Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 май 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 4–10 МАЙЫ
  • 11–17 МАЙЫ
  • 18–24 МАЙЫ
  • 25–31 МАЙЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 май 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

4–10 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 36, 37

«Иосифы йе ’фсымӕртӕ сӕ фырхӕлӕгӕй бафхӕрдтой»

(Райдиан 37:3, 4) Израил та Иосифы йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта, уымӕн ӕмӕ йын зӕрондырдӕм райгуырд. Ӕмӕ йын бахуыйын кодта даргъ, дысджын хъулон уӕлӕдарӕс. 4 Йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Иосифимӕ сабырӕй ныхас кӕнын.

w14 1/8 12, 13

«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»

Библийы фыст ис: «Йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Иосифимӕ сабырӕй ныхас кӕнын» (Райдиан 37:4). Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын кӕй райдыдтой, уый диссаг нӕу. Фӕлӕ хӕлӕгдзинадӕн сӕ зонд фӕхъӕстӕ кӕнын кӕй бауагътой, уымӕй раст нӕ бакодтой (Ӕмбисӕндтӕ 14:30; 27:4). Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ ды цы кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уый ӕндӕр адӕймагмӕ ӕрхауд, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хӕлӕг кӕнын райдыдтай? Иосифы ӕфсымӕрты хабар ма рох кӕн. Сӕ фырхӕлӕгӕй цы бакодтой, уый тыххӕй фӕстӕдӕр тынг фӕфӕсмон кодтой. Сӕ цӕвиттон чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хуыздӕр кӕй у, цӕмӕй, «цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕной» (Ромӕгтӕм 12:15).

Иосиф ӕмбӕрста, йе ’фсымӕртӕ дзы се сӕфт кӕй уынынц. Фӕлӕ-иу хӕстӕг искуы куы уыдысты, уӕд-иу цымӕ йӕ хъулон уӕлӕдарӕс бамбӕхста? Чи зоны-иу ӕй фӕндыд. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Иаков ын уыцы уӕлӕдарӕс кӕй радта, хъулон уарзт ӕй кӕй кодта, уый тыххӕй. Иосифы нӕ фӕндыд йӕ фыды зӕрдӕхудты бацӕуын, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй йӕ уӕлӕйӕ нӕ ласта. Уый махӕн дӕр у фӕзминаг. Кӕд нӕ уӕларвон Фыд никӕй хъулон кӕны, уӕддӕр иуӕй-иу хатт йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты иннӕтӕй уӕлдай йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕны. Уымӕй уӕлдай сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау дунейӕ хицӕн кӕной. Иосиф иннӕтӕй йӕ уӕлӕдарӕсӕй куыд хицӕн кодта, афтӕ чырыстӕттӕ та абон иннӕтӕй хицӕн кӕнынц сӕ хорз ӕгъдауӕй. Уый тыххӕй сӕм иуӕй-иу хатт чидӕртӕ фӕмӕсты кӕнынц ӕмӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц (1 Петры 4:4). Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй хъуамӕ сӕхи афтӕ дарой, цӕмӕй, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый бӕрӕг ма уа? Нӕ. Иосиф йӕ уӕлӕдарӕс куыд не ’мбӕхста, афтӕ уыдон дӕр хъуамӕ ма ’мбӕхсой, чи сты, уый (Лукайы 11:33).

(Райдиан 37:5–9) Иухатт Иосиф федта фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта, ӕмӕ дзы уый тыххӕй ноджы тынгдӕр федтой се сӕфт. 6 Иосиф сын загъта: «Зонут, мӕ фыны цы федтон? 7 Быдыры астӕу бастам куыристӕ. Уӕд дын ӕвиппайды мӕ куырис ӕмраст куы алӕууид, уӕ куыристӕ та алӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой». 8 Уӕд ын йе ’фсымӕртӕ загътой: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ды махӕн паддзах уыдзынӕ? Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?» Ӕмӕ дзы йӕ фынты ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр се сӕфт федтой. 9 Уый фӕстӕ та Иосиф федта ӕндӕр фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Ноджыдӕр ма федтон иу фын, цыма мын хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы ныллӕг куывтой».

(Райдиан 37:11) Ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты. Фыд та уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта.

w14 1/8 13 ф., 2–4 абз.

«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»

Уыцы фынтӕ уыдысты Йегъовӕйӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Иосиф иннӕтӕн радзырдтаид. Афтӕ кодтой фӕстӕдӕр иннӕ пехуымпартӕ дӕр: Хуыцау-иу сын раргом кодта йӕ фӕндтӕ ӕмӕ-иу йӕ хивӕнд адӕмӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон, пехуымпартӕ та-иу сӕ адӕмӕн фехъусын кодтой.

Иосиф йе ’фсымӕртӕн фӕлмӕнӕй афтӕ бакодта: «Зонут, мӕ фыны цы федтон?» Йе ’фсымӕртӕ бамбӕрстой, йӕ фын цы нысан кодта, уый, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уыдон ын загътой: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ды махӕн паддзах уыдзынӕ? Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?» Библийы дарддӕр фыст ис: «Ӕмӕ дзы йӕ фынты ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр се сӕфт федтой». Иосиф йӕ дыккаг фын йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн куы радзырдта, уӕд та йӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. «Йӕ фыд [ын] бауайдзӕф кодта: „Дӕ фын куыд ӕмбаргӕ у? Ау, ӕз, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕумӕ ӕрбацӕудзыстӕм ӕмӕ дӕуӕн ныллӕг акувдзыстӕм?“» Фӕлӕ Иаков уӕддӕр уыцы хабарыл хъуыды кодта. Уӕд та ма лӕппуимӕ Йегъовӕ ныхас кодта? (Райдиан 37:6, 8, 10, 11).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты хъуыди, адӕмы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд ӕмӕ ма-иу сӕ суанг ӕфхӕргӕ дӕр кӕй тыххӕй кодтой, ахӕм пехуымпарӕдтӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ уыдонӕй Иосиф нӕдӕр фыццаг уыд, нӕдӕр фӕстаг. Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджытӕй ӕппӕты зындгонддӕр уыд Йесо Чырысти. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоанны 15:20). Йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй Иосиф фӕзминаг у чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ӕрыгӕттӕй райдай ӕмӕ ацӕргӕтӕй фӕу.

(Райдиан 37:23, 24) Иосиф йе ’фсымӕртӕм куы бахӕццӕ, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ даргъ хъулон уӕлӕдарӕс, раластой, 24 йӕхи та йын дзыхъхъы ныппӕрстой. Уыцы рӕстӕг дзыхъхъы дон нӕ уыди.

(Райдиан 37:28) Ӕмӕ мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Иосифы дзыхъхъӕй систой ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн дыууын ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой. Ӕмӕ йӕ уыдон Египетмӕ акодтой.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 36:1) Исавы, ома Едомы, царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

it-U «Эдом», 1 абз.

Едом

(«сырх»).

Иаковы фаззон ӕфсымӕр Исавы хуыдтой Едом дӕр (Рд 36:1). Афтӕ йӕ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ баивта сырх хъӕрмхуыппы къусыл (Рд 25:30–34). Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Исав йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыд бурхил (Рд 25:25). Ацы стихы дзырд «бурхил»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «сырх». Уымӕй уӕлдай ма, фӕстӕдӕр Исав ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ кӕм цардысты, уым иуӕй-иу рӕтты зӕхх ӕмӕ къӕдзӕхтӕ уыдысты сырхбын.

(Райдиан 37:29–32) Фӕстӕдӕр Рувим ӕрбаздӕхт, дзыхъмӕ бацыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ Иосиф уым нал ис. Уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта 30 ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм фӕфӕдис: «Лӕппу уым нал ис! Ныр ӕз куыд кӕнон?» 31 Фӕлӕ уыдон райстой Иосифы уӕлӕдарӕс, сӕгъ аргӕвстой ӕмӕ йын йӕ туджы йӕ уӕлӕдарӕс стылдтой. 32 Стӕй уыцы даргъ хъулон уӕлӕдарӕс арвыстой сӕ фыдмӕ ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕнӕ ацы дзаума ссардтам. Ӕркӕс-ма, дӕ лӕппуйы уӕлӕдарӕс нӕу?».

it-U «Попечение, забота», 3, 4 абз.

