӕнӕ-иу уыцы зӕхмӕ куы бацыд, цӕмӕй-иу ӕй йӕхи бакодтаид, уӕд-иу афтӕмӕй дӕр, ӕвӕццӕгӕн, зӕхх закъонмӕ гӕсгӕ нымад ӕрцыд йӕ исбоныл (Рд 13:17; 28:13). Иуӕй-иу рагон документтӕй куыд зыны, афтӕмӕй-иу зӕхх уӕй кӕнгӕйӕ алы хатт дӕр фыст ӕрцыд, цал бӕласы йыл зайы, уый. (Абар Рд 23:17, 18.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 13:8, 9) Уӕд Аврам Лотӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Не ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ’хсӕн дӕр быцӕутӕ цӕмӕн хъуамӕ уа, ӕфсымӕртӕ куы стӕм? 9 Зӕхх иууылдӕр дӕ разы нӕй? Курын дӕ, ахицӕн у мӕнӕй. Кӕд ды галиуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн, кӕд ды рахизырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн».
Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?
12 Библи нын амоны, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон куыд у сӕ фарн бахъахъхъӕнын, кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, Авраамӕн ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лотӕн уыди тынг бирӕ фос, ӕмӕ иуафон сӕ фыййӕуттӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, хизӕнтӕ сын кӕй нал фаг кодта, уый тыххӕй. Авраамы фӕндыд, се ’хсӕн цы фарн уыд, уый бахъахъхъӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Лотӕн уый бар радта, цӕмӕй йӕхицӕн зӕххытӕ фыццаг равзӕрстаид (Райд. 13:1, 2, 5–9). Куыд хорз цӕвиттон нын ныууагъта! Цымӕ Авраам ахӕм рӕдау кӕй разынд, уый тыххӕй истӕмӕй фӕцух? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕм цы уыд, уымӕй йӕм бирӕ фылдӕр кӕй уыдзӕн (Райд. 13:14–17). Цымӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Не ’фсымӕримӕ бафидауыны тыххӕй нӕ нӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын дӕр куы бахъӕуа, уӕд дӕр нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.
(Райдиан 14:18–20) Салимы паддзах Мелхиседек та йын йӕ размӕ рахаста дзул ӕмӕ сӕн. Мелхиседек уыди Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын. 19 Ӕмӕ Аврамӕн раарфӕ кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау Аврамӕн раарфӕ кӕнӕд, Раарфӕ йын кӕнӕд арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг! 20 Арфӕгонд уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау, Уый дын де знӕгты радта дӕ къухмӕ!» Ӕмӕ йын уӕд Аврам, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй радта дӕсӕм хай.
(Дзуттӕгтӕм 7:4–10) Ахъуыды-ма кӕнут, мыггаджы хистӕр Авраам, йӕ къухы цы мулк бафтыд, уымӕн йӕ хуыздӕрӕй дӕсӕм хай кӕмӕн радта, уыцы адӕймаг куыд кадджын уыди. 5 Раст у, Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи свӕййы, уыдон Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕй, ома се ’фсымӕртӕй, исой дӕсӕм хай, кӕд уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты, уӕддӕр. 6 Фӕлӕ уыдоны мыггагӕй чи нӕ уыд, уый та дӕсӕм хай райста Авраамӕй ӕмӕ раарфӕ кодта, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕн. 7 Ӕмӕ уый та алкӕддӕр афтӕ вӕййы: уӕлдӕр чи у, уый фӕарфӕ кӕны, дӕлдӕр чи у, уымӕн. 8 Фыццаг уавӕры дӕсӕм хай дӕттынц, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн, дыккаджы та – Фыстад афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы, уый цӕры, зӕгъгӕ, уымӕн. 9 Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авраамы уылты дӕсӕм хай радта Леви дӕр, йӕхицӕн дӕсӕм хай кӕмӕн дӕттынц, уый, 10 уымӕн ӕмӕ уый уыд Авраамы байзӕддаг, кӕд, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд гуырд нӕма уыди, уӕддӕр.
it-U «Священник», дӕлсӕргонд «В древности», 2 абз.
Сауджын
Мелхиседек, Салимы паддзах, ӕнӕуи сауджын (кохе́н) нӕ уыди. Библийы фыст нӕй, йӕ фыдӕлтӕ чи уыдысты, стӕй дзы йӕ райгуырды тыххӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕты тыххӕй дӕр ницы ис фыст. Сауджын уый тыххӕй не сси, ӕмӕ сауджынты хӕдзарвӕндагӕй уыд, стӕй йӕ размӕ дӕр сауджынтӕ нӕ уыд ӕмӕ йӕ бӕсты дӕр сауджын ничи сси. Мелхиседек уыцы иу рӕстӕг уыди сауджын дӕр ӕмӕ паддзах дӕр. Уый уыд, Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи уыд, уыдонӕй кадджындӕр, уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Леви дӕсӕм хай радта Мелхиседекӕн. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Леви уыд Авраамы байзӕддаг, кӕд, Авраам Мелхиседекӕн дӕсӕм хай куы радта ӕмӕ йын уый куы раарфӕ кодта, уӕд Леви гуырд нӕма уыди, уӕддӕр (Рд 14:18–20; Дзт 7:4–10). Ӕппӕт ацы хабӕрттӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Мелхиседек кӕй амыдта Йесо Чырыстимӕ. Уый у «Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм» (Дзт 7:17).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 12:1–20) Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар, ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу. 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад. 3 Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн, ӕмӕ дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр». 4 Ӕмӕ уӕд Аврам Харранӕй рацыд, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыд Лот дӕр. Аврам Харранӕй куы рацыд, уӕд ыл цыди ӕвдай фондз азы. 5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, семӕ рахастой сӕ фӕллӕйттӕ, стӕй ма ракодтой, Харраны сӕм цы лӕггадгӕнджытӕ уыди, уыдоны дӕр, ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ. Ӕмӕ Ханаанмӕ куы ’рцыдысты, 6 уӕд Аврам ӕрзылд уыцы зӕххыл, суанг, Сихем кӕй хуыдтой, уыцы бынаты онг – уый ис Морейы стыр бӕлӕсты цур. Уыцы рӕстӕг дзы цардысты ханаайнӕгтӕ. 7 Уӕд Йегъовӕ фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддагӕн». Уый фӕстӕ Аврам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, чи йӕм фӕзынд, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн. 8 Стӕй уырдыгӕй араст, Вефилӕй скӕсӕнырдыгӕй цы хӕхбӕстӕ ис, уырдӕм, ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн. Вефил уыди ныгуылӕнырдыгӕй, Гай та – скӕсӕнырдыгӕй. Уым Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ном ссардта. 9 Цасдӕры фӕстӕ Аврам уырдыгӕй сыстад ӕмӕ араст Негевы ’рдӕм – куы-иу иу ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыртӕ, куы – иннӕ ран. 10 Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман. Ӕмӕ Аврам ацыд Египетмӕ, цӕмӕй уал иуцасдӕр уым ацардаид, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг заман скодта. 11 Аврам Египетмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, 12 ӕмӕ дӕ египетӕгтӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты, ай йӕ ус у, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13 Ӕмӕ дӕ курын, зӕгъ-иу сын, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй мыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа ӕмӕ дӕ фӕрцы удӕгасӕй баззайон». 14 Аврам Египетмӕ куы ’рцыд, уӕд египетӕгтӕ федтой, Сарӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй у. 15 Сӕ цӕст ыл ӕрӕвӕрдтой фараоны кънйӕзтӕ дӕр ӕмӕ дзы фараонӕн раппӕлыдысты. Уӕд Сарӕйы акодтой фараоны хӕдзармӕ. 16 Ӕмӕ фараон Сарӕйы тыххӕй Авраммӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст, ӕмӕ йын радта фыстӕ, стуртӕ, хӕрджытӕ, теуатӕ, стӕй лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты. 17 Фӕлӕ Йегъовӕ Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй фараоныл ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл уӕззау низтӕ бафтыдта. 18 Ӕмӕ уӕд фараон Авраммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый мын цӕуылнӕ загътай? 19 Афтӕ мын цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Гыццыл ма, ӕмӕ дзы мӕхицӕн ус скодтаин. Мӕнӕ дӕ ус. Акӕн ӕй ӕмӕ ацу!» 20 Ӕмӕ йӕ фараон йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ уыдон ахизын кодтой – йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ усы дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон дӕр йемӕ, афтӕмӕй.
10–16 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 15–17
«Йегъовӕ Аврамӕн ӕмӕ Сарӕйӕн сӕ нӕмттӕ цӕмӕн фӕивта?»
(Райдиан 17:1) Аврамыл нӕуӕдз фараст азы куы цыди, уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау. Ӕдзухдӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕр ӕмӕ у ӕнаипп.
it-U «Безупречность, безукоризненность», дӕлсӕргонд «Отношения Иеговы с несовершенными людьми»
Ӕнӕфау, ӕнаипп
Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмимӕ куыд архайы. Йегъовӕ Хуыцау цыдӕриддӕр аразы ӕмӕ дзуры, уымӕ фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Уый алцӕмӕй дӕр у ӕххӕст (Д.з 32:4). Уымӕ гӕсгӕ, стӕй ма Хуыцау ӕппӕтхъомысджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дӕр, йӕ бон у зӕгъын, Иовӕн йӕ зондахаст раст кӕнгӕйӕ цы загъта, уый: «Ау, адӕймаг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ хъуамӕ фаутӕ хӕсса [комк. «уайдзӕф кӕна», «зондахаст раст кӕна», «зонд амона»] ӕмӕ йемӕ быцӕу кӕна?» (Иов 40:1, 2). Апостол Павел бамбарын кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдонимӕ архайа, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ, дурынгӕнӕгӕн йӕхи бон куыд у аскъуыддзаг кӕнын, цавӕр мигӕнӕн скӕна, уыйау. Хуыцау «йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у... уыцы мигӕнӕнтӕн» быхсы, фараонӕн куыд быхста, афтӕ. «Фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕм» та Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ. Ӕмӕ никӕмӕн ис уый бар, цӕмӕй, Хуыцау раст кӕй архайы, уый дзырддаг кӕна (Ро 9:14–24). Хуыцау йӕ Фырты,– фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ ницӕмӕй ис, уый (Дзт 7:26),– нывондӕн ӕрхаста, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон у, йӕ коммӕ чи кӕсы ӕмӕ Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдоны рӕстгӕнджытыл, кӕнӕ ӕнаипп, ӕнӕфау адӕймӕгтыл, нымайын. Хуыцау у раст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕнаипп Тӕрхонгӕнӕг (Ро 3:25, 26; кӕс НЕПОРОЧНОСТЬ; СОВЕРШЕНСТВО).
it-U «Безупречность, безукоризненность», дӕлсӕргонд «Применительно к людям», 1 абз.