Кӕмӕдӕр кӕнӕ цӕмӕдӕр хъус дарын, искӕй бар ӕй бакӕнын

Фыййау кӕнӕ-иу хъомгӕс куы загъта, фос кӕй хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, уӕд-иу афтӕмӕй равдыста, разы кӕй у, цӕмӕй сын дзуапп дӕтта. Фосы хицауӕн-иу дзырд радта, хӕринаг сын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ давджытӕй кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ сыл исты куы ’рцӕуа, уӕд сын сӕ аргъ кӕй бафиддзӕн. Фӕлӕ, уӕлдӕр цы закъоны кой цыд, уымӕ гӕсгӕ фыййау дзуапп нӕ лӕвӕрдта, йӕ бар цӕуыл нӕ цыд, ахӕм исты-иу куы ’рцыд, зӕгъӕм-иу фос хъӕддаг сырдтӕ куы бахордтой, уӕд. Цӕмӕй-иу фыййауы аххосджыныл ма банымадтаиккой, уый тыххӕй-иу хъуамӕ хицауӕн равдыстаид, хъӕддаг сырд-иу кӕй бахордта, уыцы фосӕй ма-иу цы баззад, уый. Хицау-иу ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм куы ’ркаст, уӕд-иу хъуамӕ загътаид, фыййау аххосджын кӕй нӕу.

Адӕймаг-иу ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайдтаид, йӕ бар-иу ын цыфӕнды йе та кӕйфӕнды ма бакодтаиккой, уӕддӕр. Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрд хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой бинонты ’хсӕн дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр ӕфсымӕрӕн йӕ хӕс уыд йӕ кӕстӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм йӕ хъус дарын. Уый фӕрцы ис бамбарӕн, Райдианы 37:18–30 стихтӕм гӕсгӕ Рувим (хистӕр фырт) цӕмӕн стыхст, Иосифы йӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд. Рувим сын загъта: «Нӕ, марын ӕй нӕ хъӕуы... Туг ма ныккалут. ...маргӕ... йӕ ма акӕнут». «Афтӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ фӕндыд Иосифы сӕ къухӕй фервӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ фыдмӕ фӕхӕццӕ кӕнын». Фӕстӕдӕр Рувим куы ’рбаздӕхт ӕмӕ Иосифы куы не ’рбаййӕфта, уӕд фырмӕтӕй «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм фӕфӕдис: „Лӕппу уым нал ис! Ныр ӕз куыд кӕнон?“» Рувим зыдта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ дзы дзуапп ӕрдомой. Ӕфсымӕртӕ ахӕм цыдӕр ӕрымысыдысты, цӕмӕй аххос уыдоныл ма уыдаид. Уыдон Иосифы уӕлӕдарӕс сӕгъы туджы стылдтой, цӕмӕй сӕ фыд афтӕ фенхъӕлдтаид, ӕмӕ йӕ хъӕддаг сырд бахордта. Ӕмӕ сӕ фыд Иаков (уыцы заман-иу бинонты хистӕр ӕххӕст кодта тӕрхонгӕнӕджы хӕстӕ дӕр) Иосифы тугӕйдзаг уӕлӕдарӕс куы федта, уӕд афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ Иосифы хъӕддаг сырд бахордта, ӕмӕ Рувимӕй дзуапп не ’рдомдта (Рд 37:31–33).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 36:1–19) Исавы, ома Едомы, царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ. 2 Исав ракуырдта ханаайнаг чызджыты: хеттаг Елоны чызг Адӕйы ӕмӕ Анӕйы чызг Оливемӕйы, евейаг Цивеонӕн йӕ фырты чызджы, 3 стӕй Измаилы чызг Васемафӕйы, Наваиофы хойы. 4 Адӕ Исавӕн ныййардта Елифазы, Васемафӕ йын ныййардта Рагуилы, 5 Оливемӕ та ныййардта Йеусы, Йегломы ӕмӕ Корейы. Исавӕн ацы фырттӕ райгуырдысты Ханааны зӕххыл. 6 Уый фӕстӕ Исав ракодта йӕ устыты, йӕ фыртты, йӕ чызджыты ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр адӕм уыди, уыдоны, ратардта йӕ фос иууылдӕр, йемӕ рахаста, Ханааны зӕххыл цы мулк скодта, уый ӕмӕ цӕрынмӕ ацыд ӕндӕр ранмӕ, йе ’фсымӕр Иаковӕй дард. 7 Сӕ исбон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ сын иумӕ цӕрӕн нал уыди, ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр нал фаг кодта, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы зӕхх. 8 Ӕмӕ Исав ӕрцард Сеиры хӕхбӕсты. Исавӕн йӕ иннӕ ном уыди Едом. 9 Едомӕгты фыд Исавы царды хабӕрттӕ Сеиры хӕхбӕсты уыдысты афтӕ. 10 Исавы фырттӕ уыдысты: Елифаз – Исавы ус Адӕйы лӕппу, ӕмӕ Рагуил – Исавы ус Васемафӕйы лӕппу. 11 Елифазы фырттӕ уыдысты Феман, Омар, Цефо, Гафам ӕмӕ Кеназ. 12 Исавы фырт Елифазы номылус сси Фимнӕ. Ӕмӕ Фимнӕ Елифазӕн ныййардта Амаликы. Адон сты Исавы ус Адӕйы лӕппутӕ. 13 Рагуилы фырттӕ уыдысты Нахаф, Зара, Шаммӕ ӕмӕ Миззӕ. Адон сты Исавы ус Васемафӕйы лӕппутӕ. 14 Исавӕн йӕ иннӕ ус Оливемӕ та,– Анӕйы чызг, Цивеонӕн йӕ фырты чызг,– ныййардта Йеусы, Йегломы ӕмӕ Корейы. 15 Адон сты Исавы байзӕддӕгтӕн сӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Йӕ хистӕр фырт Елифазы фырттӕ: мыггаджы хистӕр Феман, мыггаджы хистӕр Омар, мыггаджы хистӕр Цефо, мыггаджы хистӕр Кеназ, 16 мыггаджы хистӕр Корей, мыггаджы хистӕр Гафам ӕмӕ мыггаджы хистӕр Амалик. Елифазы фырттӕ уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ Едомы зӕххыл. Адон сты Адӕйы лӕппутӕ. 17 Исавы фырт Рагуилы фырттӕ та сты: мыггаджы хистӕр Нахаф, мыггаджы хистӕр Зара, мыггаджы хистӕр Шаммӕ ӕмӕ мыггаджы хистӕр Миззӕ. Ацы мыггӕгты хистӕртӕ Рагуилӕн райгуырдысты Едомы зӕххыл. Адон сты Исавы ус Васемафӕйы лӕппутӕ. 18 Исавы ус Оливемӕйы лӕппутӕ та сты: мыггаджы хистӕр Йеус, мыггаджы хистӕр Йеглом ӕмӕ мыггаджы хистӕр Корей. 19 Адон сты, Исавӕн йӕ ус Оливемӕ, Анӕйы чызг, кӕй ныййардта, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ. Адон сты Исавы, ома Едомы, фырттӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ.

11–17 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 38, 39

«Йегъовӕ Иосифы никуы ныууагъта»

(Райдиан 39:1) Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Египетмӕ, ӕмӕ йӕ уым балхӕдта иу египетаг лӕг, Потифар, зӕгъгӕ. Уый уыди фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – хъахъхъӕнджыты хистӕр.

w14 1/11 12 ф., 4, 5 абз.

«Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

«Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Египетмӕ, ӕмӕ йӕ уым балхӕдта иу египетаг лӕг, Потифар, зӕгъгӕ. Уый уыди фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – хъахъхъӕнджыты хистӕр» (Райдиан 39:1). Ацы цалдӕр ныхасӕй Библийӕ нӕ бон у бамбарын, куыд ӕгад ӕркастаид йӕхимӕ уыцы ӕрыгон лӕппу, ногӕй та йӕ куы ауӕй кодтой, уӕд. Дзаумайӕ уӕлдай йӕ ницӕуыл банымадтой! Иосифы ног хицау сси Египеты фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу. Ахъуыды-ма кӕн, базартӕй йедзаг чи у ӕмӕ адӕм ӕмызмӕлд кӕм кӕнынц, уыцы горӕты уынгты Иосиф йӕ хицауы фӕдыл йӕ ног хӕдзармӕ куыд фӕцӕуы.