Ӕнӕфау, ӕнаипп
Библийы адӕмы кой куы фӕцӕуы. Адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕй арӕх афтӕ зӕгъӕн нӕ вӕййы, ӕмӕ сӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Адӕм иууылдӕр Адамӕй сӕ туджы рахастой тӕригъӕд (Ро 5:12; Пс 51:5). Фӕлӕ Йегъовӕ, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ ницӕмӕй ис, уыцы Хуыцау, «хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу», ӕмӕ нӕм уымӕ гӕсгӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ (Пс 103:13, 14). Библийы адӕмы кой куы фӕцӕуы, уӕд дзырдтӕ «ӕнаипп», «ӕнӕфау» уымӕ нӕ фӕамонынц, ӕмӕ адӕймаг алцӕмӕй ӕнаипп у кӕнӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр ницӕмӕй ис. Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ, иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс Ной, «йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн» (Рд 6:9). Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ӕдзухдӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕр ӕмӕ у ӕнаипп» (Рд 17:1). Кӕд Ной ӕмӕ Авраам ӕнӕххӕст уыдысты ӕмӕ амардысты, уӕддӕр Йегъовӕйы цӕсты, зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый цӕсты, уыдысты ӕнаипп, ӕнӕфау (1См 16:7; абар 2Пд 20:3; 2Аз 16:9). Хуыцау Израилӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз у ӕнаипп» (Д.з 18:13; 2См 22:24).
(Райдиан 17:3–5) Уӕд Аврам дӕлгоммӕ ӕрхауд, Хуыцау та йемӕ дарддӕр ныхас кодта ӕмӕ йын загъта: 4 «Ӕз демӕ скодтон бадзырд, ӕмӕ ды суыдзынӕ бирӕ адӕмты фыд. 5 Ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам нал уыдзӕн, фӕлӕ Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыд.
it-U «Авраам», дӕлсӕргонд «Появление обещанного потомства», 2 абз.
Авраам
Рӕстӕг цыд. Ханааны иу-10 азы куы фӕцардысты, уӕд дӕр ма Саррӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд. Уымӕ гӕсгӕ Авраамӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕджы, египетаг Агары, цӕмӕй йын уымӕй зӕнӕг рацыдаид. Ӕмӕ н. э. размӕ 1932 азы Авраамӕн райгуырд Измаил. Уӕд Авраамыл цыди 86 азы (Рд 16:3, 15, 16). Уымӕй ма иуцасдӕр рацыд. Н. э. размӕ 1919 азы, Авраамыл 99 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр сунӕтгонд ӕрцыдаиккой. Уый уыд нысан, кӕнӕ мыхуыр, Йегъовӕ йемӕ бадзырд кӕй сарӕзта, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Уыцы бадзырды фӕрцы Хуыцау Авраамы стыр кады аккаг скодта. Стӕй ма йын уӕд Йегъовӕ йӕ ном фӕивта. Раздӕр хуынд Аврам, ӕмӕ йӕ схуыдта Авраам, уымӕн ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дӕ «ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыд» (Рд 17:5, 9–27; Ро 4:11). Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Аврааммӕ ӕрбацыд ӕртӕ зӕды. Авраам бамбӕрста, Йегъовӕйы минӕвӕрттӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй суазӕг кодта. Уыдон ын загътой, афӕдз дӕр нӕ рацӕудзӕн, афтӕ Саррӕ кӕй басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын кӕй райгуырдзӕн лӕппу (Рд 18:1–15).
(Райдиан 17:15, 16) Уый фӕстӕ Хуыцау Авраамӕн загъта: «Дӕ ус Сарӕйы та Сарӕ мауал хон, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ ном уыдзӕн Саррӕ. 16 Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт. Раарфӕ йын кӕндзынӕн, ӕмӕ уымӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ адӕмты паддзӕхтӕ».
w09-U 1/2 13
Адӕймагӕн йӕ ном цӕуыл дзурӕг у?
Хуыцау-иу йӕхӕдӕг кӕйдӕрты нӕмттӕ фӕивта, ӕмӕ-иу уыцы нӕмттӕ баст уыдысты пехуымпарӕдтимӕ. Зӕгъӕм, Аврамы (нысан кӕны «кадджын фыд») схуыдта Авраам (нысан кӕны «тынг бирӕты фыд»). Ӕмӕ йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ, Авраам сси бирӕ адӕмты фыд (Райдиан 17:5, 6). Афтӕ уыд йӕ хабар Авраамы ус Сарӕйӕн дӕр. Уыцы ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «хъуырхъуыргӕнаг». Ӕмӕ Сарӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, Хуыцау ын йӕ ном куы фӕивта ӕмӕ йӕ Саррӕ куы схуыдта, уӕд. Уыцы ном нысан кӕны, паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн. Уый дзурӕг уыд, паддзӕхтӕ дзы кӕй хъуамӕ рацыдаид, ууыл (Райдиан 17:15, 16).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 15:13, 14) Ӕмӕ уӕд Хуыцау Аврамӕн загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы. 14 Фӕлӕ, цагъартӕ кӕмӕн уой, уыцы адӕмы ӕз бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы бӕстӕйӕ рацӕудзысты бирӕ мулкимӕ.
it-U «Хронология», дӕлсӕргонд «С 1943 г. до н. э. до исхода», 3 абз.
Хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты
Йегъовӕ Аврамӕн (Авраамӕн) загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы» (Рд 15:13; ноджыдӕр ма кӕс Хъд 7:6, 7). Йегъовӕ ацы ныхӕстӕ загъта, зӕрдӕвӕрд бындар, кӕнӕ байзӕддаг, Исахъ, куы нӕма райгуырд, уӕд. Н. э. размӕ 1932 азы Авраамӕн египетаг лӕггадгӕнӕг чызг Агарӕй райгуырд Измаил, н. э. размӕ 1918 азы та райгуырд Исахъ (Рд 16:16; 21:5). Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд фӕци, ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой, уыцы рӕстӕг (Рд 15:14). Уыцы хабарӕй 400 азы куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм н. э. размӕ 1913 азмӕ. Исахъыл уӕд цыди иу-фондз азы. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг Исахъы дзидзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ, «ӕцӕгӕлон бӕстӕйы» ӕрцӕуӕггаг уӕвгӕйӕ, пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд ӕййафын райдыдта – Измаил дзы «хынджылӕг кӕнын» райдыдта. Измаилыл уӕд цыд 19 азы (Рд 21:8, 9). Измаил Исахъӕй кӕй хынджылӕг кодта, уый абон, чи зоны, уадиссаг макӕмӕ фӕкӕса, фӕлӕ уыцы заман та ахӕм хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кастысты. Уый бӕрӕг у, Саррӕ куыд бакодта ӕмӕ Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй: Саррӕ Агары ӕмӕ йын йӕ фырт Измаилы тӕрын кодта, ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй Саррӕмӕ байхъуыстаид (Рд 21:10–13). Ацы хабар Библийы бӕстон фыст кӕй ӕрцыд, уый дӕр бӕлвырд кӕны, гъеуӕд кӕй райдыдта, израилӕгтӕ ӕфхӕрд цы 400 азы дӕргъы ӕййӕфтой, уыцы рӕстӕг, ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕци, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд (Га 4:29).
(Райдиан 15:16) Фӕлӕ дӕ байзӕддӕгтӕ ардӕм ӕрбаздӕхдзысты цыппӕрӕм фӕлтӕры, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййафой».
it-U «Исход из Египта», дӕлсӕргонд «В четвертом поколении», 1 абз.
Израилӕгтӕ Египетӕй рацыдысты
«Цыппӕрӕм фӕлтӕры». Зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цыппӕрӕм фӕлтӕры йӕ байзӕддӕгтӕ Ханаанмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты (Рд 15:16). Авраамимӕ арӕзт бадзырд йӕ тыхы куы бацыд, уӕдӕй, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕдмӕ рацыд 430 азы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг кӕрӕдзи раивтой цыппар фӕлтӕрӕй фылдӕр (кӕд Библимӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕг адӕм тынг бирӕ цардысты, уӕддӕр). Фӕлӕ израилӕгтӕ Египеты фӕцардысты ӕрмӕстдӕр 215 азы. Ӕмӕ Египеты куы ’рцардысты, уыцы рӕстӕгӕй куы банымайӕм, цал фӕлтӕры дзы фӕцард, уӕд рауайдзысты цыппар. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис Левийы мыггаг: 1) Левий, 2) Кааф, 3) Амрам ӕмӕ 4) Моисей (Рц 6:16, 18, 20).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 15:1–21) Уыцы хабӕртты фӕстӕ Йегъовӕ Авраммӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Аврам, мацӕмӕй тӕрс. Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн. Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг». 2 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цы мын ратдзынӕ? Нырмӕ дӕр мын зӕнӕг нӕй, ӕмӕ мӕ хӕдзар баззайдзӕн Елиезерӕн, дамаскаг лӕгӕн». 3 Аврам ма ноджыдӕр загъта: «Ды мын байзӕддаг нӕ радтай, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг уыдзӕн мӕ бындар». 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ бындар уыцы адӕймаг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дӕхицӕй чи рацӕуа, уый уыдзӕн дӕ бындар». 5 Уый фӕстӕ йӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ банымай стъалытӕ, кӕд сӕ дӕ бон банымайын суа, уӕд». Ӕмӕ ма йын Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр». 6 Аврам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл. 7 Стӕй ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз дӕ ракодтон халдейаг горӕт Урӕй, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон». 8 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый цӕмӕй базондзынӕн?» 9 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕрбакӕн мын ӕртӕаздзыд дыгӕрдыг, ӕртӕаздзыд сӕгъ, ӕртӕаздзыд фыр, стӕй мын ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ лӕппын бӕлон». 10 Аврам дӕр ӕрбакодта уыцы цӕрӕгойты, алкӕцыйы дӕр дзы дыууӕ дихы акодта ӕмӕ дзы алы цӕрӕгойӕн дӕр йӕ иу хай иуырдыгӕй ӕрӕвӕрдта, иннӕ хай та – иннӕрдыгӕй, йӕ бакомкоммӕ. Ӕрмӕст бӕлӕтты нӕ адих кодта. 11 Дзидзатӕм тугдзых мӕргътӕ тӕхын байдыдтой, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта. 12 Иуцасдӕры фӕстӕ, хур куы фӕцӕйныгуылди, уӕд Аврам тарф фынӕй баци, ӕмӕ фыны федта, цыма бӕстӕ сау талынг баци. 13 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Аврамӕн загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы. 14 Фӕлӕ, цагъартӕ кӕмӕн уой, уыцы адӕмы ӕз бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы бӕстӕйӕ рацӕудзысты бирӕ мулкимӕ. 15 Ды та амондджынӕй бирӕ фӕцӕрдзынӕ, стӕй ӕрӕнцайдзынӕ ӕмӕ дӕ дӕ фыдӕлтимӕ бавӕрдзысты. 16 Фӕлӕ дӕ байзӕддӕгтӕ ардӕм ӕрбаздӕхдзысты цыппӕрӕм фӕлтӕры, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййафой». 17 Хур куы аныгуылд, уӕд тынг баталынг, ӕмӕ дын мӕнӕ, кӕй адих кодта, уыцы цӕрӕгойты хӕйтты ’хсӕн фӕздӕгкалгӕ пец ӕмӕ судзгӕ цырагъ ацыд. 18 Уыцы бон Йегъовӕ Аврамимӕ скодта бадзырд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ӕз ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн – Египеты цӕугӕдонӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг: 19 кенейты, кенезейты, кедмонейты, 20 хетты, ферезейты, рефаимты, 21 аморейты, ханаайнӕгты, гергесейты ӕмӕ йевусейты зӕхх».
17–23 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 18, 19
«„Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг“ Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесӕфта»
(Райдиан 18:23–25) Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ? 24 Уӕдта ма уыцы горӕты фӕндзай рӕстгӕнӕджы ис, уӕд дӕр ӕй фесафдзынӕ? Цы фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы цӕры, уыдоны тыххӕй уыцы горӕт нӕ ныууадздзынӕ? 25 Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр! Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай! Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»
«Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр рахӕссы раст тӕрхон
ИУХАТТ Авраам Йегъовӕйы бафарста: «Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» (Райд. 18:25). Авраамы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн ӕмӕ йӕ тӕрхонмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Уый зыдта, Йегъовӕ афтӕ кӕй никуы бакӕндзӕн, цӕмӕй, «фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр». Уый йӕ уырнгӕ дӕр никуы бакодтаид. Уымӕй 400 азы фӕстӕ Йегъовӕ йӕхи тыххӕй Моисейӕн афтӕ ныффыссын кодта: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дык. з. 31:19; 32:4).
(Райдиан 18:32) Уӕд ын Авраам загъта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у, ӕрмӕстдӕр ма иу хатт зӕгъон: дӕс йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый та йын дзуапп радта: «Дӕс дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн».
Фӕразондзинад – ныфс сӕттын чи нӕ уадзы, уыцы миниуӕг
Йегъовӕйӕ фӕразондӕр ничи у, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (2 Пет. 3:15). Йегъовӕ-иу стыр фӕразондзинад куыд равдыста, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис (Неем. 9:30; Ис. 30:18). Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йегъовӕ Содом фесафынвӕнд куы скодта ӕмӕ йӕм Авраам уый фӕдыл цалдӕр фарстайы куы радта, уӕд Йегъовӕ куыд бакодта? Авраам ын йӕ сагъӕстӕ куы дзырдта, уӕд ын уый йӕ ныхас ӕрдӕгыл нӕ аскъуыдта, фӕлӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ-иу ӕй Авраам цӕмӕй фарста, уый-иу ногӕй йӕхӕдӕг дӕр загъта, стӕй йын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы горӕты дӕс рӕстгӕнӕджы йеддӕмӕ куы нӕ разына, уӕд дӕр ӕй кӕй нӕ фесафдзӕн (Райд. 18:22–33). Йегъовӕ йӕм афтӕ лӕмбынӕг кӕй байхъуыста ӕмӕ йӕм кӕй не смӕсты, уымӕй цӕй стыр фӕразондзинад равдыста!
(Райдиан 19:24, 25) Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ныккалдта сондон ӕмӕ зынг Йегъовӕйӕ, уӕларвӕй. 25 Ӕмӕ фесӕфта уыцы горӕттӕ ӕмӕ, Иорданы дӕлвӕз цы бӕстӕ уыди, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Фесӕфта уыцы горӕтты цӕрджыты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр зайӕгойтӕ уыди, уыдон дӕр.
Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау!
12 Мах фидарӕй зонӕм, тагъд Йегъовӕ йӕ хицаудзинад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн. Хуыцау фыддзинадмӕ ӕнцад нал кӕсдзӕн. Стӕй ма зонӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый дӕр. Йегъовӕ фыддзинадимӕ раздӕр дӕр тох кодта. Зӕгъӕм, Доны хъаймӕт куы рауагъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы фесӕфта, фараон ӕмӕ йе ’фсӕдты дӕр куы бабын кодта, уӕд. Стӕй, Сисарӕ ӕмӕ йе ’фсадӕн, ассириаг паддзах Сеннахирим ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр сӕ бон нӕ баци Иунӕг Стыр Хуыцауы ныхмӕ фӕлӕууын (Райд. 7:1, 23; 19:24, 25; Рац. 14:30, 31; Тӕрх. 4:15, 16; 2 Пад. 19:35, 36). Фидарӕй ма нӕ уырны уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ ӕдзух кӕй нӕ кӕсдзӕн, йӕ номӕй йын куыд хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ӕфхӕрынц, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма мах цӕрӕм, Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг ӕмӕ ацы фыддунейы кӕрон (Матф. 24:3).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 19:8) Байхъусут мӕм: ис мын дыууӕ чызджы, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ’рцыдысты, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕндзынӕн. Ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын кӕнут. Ӕрмӕст ацы лӕгтӕм ма бавналут, уымӕн ӕмӕ ме уазӕг бакодтой сӕхи».
Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай
Лот йӕ чызджыты содомӕгтӕн кӕй лӕвӕрдта, уымӕй раст бакодта? Скӕсӕйнаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу фысым йӕ уазджыты хъуамӕ хъахъхъӕдтаид, суанг ын мӕлӕтӕй тас куы уыдаид, уӕддӕр. Лот дӕр йӕ уд раттыныл разы уыд. Уый нӕ фӕтарст, ӕддӕмӕ адӕммӕ иунӕгӕй рахызт ӕмӕ дуар йӕ фӕстӕ бахгӕдта. Лот цалынмӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕ уын мӕ чызджытӕ, уӕдмӕ, гӕнӕн ис, бамбӕрста, йӕ уазджытӕ Хуыцауы минӕвӕрттӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыд, Хуыцау Египеты йӕ фыды ’фсымӕры ус Сарӕйы куыд бахъахъхъӕдта, афтӕ йын йӕ чызджыты дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Уӕвынад 12:17–20). Ӕмӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ ӕнӕфыдбылызӕй баззадысты.
(Райдиан 19:26) Лотӕн йӕ ус та, йӕ фӕдыл куыд цыди, афтӕ фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕхдур фестад.
Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут сӕ маст сфӕразынӕн
3 Лот Содомы хӕлд адӕмы ’хсӕн цӕрынвӕнд кӕй скодта, уый хорз уынаффӕ нӕ уыди. (Бакӕс 2 Петры 2:7, 8.) Уыцы зӕхх кӕд хъӕздыг уыд, уӕддӕр Лотӕн, уым кӕй ӕрцард, уый тынг зынаргъ слӕууыд (Райд. 13:8–13; 14:12). Йӕ усы зӕрдӕйӕн уыцы горӕт кӕнӕ йӕ адӕмӕй чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ адджын систы, ӕмӕ, Йегъовӕ цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста. Ӕмӕ Хуыцау уыцы зӕххыл зынг ӕмӕ сондон куы ныккалдта, уӕд йӕ мӕлӕт уым ссардта. Ахъуыды-ма кӕнӕм Лоты дыууӕ чызгыл дӕр. Кӕмӕ хъуамӕ смой кодтаиккой, уыдон дӕр Содомы амардысты. Лот баззад ӕнӕ хӕдзарӕй ӕмӕ ӕнӕ исбонӕй. Ӕппӕты стырдӕр бӕллӕх та уыд, йӕ ус кӕй амард, уый (Райд. 19:12–14, 17, 26). Уыцы бӕллӕхты рӕстӕг Йегъовӕ Лотмӕ цавӕр миниуӕг равдыста?
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 18:1–19) Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Аврааммӕ фӕзынд Мамрейы стыр бӕлӕсты раз, боны тӕккӕ тӕвды йӕ цатыры бахизӕны куы бадтис, уӕд. 2 Авраам акаст ӕмӕ ауыдта, гыццыл дарддӕр ӕртӕ лӕджы кӕй лӕууыд. Ӕмӕ уӕд, кӕм бадт, уырдыгӕй сӕ размӕ азгъордта ӕмӕ сын йӕ сӕрӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывта. 3 Стӕй загъта: «Йегъовӕ, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, дӕ цагъары рӕзты ма ацу. 4 Ныртӕккӕ дон ӕрбадавдзысты ӕмӕ уын уӕ къӕхтӕ ахсдзысты. Стӕй мӕнӕ бӕласы бын уӕхи ӕруадзут. 5 Ӕз та уын къӕбӕр радавон, ӕмӕ уӕхи бафидар кӕнут, иугӕр ардӕм, уӕ цагъармӕ ӕрбацыдыстут, уӕд. Ӕмӕ уӕд дарддӕр ацӕудзыстут». Ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой: «Хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн». 6 Уӕд Авраам Саррӕмӕ цатырмӕ бауад ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр, ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕртӕ къусы райс, хыссӕ азмӕнт ӕмӕ дзултӕ акӕн». 7 Уый фӕстӕ Авраам азгъордта, йӕ фосӕй дзӕбӕх, хӕрзхаст род равзӕрста, лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ радта ӕмӕ ауади, цӕмӕй йӕ ацӕттӕ кодтаид. 8 Стӕй рахаста царв, ӕхсыр ӕмӕ, роды дзидзайӕ цы ’рцӕттӕ кодта, уый, ӕмӕ сын сӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ йӕхӕдӕг та бӕласы бын сӕ разы лӕууыд. 9 Уый фӕстӕ йӕ бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ та кӕм ис?» Авраам сын дзуапп радта: «Мӕнӕ ам, цатыры». 10 Ӕмӕ йын уӕд сӕ иу афтӕ зӕгъы: «Иннӕ аз та дӕм ацафон зындзынӕн, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу». Саррӕ лӕууыд цатыры бахизӕны иуварсырдыгӕй ӕмӕ йӕм хъуыста. Цатыр та уыд уыцы адӕймаджы фӕстӕ. 11 Авраам ӕмӕ Саррӕ уыдысты зӕронд, бирӕ сыл цыди. Саррӕ уыцы кары нал уыд, ӕмӕ ма сывӕллон ныййардтаид. 12 Уымӕ гӕсгӕ Саррӕ йӕхинымӕр бахудт ӕмӕ загъта: «Ай мӕнӕ зӕронд куы бадӕн, уӕд ма мӕм ахӕм амонд кӕцӕй кӕсы? Стӕй мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у». 13 Уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Саррӕ цӕмӕн бахудти ӕмӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕронд куы бадӕн, уӕд ма цӕй сывӕллон ныййардзынӕн? 14 Йегъовӕйы бон цы нӕу, ахӕмӕй исты ис? Куыд дын загътон, афтӕ дӕм иннӕ аз ацафон зындзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу». 15 Саррӕ та фӕтарст ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, ӕз нӕ худтӕн. Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ды худтӕ». 16 Уыцы лӕгтӕ цӕуынвӕнд куы скодтой, уӕд акастысты Содомы ’рдӕм. Авраам дӕр семӕ рацыд, ахизын сӕ кӕнон, зӕгъгӕ. 17 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Цы саразинаг дӕн, уый Авраамӕй басусӕг кӕндзынӕн? 18 Авраамӕй рацӕудзӕн стыр ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ Авраамы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 19 Ӕз йемӕ уымӕн бахӕлар дӕн, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхса, ӕмӕ рӕстӕй цӕрой ӕмӕ раст тӕрхон кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕндагыл цӕуой. Уӕд ӕз, Йегъовӕ, Авраамӕн ратдзынӕн, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
24 ФЕВРАЛӔЙ 1 МАРТЪИМӔ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 20, 21
«Йегъовӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый»
(Райдиан 21:1–3) Ӕмӕ Йегъовӕ ӕркаст Саррӕмӕ, куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕ, куыд дзырдта, афтӕ бакодта. 2 Саррӕ басывӕрджын ӕмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта лӕппу, Хуыцау Авраамӕн кӕд загъта, раст уыцы рӕстӕджы. 3 Ӕмӕ Авраам, Саррӕ йын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Исахъ.