Хӕдзар! Куыд тынг хицӕн кӕны ацы хӕдзар, Иосиф йӕ хӕдзар цы хуыдта, уымӕй! Иосиф схъомыл, цӕугӕ цард чи кодта ӕмӕ йӕ цард цатырты чи ӕрвыста, ахӕм бинонты ’хсӕн. Уыдон кодтой фосы куыст, ӕмӕ-иу куы иу ран цардысты, куы ӕндӕр ран. Ам та Потифары хуызӕн хъӕздыг египетӕгтӕ цардысты рӕсугъд, ирд ахорӕнтӕй ахуырст хӕдзӕртты. Археологтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй египетӕгтӕ уарзтой, сӕ алыварс-иу къул амад кӕмӕн уыд, ахӕм дыргъдӕттӕ. Уым-иу уыд бирӕ пӕлӕхсар бӕлӕстӕ ӕмӕ сабыр цадтӕ папирус, лотостӕ ӕмӕ ӕндӕр доны зайӕгойтимӕ. Иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ уыдысты дыргъдӕтты астӕу. Уыцы хӕдзӕртты-иу уыд тыргъ, цӕмӕй-иу дзы рог дымгӕйы улӕфтмӕ абадӕн уыдаид, уыди-иу сын бӕрзонд рудзгуытӕ, цӕмӕй сыгъдӕг уӕлдӕф мидӕмӕ цыдаид ӕмӕ бирӕ уӕттӕ, стӕй стыр цӕлгӕнӕн уат ӕмӕ цӕрӕнбынӕттӕ лӕггадгӕнджытӕн.

(Райдиан 39:12–14) Уӕд ын йӕ хицауы ус йӕ дарӕсыл ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Мемӕ схуысс!» Фӕлӕ Иосиф йӕ дарӕс сылгоймаджы къухы фӕуагъта ӕмӕ ӕддӕмӕ алыгъди. 13 Сылгоймаг уый куы федта, ӕмӕ Иосифы дарӕс йӕ къухы аззад, йӕхӕдӕг та алыгъд, 14 уӕд лӕггадгӕнджытӕм ныхъхъӕр кодта ӕмӕ сын загъта: «Ракӕсут-ма! Мӕ лӕг цы дзуттаджы ӕрбакодта, уымӕн йӕ зӕрды уыди мах фӕхудинаг кӕнын. Ӕрбацыди мӕм ӕмӕ мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыди, фӕлӕ ӕз мӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтон.

(Райдиан 39:20) Ӕмӕ Иосифы акодта ӕмӕ йӕ ныппӕрста, паддзах ахст адӕмы цы ахӕстоны дардта, уым. Афтӕ Иосиф бахауд ахӕстонмӕ.

w14 1/11 14, 15

«Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

Уыцы заманы-иу Египеты ахст адӕм цы уавӕрты уыдысты, уый тыххӕй абон бирӕ нӕ зонӕм. Археологтӕ ахӕм бынӕттӕй кӕцыдӕртӕ ссардтой. Уыдон уыдысты фидаргонд агъуыстытӕ хицӕн камерӕтӕ ӕмӕ ныккӕндтимӕ. Иосиф кӕм бадт, уыцы бынат схуыдта «ахӕстоны дзыхъхъ» ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм рухсы цъыртт никӕцӕй калд, стӕй-иу дзы адӕймаджы ныфс асаст (Райдиан 40:15). Псаломты чиныгӕй нӕ бон у базонын, Иосиф ма цавӕр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый: «Йӕ къӕхтӕ йын хъадамантӕй балхъывтой, йӕ уд ын ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй сбастой» (Псалом 105:17, 18). Хатт-иу египетӕгтӕ ахст адӕмӕн сӕ къухтӕ фӕстӕрдӕм акодтой ӕмӕ-иу сыл афтӕмӕй хъадамантӕ бакодтой кӕнӕ-иу сын сӕ хъуыртыл бакодтой ӕфсӕйнаг цӕгтӕ. Иосиф ахӕм уавӕрты куыд тынг хъизӕмар кодтаид, кӕд ӕмӕ аххосджын ӕппындӕр ницӕмӕй уыд!

Йӕ уавӕр ма йын фыддӕр кодта, уым цыбыр рӕстӕг кӕй нӕ уыд, уый. Фыстад куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иосиф ахӕстоны фӕбадт цалдӕр азы! Иосиф ӕй нӕ зыдта, искуы ма уырдыгӕй рацӕудзӕн ӕви нӕ. Фыццаг фыдбонтӕ къуыритӕм ахызтысты, стӕй та мӕйтӕм. Цымӕ Иосиф цы арӕзта, цӕмӕй йӕ ныфс ма асастад ӕмӕ йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

Фыстад дӕтты, нӕ ныфс нын чи фидар кӕны, ахӕм дзуапп: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй» (Райдиан 39:21). Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ ӕнувыд уарзт ӕвдисынӕн нӕ хъыгдарынц нӕдӕр ахӕстоны къултӕ, нӕдӕр хъадамантӕ, нӕдӕр талынг камерӕтӕ (Ромӕгтӕм 8:38, 39). Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Иосиф йӕ зынаргъ уӕларвон Фыдӕн куыд лӕгъстӕ кӕны ӕмӕ йын йӕ сагъӕстӕ куыд дзуры, уый. Куы скуывта, уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ байдзаг фарнӕй – ӕрмӕстдӕр «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕй» чи цӕуы, уыцы фарнӕй (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Йегъовӕ ма Иосифӕн цы сарӕзта? Мах кӕсӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй сарӕзта, «цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид».

(Райдиан 39:21–23) Фӕлӕ уым дӕр Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид. 22 Ӕмӕ, ахӕстоны чи бадти, уыдоны се ’ппӕты дӕр ахӕстоны хицау бакодта Иосифы бар. Ӕмӕ сын уый куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кодтой. 23 Иосифы бар цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдонӕй ахӕстоны хицау йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта.

w14 1/11 15 ф., 2 абз.

«Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

Фыстад дӕтты, нӕ ныфс нын чи фидар кӕны, ахӕм дзуапп: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй» (Райдиан 39:21). Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ ӕнувыд уарзт ӕвдисынӕн нӕ хъыгдарынц нӕдӕр ахӕстоны къултӕ, нӕдӕр хъадамантӕ, нӕдӕр талынг камерӕтӕ (Ромӕгтӕм 8:38, 39). Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Иосиф йӕ зынаргъ уӕларвон Фыдӕн куыд лӕгъстӕ кӕны ӕмӕ йын йӕ сагъӕстӕ куыд дзуры, уый. Куы скуывта, уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ байдзаг фарнӕй – ӕрмӕстдӕр «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕй» чи цӕуы, уыцы фарнӕй (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Йегъовӕ ма Иосифӕн цы сарӕзта? Мах кӕсӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй сарӕзта, «цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид».

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 38:9, 10) Фӕлӕ Онан зыдта, уыцы сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты, ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны рӕстӕджы йӕ мыггаг зӕхмӕ акалдта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн зӕнӕг ма рауагътаид. 10 Афтӕ кӕй кодта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыди стыр тӕригъӕд, ӕмӕ Онаны дӕр амардта.

it-U «Онан»

Онан

(цы уидагӕй арӕзт ӕрцыд, уый нысан кӕны «лӕджы хъаруйы райдиан; тых»).