Хуыцау загъта, паддзӕхтӕ дзы кӕй рацӕудзӕн
Цымӕ Саррӕ кӕй бахудт, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд? Нӕ. Библийы фыст ис: «Саррӕйӕн дӕр, кӕд уыцы кары нал уыд, ӕмӕ йын сывӕллон райгуыра, уӕддӕр, йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг рацӕуа, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:11). Саррӕ Йегъовӕйы зыдта, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый кӕй сӕххӕст кӕны. Ахӕм уырнындзинад махӕй алкӕй дӕр хъӕуы. Хъуамӕ архайӕм, Библи чи ныффыссын кодта, уыцы Хуыцауы хуыздӕр базоныныл. Уӕд бамбардзыстӕм, Саррӕмӕ ахӕм уырнындзинад хуымӕтӕджы кӕй нӕ уыд. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алы хатт дӕр хицау разыны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕна, ӕнхъӕл куыд нӕ уӕм, суанг афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ уый дисы бафтауа кӕнӕ нӕм худӕг фӕкӕса!
«БАЙХЪУС ӔМ»
Саррӕйыл 90 азы куы цыд, уӕд ыл ӕрцыд, цӕрӕнбонты кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы цины хабар. Йӕ сӕдӕаздзыд цардӕмбалӕн, тынг кӕй уарзта, уымӕн, ныййардта фырт! Авраам сывӕллоны схуыдта Исахъ, ома «худын», Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм Саррӕйы фӕллад, фӕлӕ цинӕйдзаг цӕсгом, афтӕ куы загъта: «Хуыцау мӕ фырцинӕй фӕхудын кодта, ӕмӕ ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр мемӕ худдзӕн» (Райдиан 21:6). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау ын ахӕм диссаджы лӕвар кӕй скодта, уый йын йӕ царды фӕстаг бонмӕ циндзинад кӕй хаста. Фӕлӕ ма йыл уый стыр хӕс дӕр ӕвӕрдта.
Исахъыл фондз азы куы цыди, уӕд ӕй дзидзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ йын уый фӕдыл стыр куывд скодтой. Библийы кӕсӕм, Саррӕ кӕй федта, Агары 19-аздзыд лӕппу Измаил гыццыл Исахъӕй кӕй хынджылӕг кӕны, ӕмӕ йӕ уый мӕты ӕфтыдта. Уый ӕнӕуи хынджылӕг нӕ уыд. Фӕстӕдӕр апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста, Измаил Исахъы ӕфхӕргӕ кӕй кодта. Саррӕ ӕмбӕрста, Измаил хылкъахӕн кӕй кодта, уый йӕ лӕппуйӕн зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. Саррӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ тыхсти, ӕмӕ Исахъ йӕ лӕппу уыд, фӕлӕ зыдта, Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд, уым ын ахсджиаг бынат кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕхи фӕныфсджын кодта ӕмӕ Авраамӕн комкоммӕ загъта, цӕмӕй Агары ӕмӕ Измаилы арвыстаид (Райдиан 21:8–10; Галатӕгтӕм 4:22, 23, 29).
Авраам уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы кӕсӕм: «Авраамӕн тынг хъыг уыди, йӕ фырты тыххӕй йын афтӕ кӕй загъта, уый». Авраам йӕ фырт Измаилы уарзта, ӕмӕ ууыл куыд хъуамӕ сразы уыдаид?! Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый ӕмӕ Саррӕйы сӕрыл рахӕцыд. Хуыцау Авраамӕн загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн». Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Агар ӕмӕ йӕ лӕппу цух кӕй ницӕмӕй ӕййафдзысты. Ӕмӕ йӕм Авраам дӕр байхъуыста (Райдиан 21:11–14).
(Райдиан 21:5–7) Авраамыл цыди сӕдӕ азы, йӕ фырт Исахъ куы райгуырд, уӕд. 6 Ӕмӕ Саррӕ загъта: «Хуыцау мӕ фырцинӕй фӕхудын кодта, ӕмӕ ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр мемӕ худдзӕн». 7 Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, зӕгъгӕ, Саррӕ сывӕллонӕн дзидзи дардзӕн? Фӕлӕ йын ӕз йӕ зӕронды бонты ныййардтон лӕппу».
(Райдиан 21:10–12) Ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Атӕр ацы цагъар-сылгоймаджы ӕмӕ йӕ фырты. Ацы цагъар-сылгоймаджы фыртӕн мӕ фыртимӕ, Исахъимӕ, бынтӕй хай нӕ уыдзӕн!» 11 Фӕлӕ Авраамӕн тынг хъыг уыди, йӕ фырты тыххӕй йын афтӕ кӕй загъта, уый. 12 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Авраамӕн загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн.
(Райдиан 21:14) Авраам райсомӕй раджы сыстад, райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары ӕккой сӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ стӕй лӕппуимӕ арвыста. Агар ацыд ӕмӕ Вирсавийы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Райдиан 20:12) Стӕй мӕ хо дӕр у: фыдӕй иу стӕм, ӕрмӕст мадӕй – хицӕнтӕ. Ӕмӕ сси мӕ ус дӕр.
wp17.3 12 ф., фип.
«Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»
Саррӕ Авраамы хо уыд. Уыди сын иу фыд, Фаррӕ, фӕлӕ мадӕй хицӕн уыдысты (Райдиан 20:12). Абон тугхӕстӕджытӕн сӕ цард баиу кӕныны бар нӕй, фӕлӕ уыцы рӕстӕг хабар ӕндӕрхуызон уыди. Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕст куы нал уыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ адӕм нырма ӕнӕниздӕр уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ тӕссаг нӕ уыдаид, сӕ цот сахъатӕй кӕй райгуырдаиккой, уымӕй. Фӕлӕ иу-400 азы фӕстӕ адӕм цӕрын райдыдтой, абон цас цӕрынц, уыйбӕрц. Ӕмӕ уӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар нал уыд (Левит 18:6).
(Райдиан 21:33) Уый фӕстӕ Авраам Вирсавийы ныссагъта тамарискбӕлас ӕмӕ уым Йегъовӕйы ном ссардта, ӕнусон Хуыцауы ном.
w89-U 1/12 12 ф., 9 абз.
Авраам – Хуыцауы хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, уыдонӕн фӕзминаг
9 Аврам йӕ уырнындзинад равдыста ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр. Библийы фыст ис: «Аврам уым сарӕзта нывондхӕссӕн... Йегъовӕйӕн» (Райдиан 12:7). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн хаста цӕрӕгойты дӕр. Фӕстӕдӕр ма йӕ уырнындзинад ахӕм хъуыддагӕй равдыста уыцы зӕххыл ӕндӕр рӕтты дӕр. Уымӕй уӕлдай ма-иу Аврам «Йегъовӕйы ном ссардта» (Райдиан 12:8; 13:18; 21:33). Дзырдбастӕн «ном ссарын» ма ис ахӕм нысаниуӕг дӕр: «ном хъусын кӕнын». Аврамы хӕдзаронтӕ, стӕй-иу ханаайнӕгтӕ дӕр ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстой, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном хъӕбатырӕй куыд хъусын кӕны, уый (Райдиан 14:22–24). Хуыцауы хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, уыдон ыл хъуамӕ ӕууӕндой ӕмӕ-иу ын йӕ «ном ссарой». Уымӕ хауы Хуыцауӕн «алкӕддӕр... кады нывонд» хӕссын, ома йын «дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнын» (Дзуттӕгтӕм 13:15; Ромӕгтӕм 10:10).
Библийӕ бакӕсинаг
(Райдиан 20:1–18) Авраам та систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ ацыд Негевы зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцард Кадес ӕмӕ Суры ’хсӕн. Стӕй иуцасдӕр цард Герары дӕр. 2 Ӕмӕ та ам дӕр Авраам йӕ ус Саррӕйӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ. Уӕд Герары паддзах Авимелех Саррӕмӕ арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта. 3 Ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фӕзынд фыны ӕмӕ йын загъта: «Цы сылгоймаджы ӕрбакодтай, уый тыххӕй амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ кӕйдӕр ус у». 4 Фӕлӕ йӕм Авимелех нӕ бавнӕлдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Йегъовӕ, ау, ӕнаххос адӕмы ныццӕгъддзынӕ? 5 Авраам мын йӕхӕдӕг нӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Стӕй сылгоймаг дӕр загъта, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ. Ӕз афтӕ мӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бакодтон, ӕвзӕрӕй мӕ ницы фӕндыд саразын». 6 Ӕмӕ йын уӕд ӕцӕг Хуыцау фыны загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодтай афтӕ, ӕмӕ дӕ бахызтон мӕ разы тӕригъӕд ракӕнынӕй. Саррӕмӕ бавналын дӕр дӕ уымӕн нӕ бауагътон. 7 Ныр уыцы лӕгӕн йӕ усы фӕстӕмӕ ратт. Уый у пехуымпар ӕмӕ дӕу тыххӕй скувдзӕн, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ. Куы нӕ йӕ раттай, уӕд та йӕ зон, кӕй амӕлдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дын чидӕриддӕр ис, уыдон дӕр». 8 Авимелех дӕр райсомӕй раджы сыстад, йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. Ӕмӕ уыдон тынг старстысты. 9 Уый фӕстӕ Авимелех Аврааммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Ӕвзӕрӕй дын цы сарӕзтон, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр ахӕм стыр тӕригъӕды бафтауай? Ды мын бакодтай, чи не ’мбӕлы, ахӕм ми». 10 Уый фӕстӕ Авимелех Авраамы бафарста: «Цӕмӕн бакодтай афтӕ?» 11 Авраам ын дзуапп радта: «Ахъуыды кодтон: ам Хуыцауӕй ничи тӕрсы, ӕмӕ мӕ мӕ усы тыххӕй амардзысты. 12 Стӕй мӕ хо дӕр у: фыдӕй иу стӕм, ӕрмӕст мадӕй – хицӕнтӕ. Ӕмӕ сси мӕ ус дӕр. 13 Ӕмӕ мын Хуыцау куы загъта, ныууадз дӕ фыды хӕдзар, зӕгъгӕ, уӕд ӕз Саррӕйӕн загътон: кӕд мӕ ӕнувыдӕй уарзыс, уӕд, кӕдӕмфӕнды ма ’рцӕуӕм, уым-иу алы ран дӕр мӕнӕй афтӕ дзур, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ». 14 Ӕмӕ уӕд Авимелех Авраамӕн радта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты. Ӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр. 15 Ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ, мӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы кӕм фӕцӕуа, уым цӕр». 16 Саррӕйӕн та загъта: «Де ’фсымӕрӕн дын дӕттын иу мин ӕвзист ӕхцайы. Демӕ чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ алчидӕр уымӕй зондзӕн, дӕ ном кӕй нӕ фӕчъизи, уый». 17 Уӕд Авраам скуывта ӕцӕг Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, стӕй йӕ усы ӕмӕ йӕ цагъар-сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ гуырын райдыдта. 18 Афтӕ та уымӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Авимелехы хӕдзары сылгоймӕгтӕн зӕнӕг нал цыди.