Онан уыди Иудӕйы фырт, ханаайнаг лӕджы чызг Шуӕ Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыдонӕй дыккаг (Рд 38:2–4; 1Аз 2:3). Онаны хистӕр ӕфсымӕр Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ амардта. Онанӕн йӕхицӕн цот нӕ уыд. Иудӕ Онанӕн загъта, цӕмӕй йе ’фсымӕры идӕдз ус Фамары ракуырдтаид ӕмӕ сӕххӕст кодтаид, тиуыл цы хӕс уыд, уый – йе ’фсымӕрӕн зӕнӕг рауагътаид. Фамарӕн лӕппу куы райгуырдаид, уӕд Онаны сывӕллоныл нымад нӕ уыдаид, фӕлӕ Иры фыццаггуырд фыртыл, ӕмӕ бындар уый уыдаид, Онан нӕ, фӕлӕ. Цот сын куы нӕ рацыдаид, уӕд та бынтӕ Онанӕн баззадаиккой. Гъемӕ-иу Онан Фамаримӕ ӕмуат куы ’рцыд, уӕд-иу «йӕ мыггаг зӕхмӕ акалдта». Йӕ мыггаг-иу зӕхмӕ «йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны рӕстӕджы» кӕй акалдта, уымӕй бӕрӕг у, уый мастурбаци кӕй нӕ уыд. Куыд зыны, афтӕмӕй Онан афтӕ барӕй кодта, цӕмӕй-иу йӕ мыггаг Фамары зӕнӕгдонмӕ ма бахаудаид ӕмӕ Фамар ма басывӕрджын уыдаид. Йегъовӕ Онаны амардта, Онан зӕнӕг нӕ рауагъта, афтӕмӕй. Хуыцау ӕй уый тыххӕй нӕ амардта, ӕмӕ мастурбаци кодта, фӕлӕ йӕ фыды ныхас кӕй нӕ сӕххӕст кодта, зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыд ӕмӕ, тиуыл цы хӕс уыд, уый кӕй не ’ххӕст кодта, уый тыххӕй (Рд 38:6–10; 46:12; Нм 26:19).

(Райдиан 38:15–18) Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй банхъӕлдта хӕтаг сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди. 16 Ӕмӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕхимӕ мӕ бауадз». Иудӕ нӕ зыдта, йӕ чындз кӕй у, уый. Фамар та йын загъта: «Ӕмӕ мын уый тыххӕй цы ратдзынӕ?» 17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк рарвитдзынӕн». Сылгоймаг та йӕ бафарста: «Ӕмӕ мын цалынмӕ уый ӕрвитай, уӕдмӕ мын цы ныууадздзынӕ?» 18 Иудӕ та йын загъта: «Цы дын ныууадзон?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Мыхуыримӕ дыл цы къухдарӕн ис, уый ӕмӕ йӕ бос, стӕй дӕ лӕдзӕг». Иудӕ дӕр ын сӕ радта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ дзы сылгоймаг басывӕрджын.

w04 1/3 32 ф., 4, 5 абз.

Кӕсджыты фарстытӕ

Иудӕ йӕ дзырд кӕй нӕ сӕххӕст кодта, ома Фамары йӕ фырт Шелӕйӕн кӕй не саккаг кодта, уымӕй раст нӕ бакодта. Стӕй ма, кувӕндоны хъахбайыл кӕй банымадта, уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд. Уый та уыд Хуыцауы ӕваст ми,– уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг, ӕмкъайады чи ис, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ӕмбӕлы (Уӕвынад 2:24). Раст зӕгъгӕйӕ, Иудӕ хъахбай сылгоймагимӕ ӕмуат не ’рцыд. Иудӕ йӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбӕрста, йӕ фырт Шелӕйы бӕсты левираты ӕгъдау кӕй сӕххӕст кодта, ӕмӕ йын йӕ чындзӕй бындар райгуырд.

Фамар афтӕ кӕй бакодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ хӕтаг сылгоймаг уыд. Уӕдӕ йӕ фаззон лӕппутӕ дӕр дзӕгъӕлзад нӕ уыдысты. Вифлеемаг Вооз моавитаг идӕдз ус Руфы йӕхицӕн куы саккаг кодта, уӕд Вифлеемы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Фамары фырт Фаресӕй раппӕлгӕйӕ, Воозӕн загътой: «Дунедарӕг дын ацы ӕрыгон сылгоймагӕй цы байзӕддаг ратдзӕн, уымӕй дӕ хӕдзар сфидауӕд, Фамар Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыцы Фаресы хӕдзар куыд сфидыдта, афтӕ» (Руф 4:12, «Мах дуг» № 4, 2000 аз). Фаресы кой ма ис Йесо Чырыстийы фыдӕлты номхыгъды дӕр (Матфейы 1:1–3; Лукайы 3:23–33).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 38:1–19) Уыцы рӕстӕг Иудӕ йе ’фсымӕртӕй ацыд ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта одолламаг лӕг Хирӕмӕ хӕстӕг. 2 Уым Иудӕ федта иу ханаайнаг лӕджы чызджы. Уыцы лӕг хуынди Шуӕ. Иудӕ йын ракуырдта йӕ чызджы ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 3 Йӕ ус басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ йӕ Иудӕ схуыдта Ир. 4 Ӕмӕ та йӕ ус ногӕй басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Онан. 5 Уый фӕстӕ ма йын райгуырд ноджыдӕр иу лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Шелӕ. Уыцы лӕппуйы куы ныййардта, уӕд уыдысты Ахзивы. 6 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ирӕн ӕрхаста ус. Йӕ ном уыди Фамар. 7 Фӕлӕ Иудӕйы хистӕр фырт Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыди, уый, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ амардта. 8 Уӕд Иудӕ Онанӕн загъта: «Де ’фсымӕры усы ракур ӕмӕ сӕххӕст кӕн, тиуыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ де ’фсымӕрӕн зӕнӕг рауадз». 9 Фӕлӕ Онан зыдта, уыцы сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты, ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны рӕстӕджы йӕ мыггаг зӕхмӕ акалдта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн зӕнӕг ма рауагътаид. 10 Афтӕ кӕй кодта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыди стыр тӕригъӕд, ӕмӕ Онаны дӕр амардта. 11 Уӕд Иудӕ йӕ чындз Фамарӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ фырт Шелӕ сыстыр уа, уӕдмӕ уал идӕдзӕй цӕр дӕ фыды хӕдзары». Афтӕ йын уымӕн загъта, ӕмӕ хъуыды кодта, Шелӕ дӕр мын йе ’фсымӕртау куы амӕла, зӕгъгӕ. Гъемӕ Фамар ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ ӕмӕ уым цард. 12 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ ус, Шуӕйы чызг, амард. Ӕмӕ йыл Иудӕ фӕхъыг кодта. Мардыл хъыг кӕныны бонтӕ куы фесты, уӕд йе ’рдхорд одолламаг Хирӕимӕ ацыд Фимнӕмӕ, йӕ фыстӕ йын чи ӕлвыдта, уыдонмӕ. 13 Ӕмӕ Фамарӕн чидӕр загъта: «Дӕ хицау фӕцӕуы Фимнӕмӕ, йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ». 14 Фамар уый куы фехъуыста, уӕд йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йе уӕхсчытыл кӕлмӕрзӕн ӕрбакодта, йӕ цӕсгом дӕр бамбӕрзта ӕмӕ сбадт Енаиммӕ бацӕуӕны, Фимнӕмӕ фӕндаг кӕуылты цӕуы, уым. Афтӕ та уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ уыдта, Шелӕ кӕй сыстыр, фӕлӕ сӕ иумӕ нӕма бацӕрын кодтой. 15 Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй банхъӕлдта хӕтаг сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди. 16 Ӕмӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕхимӕ мӕ бауадз». Иудӕ нӕ зыдта, йӕ чындз кӕй у, уый. Фамар та йын загъта: «Ӕмӕ мын уый тыххӕй цы ратдзынӕ?» 17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк рарвитдзынӕн». Сылгоймаг та йӕ бафарста: «Ӕмӕ мын цалынмӕ уый ӕрвитай, уӕдмӕ мын цы ныууадздзынӕ?» 18 Иудӕ та йын загъта: «Цы дын ныууадзон?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Мыхуыримӕ дыл цы къухдарӕн ис, уый ӕмӕ йӕ бос, стӕй дӕ лӕдзӕг». Иудӕ дӕр ын сӕ радта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ дзы сылгоймаг басывӕрджын. 19 Стӕй сӕхимӕ аздӕхт, йӕ кӕлмӕрзӕн раласта ӕмӕ фӕстӕмӕ идӕдз усы дарӕс скодта.

18–24 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 40, 41

«Йегъовӕ Иосифы фервӕзын кодта»

(Райдиан 41:9–13) Ӕмӕ уӕд сӕндарты хистӕр фараонӕн загъта: «Абон мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты мӕ тӕригъӕдтӕ. 10 Иухатт ды, о цытджын фараон, смӕсты дӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕм, ӕмӕ мӕн дӕр ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры дӕр, хъахъхъӕнджыты хистӕры хӕдзары раз цы ахӕстон ис, уым бакодтай. 11 Ӕмӕ уым иу ӕхсӕв нӕ дыууӕ дӕр федтам фынтӕ. Нӕ фынтӕ уыдысты алыхуызон ӕмӕ сӕ нысаниуӕг дӕр уыди алыхуызон. 12 Уым немӕ уыди иу ӕрыгон дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хистӕры лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ йын нӕ фынтӕ куы радзырдтам, уӕд нын сӕ райхӕлдта. Загъта нын, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ фын цы нысан кодта, уый. 13 Ӕмӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: мӕн фӕстӕмӕ мӕ бынаты сӕвӕрдтой, дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгътой».

w15 1/2 14 ф., 4, 5 абз.

«Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

Сӕндар, чи зоны, ферох кодта Иосифы, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Иу ӕхсӕв фараон федта дыууӕ диссаджы фыны. Фыццаджы паддзах федта, авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы Нилы цӕугӕдонӕй рацӕугӕ. Сӕ фӕстӕ та рацыд авд фыдынд ӕмӕ мӕллӕг хъуджы. Мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой нард хъуццыты. Уый фӕстӕ та фараон фыны федта, иу мӕнӕуы зӕнгыл кӕй ӕрзад авд дзаг ӕфсиры. Фӕлӕ стӕй ӕрзади, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕфсиры ӕмӕ нӕмыгӕй дзаг ӕфсирты аныхъуырдтой. Фараон куы райхъал, уӕд йӕхицӕн ӕнцой нал ардта, ӕмӕ фӕдзырдта йе ’ппӕт зондджын лӕгтӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕм, цӕмӕй йын йӕ фынтӕ райхӕлдтаиккой. Фӕлӕ сӕ йӕ бон райхалын никӕмӕн баци (Райдиан 41:1–8). Цӕуылнӕ, уый нӕ зонӕм – чи зоны сӕм уыцы фынтӕ тынг ӕнахуыр фӕкастысты, йе та сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕ уыд. Куыдфӕнды ма уыдаид, фараонӕн йӕ фынтӕ нӕ райхӕлдтой. Фӕлӕ уый ныры хуызӕн тынг никуы фӕндыд базонын, уыцы ӕнахуыр фынтӕ цы нысан кодтой, уый.

Фӕстагмӕ сӕндары зӕрдыл ӕрлӕууыд Иосиф! Сӕндармӕ худинаг ӕркаст ӕмӕ фараонӕн радзырдта, дыууӕ азы размӕ дзулгӕнӕгимӕ ахӕстоны куы бадтысты, уӕд дзы иу диссаджы лӕппу кӕй уыд ӕмӕ уый сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ фынтӕ кӕй райхӕлдта. Уӕд фараон загъта, цӕмӕй йӕм уыцы тӕккӕ Иосифы ахӕстонӕй ӕрбакодтаиккой (Райдиан 41:9–13).

(Райдиан 41:16) Иосиф ын дзуапп радта: «Ӕз та цы дӕн! Ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцау раргом кӕндзӕн фараонӕн уыцы фын, цӕмӕй йын хорз уа».

(Райдиан 41:29–32) Ӕнӕхъӕн Египеты авд азы зӕхх дӕтдзӕн тынг хъӕздыг тыллӕг. 30 Фӕлӕ уый фӕстӕ ралӕудзысты авд ӕххормаг азы, ӕмӕ Египеты зӕххыл ферох кӕндзысты, цы хъӕздыг тыллӕг истой, уый, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр сыдӕй мӕлдзысты. 31 Ахӕм ӕххормаг рӕстӕг скӕндзӕн, ӕмӕ, раздӕр хъӕздыг тыллӕг кӕй уыд, уый зынгӕ дӕр никӕцӕйуал кӕндзӕн. 32 Фараон фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау уыцы хъуыддаг фидарӕй аскъуыддзаг кодта ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн.

w15 1/2 14

«Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

Йегъовӕ уарзы, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, ахӕм адӕймӕгты. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, уыцы фынтӕ зондджын лӕгтӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн кӕй нӕ раргом кодта, фӕлӕ Иосифӕн. Иосиф фараонӕн бамбарын кодта, дыууӕ фынӕн дӕр сӕ нысаниуӕг иу кӕй у. Йегъовӕ хабармӕ дыууӕ хатты кӕй бацамыдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддаг «фидарӕй аскъуыддзаг кодта» ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Авд хӕрзхаст хъуджы ӕмӕ авд нӕрст ӕфсиры амыдтой, Египеты авд бӕркадджын азы кӕй скӕндзӕн, уымӕ. Авд мӕллӕг хъуджы ӕмӕ авд афтид ӕфсиры та амыдтой, уый фӕстӕ кӕй ралӕудзӕн авд ӕххормаг азы. Уыцы ӕххормаг рӕстӕг Египеты зӕхх афтӕ смӕгуыр уыдзӕн, ӕмӕ адӕмӕй сӕ хъӕздыг цард рох дӕр фӕуыдзӕн (Райдиан 41:25–32).

(Райдиан 41:38–40) Ӕмӕ фараон йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ацы адӕймаг хайджын у Хуыцауы тыхӕй. Ӕмӕ ма ахӕм лӕджы искуы ссардзыстӕм?» 39 Уый фӕстӕ фараон Иосифӕн загъта: «Иугӕр Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ дӕуӕн раргом кодта, уӕд дӕу хуызӕн ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын ӕндӕр нӕй. 40 Дӕу ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы, ӕмӕ мӕ адӕм иууылдӕр хъусдзысты дӕ алы ныхасмӕ дӕр. Паддзахбадӕныл кӕй бадын, ӕрмӕстдӕр уымӕй уыдзынӕн ӕз дӕуӕй уӕлдӕр».

w15 1/2 15 ф., 3 абз.

«Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

Фараон йӕ ныхасӕн хицау разынд. Иосифыл скодтой ӕппӕты хуыздӕр хъуымацӕй хуыд дзаумӕттӕ. Фараон ын радта сызгъӕрин рӕхыс, мыхуыримӕ къухдарӕн ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдон, стӕй йӕ схайджын кодта стыр бартӕй, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ӕгас бӕстӕйыл дӕр разил-базил кӕнын ӕмӕ йын йӕ бар цы хъуыддаг бакодта, уый аразын (Райдиан 41:42–44). Афтӕ Иосиф иу бонмӕ йӕ ахӕстон раивта паддзахы галуанӕй. Райсомӕй райхъал ӕфхӕрд ахст лӕгӕй, фынӕй та баис фараоны фӕстӕ дыккаг лӕгӕй. Иосиф Йегъовӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй йӕ арфӕдзинӕдты бын фӕкодта! Йегъовӕ уыдта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уыйбӕрц азты дӕргъы цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый. Ӕмӕ уыцы уӕззау уавӕр сраст кодта ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг ӕмӕ, хуыздӕр куыд уыд, афтӕ. Йегъовӕ ӕрмӕст Иосифыл нӕ батыхст, фӕлӕ ма фидӕны йӕ адӕм чи хъуамӕ суыдаид, уыдоныл дӕр – Израилы адӕмыл. Йегъовӕ куыд архайдта, уый базондзыстӕм ацы рубрикӕйы иннӕ статьяйӕ.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 41:14) Уӕд фараон Иосифмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ӕвӕстиатӕй ӕрбакодтаиккой. Иосиф йӕхи адаста, йӕ дзаумӕттӕ раивта ӕмӕ бацыд фараонмӕ.

w15 1/11 9 ф., 1–3 абз.

Зыдтай йӕ?

Иосиф фараонмӕ бацӕуыны размӕ йӕхи цӕмӕн ныддаста?

Райдианы чиныджы фыст ис, фараон бардзырд кӕй радта, цӕмӕй йӕм ахӕстонӕй ӕвӕстиатӕй ӕрбакодтаиккой, цы дзуттаг лӕг дзы бадт, уый – Иосифы. Фараоны фӕндыд, йӕ фынтӕ йын куы райхӕлдтаид. Уыцы рӕстӕгмӕ Иосиф ахӕстоны фӕбадт цалдӕр азы. Кӕд ӕм фараон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр уал Иосиф фыццаг йӕхи ныддаста (Райдиан 39:20–23; 41:1, 14). Фыссӕг ацы лыстӕг хабары кой кӕй скодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иосиф египетӕгты ӕгъдӕуттӕ хорз зыдта.

Бирӕ рагон адӕмтӕ, уыдонимӕ дзуттӕгтӕ дӕр, дардтой боцъотӕ. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, «скӕсӕйнаг адӕмтӕй боцъотӕ нӕ дардтой ӕрмӕстдӕр рагон египетӕгтӕ» (McClintock and Strong’s «Cyclopedia of Biblical, Theological, and Ecclesiastical Literature»).

Фӕлӕ цымӕ египетӕгтӕ ӕрмӕстдӕр сӕ боцъотӕ дастой? Иу журналы куыд фыст ис, афтӕмӕй египетӕгты дины ӕгъдӕуттӕй иуӕй-иутӕм гӕсгӕ адӕймаг фараонмӕ бацӕуыны размӕ йӕхи хъуамӕ бацӕттӕ кодтаид, цыма-иу кувӕндонмӕ цыд, уыйау. Ӕмӕ Иосифы дӕр уый тыххӕй хъуыди йӕ сӕр ӕмӕ йӕ буар ныддасын (Biblical Archaeology Review).

(Райдиан 41:33) Уӕдӕ фараон ссарӕд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын адӕймаджы ӕмӕ йӕ сӕвӕрӕд ӕгас Египеты сӕргъы.

w09 15/11 28 ф., 14 абз.

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уӕздандзинадӕй бӕрӕг дарынц

14 Рагзаманты Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыди, уыцы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уӕздандзинадыл ахуыр кодтой хӕдзары. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Авраам ӕмӕ йӕ фырт Исахъ кӕрӕдзиимӕ куыд уӕзданӕй ныхас кодтой, уымӕ. Уый тыххӕй фыст ис Райдианы 22:7. Иосифы хабарӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ ныййарджытӕ йӕ хорз кӕй схъомыл кодтой. Ахӕстоны йӕ куы бакодтой, уӕд, йемӕ чи бадти, суанг уыдонимӕ дӕр уӕзданӕй ныхас кодта (Райд. 40:8, 14). Фараонимӕ ныхасгӕнгӕйӕ бӕрӕг уыди, Иосиф кӕй зыдта, стыр хицӕуттимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый (Райд. 41:16, 33, 34).

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 40:1–23) Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзахӕн йӕ сӕндар ӕмӕ йӕ дзулгӕнӕг цӕмӕйдӕр фӕаххосджын сты сӕ хицауы раз, Египеты паддзахы раз. 2 Ӕмӕ фараон тынг смӕсты йӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕгмӕ – сӕндарты хистӕрмӕ ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕрмӕ. 3 Ӕмӕ сӕ бакӕнын кодта, хъахъхъӕнджыты хистӕры хӕдзары раз цы ахӕстон уыд, Иосиф кӕм бадти, уым. 4 Ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнджыты хистӕр Иосифӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй семӕ уыдаид ӕмӕ сын лӕггад кодтаид. Ӕмӕ иуцасдӕр ахӕстоны фесты. 5 Ӕмӕ иу ӕхсӕв сӕ дыууӕ дӕр, Египеты паддзахы сӕндар ӕмӕ дзулгӕнӕг, ахӕстоны федтой фынтӕ. Сӕ фынтӕ уыдысты алыхуызон ӕмӕ сӕ нысаниуӕг дӕр уыди алыхуызон. 6 Райсомӕй сӕм Иосиф куы бацыд, уӕд сӕм кӕсы, ӕмӕ уыцы тыхст сты. 7 Ӕмӕ фараоны лӕггадгӕнджыты, йӕ хицауы хӕдзары раз цы ахӕстон уыди, уым йемӕ чи бадт, уыдоны бафарста: «Абон афтӕ ӕнкъард цӕмӕн стут?» 8 Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах федтам фынтӕ, чи нын сӕ райхала, уый та нӕй». Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви? Уӕ хорзӕхӕй, радзурут-ма мын сӕ». 9 Ӕмӕ уӕд сӕндарты хистӕр Иосифӕн радзырдта йӕ фын: «Мӕ фыны федтон сӕнӕфсирбӕлас. 10 Сӕнӕфсирыл уыди ӕртӕ къалиуы, уыцы къалиутӕ ракъуыбыр кодтой, стӕй дидинӕг ракалдтой ӕмӕ сыл фӕзынд рӕгъӕд сӕнӕфсиры цупӕлттӕ. 11 Мӕ къухы та уыди фараоны къус. Ӕмӕ ратыдтон сӕнӕфсиртӕ, къусмӕ сӕ ныллӕмӕрстон ӕмӕ стӕй къус фараонмӕ балӕвӕрдтон». 12 Уӕд ын Иосиф загъта: «Байхъус, дӕ фын цы нысан кӕны, уымӕ: ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны. 13 Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ дӕ бынаты сӕвӕрдзӕн, ӕмӕ йӕ сӕндар куы уыдтӕ, уӕд куыд кодтай, афтӕ та йӕм къус бадӕтдзынӕ. 14 Ӕрмӕст та раздӕрау дӕ царды алцыдӕр хорз куы уа, уӕд-иу мӕ, дӕ хорзӕхӕй, ӕрхъуыды кӕн ӕмӕ мын де ’нувыд уарзт ма бахӕлӕг кӕн: фараонӕн-иу мӕ кой скӕн ӕмӕ мӕ ардыгӕй ракӕн. 15 Мӕн адавтой дзуттӕгты зӕххӕй. Ӕмӕ ам дӕр никӕмӕн ницы ракодтон, афтӕмӕй мӕ ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой». 16 Дзулгӕнджыты хистӕр уый куы федта, ӕмӕ Иосиф иннӕмӕн хорз цыдӕртӕ радзырдта, уӕд ын уый дӕр загъта: «Ӕз та фыны федтон, цыма мӕ сӕрыл уыди ӕртӕ чыргъӕды урс дзултимӕ. 17 Уӕллаг чыргъӕды фараонӕн уыди, дзулгӕнӕг кӕй скодта, ахӕм алыхуызон хӕринӕгтӕ, ӕмӕ сӕ, мӕ сӕрыл цы чыргъӕд уыди, уырдыгӕй мӕргътӕ хордтой». 18 Уӕд ын Иосиф загъта: «Байхъус, дӕ фын цы нысан кӕны, уымӕ: ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны. 19 Ӕртӕ боны фӕстӕ дын фараон дӕ сӕр акъуырдзӕн ӕмӕ дӕ хъӕдыл ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дын дӕ мард мӕргътӕ хӕрдзысты». 20 Ӕртыккаг бон фараонӕн уыди йӕ гуырӕнбон, ӕмӕ скодта куывд, фӕхуыдта йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ сӕндарты хистӕры ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры йӕ лӕггадгӕнджыты размӕ ӕрбакӕнын кодта. 21 Гъемӕ сӕндарты хистӕры фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдта, ӕмӕ та раздӕрау йӕ куыст кодта, фараонмӕ-иу къус балӕвӕрдта. 22 Дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгъта. Сӕ хабар рауад, Иосиф сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 23 Фӕлӕ сӕндарты хистӕр Иосифы не ’рхъуыды кодта, ферох дзы ис.

25–31 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 42, 43

«Иосиф равдыста стыр хиуылхӕцындзинад»

(Райдиан 42:5–7) Израилы фырттӕ Египетмӕ ӕрцыдысты, хор ӕлхӕнынмӕ ма ноджыдӕр чи цыд, уыдонимӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл хӕринаг нӕ уыди. 6 Иосиф та уыди Египеты хицау. Алы рӕттӕй цы адӕм цыд, уыдонӕн хор уый уӕй кодта. Гъемӕ Иосифмӕ ӕрбацыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой. 7 Иосиф йе ’фсымӕрты куы федта, уӕд сӕ уайтагъд базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Ӕмӕ сӕ тызмӕгӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрцыдыстут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ханааны зӕххӕй. Хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдыстӕм».

w15 1/5 13 ф., 4, 5 абз.

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

Цы зӕгъӕн ис Иосифӕй та? Уый йе ’фсымӕрты уайтагъд базыдта! Уый нӕ, фӕлӕ ма йын зӕххы онг ныллӕг куы акуывтой, уӕд «ӕвиппайды Иосифӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд», Йегъовӕ йын ӕрыгонӕй цы фынтӕ равдыста, уыдон. Фыны федта, йе ’фсымӕртӕ йӕм кӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг кӕй акуывтой. Ӕмӕ ныр хабар раст афтӕ рауад! (Райдиан 37:2, 5–9; 42:7, 9). Цы сараздзӕн Иосиф? Ныхъхъӕбыс сын кӕндзӕн? Йӕ маст сӕ райсдзӕн?

Иосиф зыдта, цыфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма ацыдаид, фӕлӕ зондӕй архайдтаид. Хабӕрттӕм йӕ хъус лӕмбынӕг дардта Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ баст уыдысты йӕ фӕндонимӕ. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, Иаковы байзӕддӕгтӕ тыхджын адӕм кӕй суыдзысты (Райдиан 35:11, 12). Фӕлӕ кӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ нырма дӕр ӕгъатыр, хиуарзон ӕмӕ ӕдзӕсгом уыдысты, уӕд зын зӕгъӕн уыдаид, уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст уыдзӕн! Иосиф тӕвдтуг митӕ нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ бинонты фарн бынтондӕр фехӕлдаид, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, хӕдзары чи баззад, уыдоныл дӕр, йӕ фыдыл ӕмӕ Вениаминыл. Цымӕ ма удӕгас уыдысты? Иосиф аскъуыддзаг кодта, йӕхи сын кӕй не схъӕр кӕндзӕн, йе ’фсымӕрты кӕй бафӕлвардзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй фендзӕн, цавӕр адӕймӕгтӕ систы. Ӕмӕ йын уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ бамбарын кӕндзӕн, дарддӕр ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый.

w15 1/5 14 ф., 1 абз.

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

Ды, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕнахуыр уавӕры никуы бахаудтӕ. Фӕлӕ абон бинонтӕ арӕх фӕхыл вӕййынц ӕмӕ ныддихтӕ вӕййынц. Ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ тынг ӕнцон у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи ма бауромӕм. Хуыздӕр уаид Иосифы бафӕзмын ӕмӕ бамбарын, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Дӕ зӕрдыл дар, бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрын ахсджиаг у, фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ фарн бахъахъхъӕнын (Матфейы 10:37).

(Райдиан 42:14–17) Фӕлӕ та сын Иосиф загъта: «Нӕ зӕгъын, чидӕр уӕ ӕрбарвыста! 15 Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Фараонӕй сомы кӕнын: цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр не ’рбацӕуа, уӕдмӕ ардыгӕй нӕ ацӕудзыстут. 16 Уӕ иуы арвитут ӕмӕ уе ’фсымӕры ӕркӕнӕд, иннӕтӕ та уал уыдзысты ахст, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Кӕд нӕ, уӕд сомы кӕнын фараонӕй: сымах чидӕр ӕрбарвыста». 17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ахӕстоны фӕдардта.

w15 1/5 14 ф., 2 абз.

«Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

Иосиф йе ’фсымӕрты цалдӕр хатты бафӕлвӕрдта, цӕмӕй бамбӕрстаид, сӕ зӕрдӕйы цы ис. Тӕлмацгӕнӕджы уылты семӕ райдыдта тызмӕгӕй дзурын ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ чидӕр ӕрбарвыста. Уыдон сӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдтой, радзырдтой йын сӕ царды хабӕрттӕ, загътой йын, хӕдзары ма сын кӕстӕр ӕфсымӕр кӕй ис. Иосиф йӕхи ныффидар кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы уаг ма равдыстаид. Цымӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕцӕгдӕр удӕгас у? Ныр зыдта, куыд архайдзӕн, уый. Иосиф сын загъта: «Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ», ӕмӕ сын уый тыххӕй та хъуамӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕры фена. Фӕстӕдӕр сӕ хӕдзармӕ ауагъта, цӕмӕй сӕ кӕстӕр ӕфсымӕры дӕр семӕ ракодтаиккой, ӕрмӕст сӕ иу хъуамӕ ахӕстоны баззадаид (Райдиан 42:9–20).

(Райдиан 42:21, 22) Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын байдыдтой: «Не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм. Уый нын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, фӕтӕригъӕд мын кӕнут, зӕгъгӕ, мах та йӕм нӕ байхъуыстам. Ӕмӕ ныл ацы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй цӕуынц». 22 Ӕмӕ сын уӕд Рувим загъта: «Нӕ уын дзырдтон, лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ мӕм нӕ байхъуыстат. Ӕмӕ йын ныр йӕ туг фидӕм».

my 24 сӕр

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

ИОСИФЫ фӕнды базонын, йе ’фсымӕртӕ ма раздӕрау мӕнгард ӕмӕ дурзӕрдӕ сты ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын дзуры: «Сымах сгарджытӕ стут. Сымах уый тыххӕй ӕрбацыдыстут, цӕмӕй базонат нӕ бӕстӕйы лӕмӕгъ бынӕттӕ».

– Нӕ, мах сгарджытӕ не стӕм,– загътой уыдон.– Мах рӕстаг адӕймӕгтӕ стӕм. Не ’ппӕт дӕр иу фыды зӕнӕг стӕм. Кӕддӕр дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм. Фӕлӕ не ’фсымӕртӕй иу нал ис, ӕппӕты кӕстӕр та хӕдзары баззад нӕ фыдимӕ.

Иосиф йӕхи афтӕ дары, цыма сыл не ’ууӕнды. Ӕфсымӕртӕй иуы, Симеоны, ахӕстоны бакодта, иннӕтӕн та хӕринаг радта ӕмӕ сӕ ауагъта сӕ хӕдзармӕ. Фӕлӕ сын фӕстагмӕ загъта: «Ардӕм ма куы цӕуат, уӕд-иу уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры уемӕ ракӕнут».

Ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ Ханаанмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд сӕ фыд Иаковӕн радзырдтой, цыдӕриддӕр сыл ӕрцыд, уый. Иаков тынг ӕрӕнкъард, скуыдта ӕмӕ загъта: «Иосиф нал ис, ныр Симеон дӕр бабын. Нӕ, мӕ кӕстӕр фырт Вениамины уын уемӕ нӕ ауадздзынӕн». Фӕлӕ сӕм хӕринаг куы нал баззад, уӕд ма Иаковӕн цы гӕнӕн уыд, ӕмӕ сын семӕ Египетмӕ ауагъта Вениамины дӕр, цӕмӕй сӕ бинонтӕн хор ӕрхӕссой.

Иосиф уыны, йе ’фсымӕртӕ та йӕм кӕй ӕрбацӕуынц, уый. Йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениамины уынд ын тынг ӕхсызгон у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕй ничи зоны, уыцы стыр хицау Иосиф кӕй у, уый. Ацы хатт дӕр та Иосифӕн йӕ зӕрды ис йӕ дӕс ӕфсымӕры искуыд бафӕлварын.

Йӕ лӕггадгӕнджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной. Ӕмӕ ма йӕ ’фсымӕрты сусӕгӕй Вениамины голладжы сӕвӕрдта йӕ ӕвзист къус дӕр. Куы араст сты ӕмӕ иу дзӕвгар куы адард сты, уӕд сын Иосиф сӕ фӕдыл арвыста йӕ лӕггадгӕнджыты. Уыдон сӕ куы баййӕфтой, уӕд сын загътой: «Цӕмӕн адавтат нӕ хицауы ӕвзист къус?»

– Махӕй йын ничи адавта йӕ къус,– иумӕ загътой ӕфсымӕртӕ.– Фенут, ӕмӕ уыцы къус кӕй голладжы ссарат, уый мард ӕрцӕуӕд.

Лӕггадгӕнджытӕ сӕ алкӕй голлаг дӕр федтой, ӕмӕ къус разынд Вениамины голладжы, нывы куыд уыныс, афтӕ. Уӕд лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Сымах дарддӕр кӕнут уӕ фӕндаг, Вениамин та ацӕудзӕн немӕ». Куыд бакӕндзысты ныр йӕ хӕрзӕфсымӕртӕ?

Вениаминимӕ иумӕ се ’ппӕт дӕр раздӕхтысты Иосифы хӕдзармӕ. Иосиф дзуры йе ’фсымӕртӕн: «Сымах ацӕут уӕ хӕдзармӕ, Вениамин та ам мӕ цагъар уыдзӕн».

– Лӕппу мемӕ куы нӕ уа,– дзуры Иудӕ,– ӕмӕ афтӕмӕй куы ӕрыздӕхон хӕдзармӕ, уӕд ӕй мӕ фыд не сфӕраздзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзы. Лӕгъстӕ дын кӕнын, мӕн ныууадз цагъарӕн. Ӕрмӕст лӕппуйы ауадз хӕдзармӕ.

Ныр Иосиф уыны, йе ’фсымӕртӕ ӕцӕг кӕй фӕивтой, уый. Уыдон раздӕрау мӕнгард ӕмӕ дурзӕрдӕ нал сты. Уӕдӕ базонӕм, Иосиф дарддӕр цы бакӕндзӕн, уый.

it-U «Иосиф», дӕлсӕргонд «Единокровные братья приходят покупать продовольствие», 2 абз.

Иосиф

Когда события приняли такой оборот, братья Иосифа почувствовали, что их постигает Божье возмездие за то, что много лет назад они продали его в рабство. В присутствии своего брата, которого они по-прежнему не узнавали, они стали говорить о своей вине. Услышав их слова, свидетельствующие о раскаянии, Иосиф так разволновался, что ему пришлось выйти, чтобы дать волю слезам. Вернувшись, он приказал связать Симеона и держать его под стражей до тех пор, пока они не возвратятся со своим младшим братом (Бт 42:21–24).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Райдиан 42:22) Ӕмӕ сын уӕд Рувим загъта: «Нӕ уын дзырдтон, лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ мӕм нӕ байхъуыстат. Ӕмӕ йын ныр йӕ туг фидӕм».

(Райдиан 42:37) Фӕлӕ Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Фӕстӕмӕ дын ӕй куы нӕ ӕркӕнон, уӕд мын мӕ дыууӕ фырты дӕр амар. Мӕ бар ӕй бакӕн, ӕз дын ӕй фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн».

it-U «Рувим», 2 абз.

Рувим

Рувимы хорз миниуджытӕй иуӕй-иутӕ рабӕрӕг сты, йӕ фараст ӕфсымӕры Иосифы марынмӕ куы хъавыдысты ӕмӕ сын афтӕ куы загъта, уый бӕсты йӕ дзыхъхъы ныппарӕм, зӕгъгӕ, уӕд. Рувимы фӕндыд фӕстӕдӕр сусӕгӕй раздӕхын ӕмӕ Иосифы фервӕзын кӕнын (Рд 37:18–30). 20 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты Египеты ӕмӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, сымах ардӕм чидӕр ӕрбарвыста, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм. Ӕмӕ сын уӕд Рувим сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иосифӕн ахӕм ми бакӕныны ныхмӕ кӕй уыд (Рд 42:9–14, 21, 22). Ӕмӕ Иаковы фырттӕ Египетмӕ дыккаг хатт цӕуынвӕнд куы скодтой ӕмӕ Иаков Вениамины семӕ куы нӕ уагъта, уӕд Рувим загъта, Вениаминыл исты куы ’рцӕуа, уӕд уый тыххӕй дзуапп йӕхӕдӕг кӕй ратдзӕн. Иаковӕн афтӕ бакодта: «Фӕстӕмӕ дын ӕй [Вениамины] куы нӕ ӕркӕнон, уӕд мын мӕ дыууӕ фырты дӕр амар» (Рд 42:37).

(Райдиан 43:32) Ӕмӕ Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, уыдонӕн дӕр хицӕнӕй, стӕй, Иосифимӕ сихор чи хордта, уыцы египетӕгтӕн дӕр хицӕнӕй – египетӕгтӕн дзуттӕгтимӕ сӕ бон нӕ уыд иу фынгыл ӕрбадын, уымӕн ӕмӕ уый сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц.

w04 1/3 31 ф., 1 абз.

Уӕвынады чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 2 хай

43:32 – Египетӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын сӕ сӕрмӕ цӕуылнӕ хастой? Египетӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын сӕ сӕрмӕ цӕуылнӕ хастой? Сӕйраджыдӕр, ӕвӕццӕгӕн, сӕ дин хуыздӕрыл кӕй нымадтой кӕнӕ сӕхи хуыздӕр адӕм кӕй хуыдтой, уый тыххӕй. Египетӕгтӕн ма фыййӕутӕ дӕр ӕнӕуынон уыдысты (Уӕвынад 46:34). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фыййӕуттӕ нымад уыдысты сау адӕмыл. Кӕнӕ та, ӕвӕццӕгӕн, Египеты кусынӕн бӕзгӕ зӕххытӕ бирӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнӕуынон уыдысты, йӕ фосӕн хизӕнуӕттӕ чи агуырдта, уыцы адӕм.

Библийӕ бакӕсинаг

(Райдиан 42:1–20) Иаков базыдта, Египеты хор кӕй ис, уый. Ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Кӕрӕдзимӕ цы кӕсут?» 2 Стӕй ма сын загъта: «Ӕз фехъуыстон, Египеты кӕй ис хор. Ацӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй аирвӕзӕм, науӕд ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм». 3 Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры ацыдысты Египетмӕ хор ӕлхӕнынмӕ. 4 Фӕлӕ Иаков Вениамины, Иосифы ӕфсымӕры, иннӕ ӕфсымӕртимӕ нӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ загъта: «Уӕд та ма йыл исты ’рцыд». 5 Израилы фырттӕ Египетмӕ ӕрцыдысты, хор ӕлхӕнынмӕ ма ноджыдӕр чи цыд, уыдонимӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл хӕринаг нӕ уыди. 6 Иосиф та уыди Египеты хицау. Алы рӕттӕй цы адӕм цыд, уыдонӕн хор уый уӕй кодта. Гъемӕ Иосифмӕ ӕрбацыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой. 7 Иосиф йе ’фсымӕрты куы федта, уӕд сӕ уайтагъд базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Ӕмӕ сӕ тызмӕгӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрцыдыстут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ханааны зӕххӕй. Хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдыстӕм». 8 Афтӕ Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, уыдон та йӕ нӕ базыдтой. 9 Ӕмӕ ӕвиппайды Иосифӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, йе ’фсымӕрты фыны куыд федта, уый, ӕмӕ сын загъта: «Сымах чидӕр ӕрбарвыста! Нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый базонынмӕ ӕрцыдыстут!» 10 Уыдон ын загътой: «Нӕ, нӕ буц хицау, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдысты. 11 Мах иууылдӕр стӕм иу лӕджы цот. Мах раст адӕм стӕм. Дӕ цагъарты ӕрвитгӕ ничи ӕрбакодта». 12 Фӕлӕ та сын уый загъта: «Нӕ, сымах уый тыххӕй ӕрцыдыстут, цӕмӕй базонат, нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый!» 13 Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Дӕ цагъартӕ уыдысты дыууадӕс ӕфсымӕры. Мах иу лӕджы цот стӕм, цӕрӕм Ханааны зӕххыл. Не ’фсымӕртӕй иу нал ис, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад». 14 Фӕлӕ та сын Иосиф загъта: «Нӕ зӕгъын, чидӕр уӕ ӕрбарвыста! 15 Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Фараонӕй сомы кӕнын: цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр не ’рбацӕуа, уӕдмӕ ардыгӕй нӕ ацӕудзыстут. 16 Уӕ иуы арвитут ӕмӕ уе ’фсымӕры ӕркӕнӕд, иннӕтӕ та уал уыдзысты ахст, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Кӕд нӕ, уӕд сомы кӕнын фараонӕй: сымах чидӕр ӕрбарвыста». 17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ахӕстоны фӕдардта. 18 Ӕртыккаг бон сын Иосиф загъта: «Ӕз тӕрсын ӕцӕг Хуыцауӕй. Гъемӕ уӕдӕ, куыд уын зӕгъон, афтӕ бакӕнут ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут. 19 Кӕд ӕцӕгдӕр раст адӕм стут, уӕд уӕ иу баззайӕд ахӕстоны, иннӕтӕ та ацӕуӕнт, ӕмӕ уӕ бинонтӕн хойраг аласут, уымӕн ӕмӕ сӕм, цы бахӕрой, уый нӕй. 20 Ӕмӕ мӕм уый фӕстӕ ӕркӕнут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры, цӕмӕй базонон, кӕй нӕ сайут, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут». Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын