Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
5–11 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 31, 32
«Мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзут»
(Рацыд 32:1) Моисей хохӕй бирӕ рӕстӕг куы нӕ цыд, уӕд адӕм Аароныл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм».
Ӕппӕт хъарутӕй тырнут фӕлтӕрддзинадмӕ – «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»
11 Фыстадӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та зын уавӕры бахаугӕйӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Израилы фыртты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыдон «Моисеимӕ хыл кӕнын райдыдтой» ӕмӕ Йегъовӕйы фӕлвӕрдтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сын нуазыны дон нӕ уыд (Рац. 17:1–4). Хуыцау израилӕгтимӕ бадзырд куы скодта ӕмӕ йын уыдон дзырд куы радтой, зӕгъгӕ, Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм, уымӕй дыууӕ мӕйы дӕр нӕма рацыд, афтӕ йӕ закъоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ мӕнгхуыцауӕн кувын райдыдтой (Рац. 24:3, 12–18; 32:1, 2, 7–9). Цымӕ афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ Моисей хохӕй ӕрӕгмӕ цыд ӕмӕ фӕтарстысты? Моисей та ссыд Хоривы хохмӕ, цӕмӕй Хуыцауӕй дӕс фӕдзӕхсты райстаид. Мыййаг афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ та нӕм амаликӕгтӕ куы ӕрбабырсой, уӕд ӕнӕ Моисейӕ цы кӕндзыстӕм? Уымӕй размӕ израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты, Моисей йӕ къухтыл хӕрдмӕ кӕй хӕцыд, уый фӕрцы (Рац. 17:8–16). Чи зоны хабар афтӕ дӕр уыд. Фӕлӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уыдаид, израилӕгты «хъусын нӕ бафӕндыд» (Ап. хъ. 7:39–41). Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй ӕппӕт хъарутӕй архайдтаиккой ӕмӕ израилӕгтау ӕгоммӕгӕс ма суыдаиккой. Уыдон та ӕгоммӕгӕс систы, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуынӕй куы тарстысты, уӕд (Дзут. 4:3, 11).
(Рацыд 32:4–6) Аарон сын сӕ сызгъӕрин райста, сартӕй йыл бакуыста ӕмӕ дзы скодта род. Ӕмӕ адӕм дзурын райдыдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!» 5 Аарон уый куы федта, уӕд уыцы роды раз скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Райсом уыдзӕн бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл». 6 Гъемӕ дыккаг бон адӕм райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбадтысты хӕрыныл ӕмӕ нуазыныл. Стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.
Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ дын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ пайда ӕрхӕссой
12 Йегъовӕ уайтагъд райдыдта архайын, Израилы адӕмимӕ бадзырд скӕнгӕйӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Уый саразын кодта кувӕн цатыр ӕмӕ дзы сауджынты сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Израилӕгтӕ та уайтагъд ферох кодтой, сӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой, уый, ӕмӕ «бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» (Пс. 78:41). Зӕгъӕм, Моисей Синайы хохыл куы уыд ӕмӕ йын Хуыцау амындтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд израилӕгтӕн сӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал уыди ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын райдыдта. Афтӕ сӕм фӕкаст, ӕмӕ сӕ Моисей ныууагъта. Гъемӕ сызгъӕрин род сарӕзтой ӕмӕ дзурын райдыдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта» (Рац. 32:1, 4). Уый фӕстӕ скодтой бӕрӕгбон – схуыдтой йӕ «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл». Ӕмӕ адӕймаджы къухӕй конд гуымирыйӕн кувын райдыдтой ӕмӕ йын нывӕндтӕ хастой. Йегъовӕ уыдӕттӕ куы федта, уӕд Моисейӕн загъта: «Куыд тагъд адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй!» (Рац. 32:5, 6, 8). Хъыгагӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд афтӕ, ӕмӕ-иу израилӕгтӕ Хуыцауӕн расомы кодтой ӕмӕ-иу стӕй сӕ ныхас фӕсайдтой (Ным. 30:2).
(Рацыд 32:9, 10) Ӕмӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй. 10 Гъемӕ мӕ бауадз, цӕмӕй сӕм мӕ маст ссудза ӕмӕ сӕ фесафон ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон стыр адӕм».
«Йегъовӕйы фарс чи у?»
14 Израилӕгтӕ зыдтой, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын Йегъовӕйы цӕсты стыр тӕригъӕд кӕй у (Рац. 20:3–5). Фӕлӕ уӕддӕр сызгъӕрин родӕн кувын райдыдтой! Кӕд уымӕй Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтысты, уӕддӕр сӕхи ахӕм хъуыдытӕй сайдтой, зӕгъгӕ, афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйы фарс стӕм. Уыцы родӕн кӕй куывтой, уымӕй ма Аарон афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, уый у «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл»! Цымӕ Йегъовӕ та уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы хабар афтӕ банымадта, цыма йыл гадзрахатӕй рацыдысты. Йегъовӕ Моисейӕн израилӕгтӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты» ӕмӕ «адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй». Йегъовӕйы маст сӕм ссыгъд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесафынвӕнд скодта (Рац. 32:5–10).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Рацыд 31:17) Мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн уый у нысан ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕхсӕз бонмӕ скодта арв ӕмӕ зӕхх, ӕвдӕм бон та улӕфын райдыдта“».
«Ис йӕхи афон» кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн
4 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕ кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ улӕфын нӕ хъӕуы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ никуы бафӕллайы, ӕмӕ йӕ йӕ фӕллад уадзын нӕ фӕхъӕуы. Ӕнӕуи Библийы ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх куы скодта, уӕд «улӕфын райдыдта» (Рац. 31:17). Фӕлӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлдисгӕ ницыуал кодта ӕмӕ йӕ къухты фыдӕбоныл цин кодта. Кӕд Йесо дӕр зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фыдӕбон кодта, уӕддӕр-иу баулӕфынӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ иумӕ къӕбӕр бахӕрынӕн рӕстӕг ссардта (Матф. 14:13; Лук. 7:34).
(Рацыд 32:1, 2) «Моисей хохӕй бирӕ рӕстӕг куы нӕ цыд, уӕд адӕм Аароныл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм». 2 Ӕмӕ сын уӕд Аарон загъта: «Уӕ устыты, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъустӕй сызгъӕрин хъусцӕджытӕ рафтаут ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут».
(Рацыд 32:7–9) Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ. Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты. 8 Куыд тагъд адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй! Сӕхицӕн сызгъӕрин род скодтой ӕмӕ йын кувынц, хӕссынц ын нывӕндтӕ ӕмӕ дзурынц: „Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!“» 9 Ӕмӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй.
Ӕппӕт хъарутӕй тырнут фӕлтӕрддзинадмӕ – «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»
11 Фыстадӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та зын уавӕры бахаугӕйӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Израилы фыртты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыдон «Моисеимӕ хыл кӕнын райдыдтой» ӕмӕ Йегъовӕйы фӕлвӕрдтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сын нуазыны дон нӕ уыд (Рац. 17:1–4). Хуыцау израилӕгтимӕ бадзырд куы скодта ӕмӕ йын уыдон дзырд куы радтой, зӕгъгӕ, Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм, уымӕй дыууӕ мӕйы дӕр нӕма рацыд, афтӕ йӕ закъоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ мӕнгхуыцауӕн кувын райдыдтой (Рац. 24:3, 12–18; 32:1, 2, 7–9). Цымӕ афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ Моисей хохӕй ӕрӕгмӕ цыд ӕмӕ фӕтарстысты? Моисей та ссыд Хоривы хохмӕ, цӕмӕй Хуыцауӕй дӕс фӕдзӕхсты райстаид. Мыййаг афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ та нӕм амаликӕгтӕ куы ӕрбабырсой, уӕд ӕнӕ Моисейӕ цы кӕндзыстӕм? Уымӕй размӕ израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты, Моисей йӕ къухтыл хӕрдмӕ кӕй хӕцыд, уый фӕрцы (Рац. 17:8–16). Чи зоны хабар афтӕ дӕр уыд. Фӕлӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уыдаид, израилӕгты «хъусын нӕ бафӕндыд» (Ап. хъ. 7:39–41). Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй ӕппӕт хъарутӕй архайдтаиккой ӕмӕ израилӕгтау ӕгоммӕгӕс ма суыдаиккой. Уыдон та ӕгоммӕгӕс систы, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуынӕй куы тарстысты, уӕд (Дзут. 4:3, 11).
Библийӕ бакӕсинаг
(Рацыд 32:15–35) Уый фӕстӕ Моисей хохӕй ӕрхызт. Йӕ къухы уыди бадзырды дыууӕ къӕйдуры. Къӕйдуртыл дыууӕрдыгӕй дӕр уыди фыстытӕ – фыст сыл уыди иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. 16 Уыцы къӕйдуртӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сыл цы фыстытӕ уыди, уыдон дӕр сыл скъахта Хуыцау. 17 Уӕдмӕ Йесо айхъуыста адӕмы хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Цатыртӕ кӕм сты, уырдыгӕй хъуысы тохы хъӕр». 18 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уый уӕлахиздзауты зарын нӕу. Ӕмӕ, састы бынаты чи баззад, уыдоны хъарӕг дӕр нӕу. Мӕнмӕ бынтон ӕндӕр зарӕг хъуысы». 19 Гъемӕ Моисей, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм куы ’рбаввахс ӕмӕ роды куы федта, стӕй адӕм куыд кафынц, уый, уӕд йӕ маст ссыгъд, ӕмӕ къӕйдуртӕ хохрӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты. 20 Стӕй, цы род скодтой, уый арты басыгъта, ныммур ӕй кодта, цӕугӕдоны йӕ ныккалдта ӕмӕ дзы Израилы фырттӕн бануазын кодта. 21 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Цы дын бакодтой ацы адӕм, ахӕм стыр тӕригъӕды сӕ куыд бафтыдтай?» 22 Аарон ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ма мӕм мӕсты кӕн. Ацы адӕмы дӕхӕдӕг дӕр хорз куы зоныс. Зоныс ӕй, ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй сты. 23 Уыдон мын загътой: „Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм“. 24 Ӕмӕ сын ӕз дӕр загътон: „Сызгъӕринтӕ уӕ кӕмӕ ис? Рафтаут сӕ ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут“. Гъемӕ уыцы сызгъӕринтӕ арты баппӕрстон, ӕмӕ дзы мӕнӕ ацы род рауад». 25 Моисей федта, адӕмӕн бауромӕн кӕй нал ис, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Аарон сӕхи бар ауагъта, ӕмӕ сӕхи се знӕгты раз фӕхудинаг кодтой. 26 Ӕмӕ уӕд Моисей, адӕмы цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уырдӕм бацӕуӕны раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы фарс чи у? Мӕ разы ӕрлӕууӕд!» Ӕмӕ Левийы фырттӕ се ’ппӕт дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд сты. 27 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Алчидӕр уӕ йӕ хъама йӕ фарсыл ӕрцауындзӕд. Ӕмӕ иу бахизӕнӕй иннӕмӕ цатыртыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзилут, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йӕ хионы ӕмӕ йе ’мбалы“». 28 Ӕмӕ Левийы фырттӕ, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ӕртӕ мин лӕджы. 29 Моисей сын афтӕ загъта: «Абон Йегъовӕйы хъуыддаг аразгӕйӕ фидар ут, уымӕн ӕмӕ уӕ алчидӕр цӕуы йӕ фырты ӕмӕ йе ’фсымӕры ныхмӕ, ӕмӕ уӕ Хуыцау абон йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн». 30 Дыккаг бон Моисей адӕмӕн загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд ракодтат, ӕмӕ ныр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ссӕуон. Ныллӕгъстӕ йын кӕнон, ӕмӕ уын кӕд уӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнид». 31 Ӕмӕ Моисей фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ссыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой – сӕхицӕн скодтой сызгъӕрин хуыцау! 32 Бӕргӕ, куы сын ныххатыр кӕнис. Кӕд нӕ, уӕд та дӕ курын, мӕ ном мын сыхал дӕ чиныгӕй, кӕй фыссыс, уыцы чиныгӕй». 33 Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном. 34 Ныр ацу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Сӕ бафхӕрыны бон куы ’рцӕуа, уӕд та сӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕнӕмӕнг бафхӕрдзынӕн». 35 Ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы бафхӕрдта, Ааронӕн кӕй саразын кодтой, уыцы роды тыххӕй.
12–18 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 33, 34
«Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ»
(Рацыд 34:5) Ӕмӕ Йегъовӕ мигъы мидӕг ӕрцыд, Моисейы цур ӕрлӕууыд ӕмӕ фехъусын кодта Йегъовӕйы ном.
it-U «Имя, название», дӕлсӕргонд «Что означает знать имя Бога?», 1 абз.
Ном
Дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр дзурӕг сты, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ уыдӕттӕ Хуыцауы ном не ’ргом кӕнынц (Пс 19:1; Ро 1:20). Хуыцауы ном зонын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, йӕ ном куыд у, уый зонай (2Аз 6:33). Уый нысан кӕны, уыцы ном чи хӕссы, уый зонын, ома йӕ фӕндты, йӕ хъуыддӕгты ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый зонын. (Абар 1Пд 8:41–43; 9:3, 7; Не 9:10.) Уый бӕрӕг у Моисейы хабарӕй. Йегъовӕ йын афтӕ кӕй загъта, «ӕз дӕ зонын дӕ номӕй», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ уыдысты (Рц 33:12). Йегъовӕ Моисейӕн йӕ кад равдыста ӕмӕ йын йӕ ном фехъусын кодта (Рц 34:5). Йӕ ном ын ӕнӕуи ногӕй нӕ загъта, фӕлӕ йын йӕ миниуджыты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй радзырдта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн. Фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты ӕмӕ сӕ фыртты фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг» (Рц 34:6, 7). Моисейы зарӕджы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцау цы миниуджыты хицау у ӕмӕ израилӕгтӕн куыд уыд, уый. Уыцы зарӕг райдыдта ахӕм ныхӕстӕй, «ӕз хъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном», зӕгъгӕ (Д.з 32:3–44).
(Рацыд 34:6) Стӕй Йегъовӕ йӕ рӕзты рацыд ӕмӕ фехъусын кодта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст.
Цы дзуры Йегъовӕ йӕхи тыххӕй?
Фыццаджыдӕр Йегъовӕ йӕхи тыххӕй загъта, «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ» кӕй у (6 стих). Библи чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ, «фӕлмӕнзӕрдӕ»-йӕ цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны, «фыд йӕ сывӕллӕттӕм цы зӕрдӕ дары», уымӕ. «Хӕларзӕрдӕ»-йӕ цы ныхас ӕрцыд тӕлмац, уый та амоны, «фӕкӕсынхъуаг чи у, уымӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагмӕ». Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ зоной, фыд йӕ сывӕллӕттыл куыд тыхсы, афтӕ тынг сыл кӕй тыхсы ӕмӕ сӕ кӕй уарзы (Псалом 103:8, 13).
Уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта, «мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕнын», зӕгъгӕ (6 стих). Хуыцау уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы йӕ лӕггадгӕнджытӕм. Семӕ фӕразон у, сӕ хъӕндзинӕдтӕм сын нӕ ныккомкоммӕ вӕййы ӕмӕ сын рӕстӕг ратты, цӕмӕй фӕивой (2 Петры 3:9).
Дарддӕр Хуыцау загъта, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр раст кӕй у (6 стих). Ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын йӕ адӕм зынаргъ сты (Дыккаг закъон 7:9). Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ никӕй бон у асайын ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр никӕй сайы. «Ӕцӕгдзинады Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у йӕ алы ныхасыл дӕр фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны тыххӕй цы загъта, ууыл дӕр (Псалом 31:5).
(Рацыд 34:7) Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн. Фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты ӕмӕ сӕ фыртты фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Цы дзуры Йегъовӕ йӕхи тыххӕй?
Йегъовӕйы ма фӕнды, цӕмӕй зонӕм ӕндӕр ахсджиаг хъуыддаг дӕр – «хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (7 стих). Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн «цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5). Фӕлӕ ӕвзӕрдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Ӕмбарын нын кӕны, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй кӕй ницы хуызы ныууадздзӕн (7 стих). Хуыцау сыгъдӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн, зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы, уыдоны. Абон уа, райсом уа, уӕддӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп ратдзысты.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Рацыд 33:11) Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, дыууӕ адӕймаджы куыд ныхас кӕной, афтӕ. Моисей-иу фӕстӕмӕ адӕмы ’хсӕнмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд-иу йӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йе ’ххуысгӕнӕг Навины фырт Йесо та баззад цатыры.
(Рацыд 33:20) Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕ цӕсгом фенын та дӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн».
Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
33:11, 20 – Хуыцау Моисеимӕ «дзыхӕй-дзыхмӕ» куыд ныхас кодта? «Дзыхӕй-дзыхмӕ» ныхас кӕнын амоны дыууӕ адӕймаджы ныхас. Моисей ныхас кодта Хуыцауы минӕваримӕ ӕмӕ йын Иегъовӕ уый дзыхӕй лӕвӕрдта амындтӕ. Фӕлӕ Моисей Иегъовӕйы нӕ федта, уымӕн ӕмӕ «адӕймаг [Хуыцауы] куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». Уӕдӕ Иегъовӕ Моисеимӕ комкоммӕ нӕ ныхас кодта. Закъон «лӕвӕрд у Зӕдты сӕрты, ӕхсӕны бацӕуӕджы къухӕй»,– дзырдӕуы Галатӕгтӕм 3:19.
(Рацыд 34:23) Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой ӕцӕг Хицауы раз, Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз.
Хуыцауы хъуыддӕгты агурӕм удӕнцой
6 Израилӕгтӕ-иу афӕдз ӕртӕ хатты Иерусалиммӕ цыдысты бӕрӕгбонмӕ (Рац. 34:23). Арӕх-иу сӕ бахъуыд сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ куыстуӕттӕ ныууадзын ӕмӕ цалдӕр боны рыг фӕндӕгтыл къахӕй цӕуын. Фӕлӕ-иу кувӕндонмӕ куы ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу дзы Йегъовӕйы чи кадджын кодта, уыдоны куы федтой, уӕд-иу «сӕ цинӕн кӕрон нал уыди» (2 Аз. 30:21). Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ стыр циндзинад банкъарынц, сӕ бинонтимӕ, хӕстӕгдӕр сӕм чи у, уыцы Вефилмӕ куы ацӕуынц, уӕд. Ды дӕр дӕ бинонтимӕ искуы баулӕфын куы фӕнд кӕнай, уӕд дӕ бон у спълан кӕнын ахӕм ранмӕ ацӕуын?
Библийӕ бакӕсинаг
(Рацыд 33:1–16) Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сыст ацы бынатӕй ӕмӕ, Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ ацу, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодтон, дӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уырдӕм. 2 Ӕз дын дӕ разӕй арвитдзынӕн зӕды ӕмӕ фӕтӕрдзынӕн ханаайнӕгты, аморейты, хетты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты. 3 Ацӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ. Мӕхӕдӕг та уемӕ нӕ ацӕудзынӕн, цӕмӕй уӕ фӕндагыл ма фӕцӕгъдон, уымӕн ӕмӕ ӕнӕсӕттон адӕм стут». 4 Адӕм ахӕм ӕвзӕр хабар куы фехъуыстой, уӕд хъыг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ иу дӕр йӕ уӕлӕ аивгӕнӕнтӕ нал скодта. 5 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Израилы фырттӕн зӕгъ: „Сымах ӕнӕсӕттон адӕм стут. Зӕгъгӕ, уемӕ ацыдтӕн, уӕд уӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕцӕгъдин. Ныр та раласут уӕ аивгӕнӕнтӕ. Ӕз ахъуыды кӕндзынӕн, куыд уын бакӕнон, ууыл“». 6 Ӕмӕ Хоривы хохрӕбын Израилы адӕм сӕ аивгӕнӕнтӕ иууылдӕр раластой ӕмӕ сӕ нал скодтой. 7 Моисей та йӕ цатыр систа ӕмӕ, адӕмы цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй йӕ дард ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ схуыдта ӕмбырды цатыр. Ӕмӕ-иу Йегъовӕйы исчи истӕмӕй бафӕрсинаг куы уыди, уӕд-иу уырдӕм, ӕмбырды цатырмӕ, ацыд. 8 Моисей-иу цатырмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм иууылдӕр сыстадысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр лӕууыд йӕ цатыры бахизӕны. Ӕмӕ-иу цалынмӕ Моисей цатырмӕ нӕ бахызт, уӕдмӕ-иу йӕ фӕдыл кастысты. 9 Куыддӕр-иу Моисей цатырмӕ бахызт, афтӕ-иу уӕлейӕ ӕрцыд мигъы хуызӕн цӕджындз ӕмӕ-иу цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыд, ӕмӕ-иу Хуыцау Моисеимӕ ныхас кодта. 10 Адӕм иууылдӕр цатыры бахизӕны раз уыдтой мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕмӕ-иу иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр йӕ цатыры бахизӕны раз йӕ сӕрӕй ныллӕг куывта. 11 Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, дыууӕ адӕймаджы куыд ныхас кӕной, афтӕ. Моисей-иу фӕстӕмӕ адӕмы ’хсӕнмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд-иу йӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йе ’ххуысгӕнӕг Навины фырт Йесо та баззад цатыры. 12 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мын зӕгъыс: „Акӕн ацы адӕмы“. Фӕлӕ мын мемӕ кӕй арвитдзынӕ, уый та мын нӕ загътай. Стӕй мын дӕхӕдӕг афтӕ куы загътай: „Ӕз дӕ зонын дӕ номӕй, ӕмӕ мын мӕ хорзӕх ссардтай“. 13 Уӕдӕ дын кӕд ӕцӕгдӕр ссардтон дӕ хорзӕх, уӕд дӕ курӕг дӕн, бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон ӕмӕ мӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕх уа. Стӕй, ацы адӕм дӕ адӕм кӕй сты, ууыл дӕр ахъуыды кӕн». 14 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Ӕз мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ ӕмӕ дын ратдзынӕн ӕнцойдзинад». 15 Моисей та йын загъта: «Кӕд дӕхӕдӕг нӕ цӕуыс немӕ, уӕд нӕ ардыгӕй ма ӕрвит. 16 Дӕ хорзӕх дын кӕй ссардтон,– ӕз дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр,– уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Немӕ куы рацӕуай, уӕд уымӕй нӕ хицӕн кӕндзыстӕм ӕз ӕмӕ дӕ адӕм, зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр?»
19–25 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 35, 36
«Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ хъуыддаджы архайынӕн»
(Рацыд 35:25, 26) Къухӕй хорз, дӕсны чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕндӕхтӕ ӕмӕ сӕ хастой: ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах. 26 Иннӕ арӕхстджын сылгоймӕгтӕ та, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдон, ӕлвыстой сӕгъы къуымбил.
Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыдонӕн
Фӕлӕ Йегъовӕ цин кодта, адӕм цы хастой, уыдӕттыл нӕ, фӕлӕ сӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой, ууыл. Израилӕгтӕ ма Хуыцауы хъуыддаджы тыххӕй сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ дӕр нӕ бавгъау кодтой. «Къухӕй хорз, дӕсны чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕндӕхтӕ», стӕй «иннӕ арӕхстджын сылгоймӕгтӕ та, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдон, ӕлвыстой сӕгъы къуымбил». Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Веселеилӕн радта «зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зыдтаид алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уыдаид дӕсны». Хуыцау Веселеилы дӕр ӕмӕ Аголиавы дӕр схайджын кодта арӕхстдзинадӕй, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, цы куыст сын бахӕс кодта, уый бакӕнын (Рац. 35:25, 26, 30–35).
(Рацыд 35:30–35) Уый фӕстӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Йегъовӕ равзӕрста Иудӕйы мыггагӕй Веселеилы, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырты. 31 Ӕмӕ йӕ схайджын кодта йӕ тыхӕй, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уа дӕсны, 32 арӕхса цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр, сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ аразынмӕ, 33 дуртӕ лӕгъз кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕлгӕтты ӕвӕрынмӕ ӕмӕ хъӕдӕй алыхуызон рӕсугъд дзауматӕ кӕнынмӕ. 34 Ӕмӕ йын радта зонд, цӕмӕй йӕ бон уа иннӕты ахуыр кӕнын дӕр. Ахӕм зонд радта Даны мыггагӕй Аголиавӕн дӕр, Ахисамахы фыртӕн. 35 Схайджын сӕ кодта арӕхстдзинадӕй, цӕмӕй къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уой дӕсны, хъуымацыл ӕндахӕй алыхуызон нывтӕ кӕнынмӕ дӕр, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндахӕй хъуымӕцтӕ уафынмӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуымӕцтӕ аразынмӕ дӕр. Уыдон арӕхсынц алы куыстмӕ дӕр ӕмӕ цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр.
Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд рагон лӕггадгӕнджытӕн
6 Веселеил дӕр царди Моисейы рӕстӕджы ӕмӕ уымӕн дӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта. Йӕ хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый тыххӕй. (Бакӕс Рацыд 35:30–35.) Йегъовӕ Веселеилы равзӕрста, цӕмӕй разамынд лӕвӕрдтаид, цатырӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ куы арӕзтой, уӕд. Уыцы стыр хъуыддаг цалынмӕ нӕ райдыдта, уӕдмӕ цымӕ Веселеил зыдта, ахӕм дзауматӕ куыд аразгӕ сты, уый? Чи зоны, зыдта. Фӕлӕ уый размӕ йӕ куыст, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд, ӕмӕ египетӕгтӕн самандуртӕ арӕзта (Рац. 1:13, 14). Уӕдӕ Веселеил уыцы зын хӕс куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ йӕ Йегъовӕ «схайджын кодта йӕ тыхӕй, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уа дӕсны, арӕхса цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр». Уый фӕрцы арӕхст «алыхуызон рӕсугъд дзауматӕ кӕнынмӕ». Чи зоны, Веселеил ӕмӕ Аголиав сӕхӕдӕг дӕр цӕмӕдӕр арӕхстысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй алцы аразынмӕ дӕр дӕсны уыдаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, уыдӕттыл хорз сахуыр сты, уымӕн ӕмӕ уыцы куыстмӕ ӕрмӕст сӕхӕдӕг нӕ арӕхстысты, фӕлӕ ма иннӕты дӕр ахуыр кодтой.
(Рацыд 36:1, 2) Уыцы куыстытӕ кӕндзӕн Веселеил, стӕй Аголиав, ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи у, уыдон – Йегъовӕ сын радта зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зоной, сыгъдӕг бынатӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ куыд аразгӕ сты, уый, ӕмӕ ӕппӕт дӕр бакӕной, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ». 2 Ӕмӕ Моисей фӕдзырдта Веселеилмӕ, Аголиавмӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи уыди, Йегъовӕ зонд кӕмӕн радта, уыцы куыстытӕ аразынмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.
Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг уыд рагон лӕггадгӕнджытӕн
7 Веселеилӕн ӕмӕ Аголиавӕн сыгъдӕг тых разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый ма бӕрӕг у, цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдон тынг хорз конд кӕй уыдысты, уымӕй. Уый фӕстӕ ма уыцы дзауматӕ фӕлӕууыдысты 500 азы бӕрц (2 Аз. 1:2–6). Веселеил ӕмӕ Аголиав, абон алыхуызон дзауматӕ чи уадзы, уыдонау нӕ кодтой – цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдоныл сӕ нӕмттӕ кӕнӕ сӕ къухфыст нӕ ныууагътой. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй ӕппӕт кад дӕр уыдаид Йегъовӕйӕн (Рац. 36:1, 2).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Рацыд 35:1–3) Моисей Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста: 2 ӕхсӕз боны ис кусӕн, ӕвдӕм бон та уын уыдзӕн Хуыцауы бон, сабат Йегъовӕйы кадӕн, улӕфты бон. Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд ӕй хъӕуы амарын. 3 Сабаты-иу уӕ цӕрӕнбынӕттӕй иуы дӕр арт ма скӕнут».
Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
14 Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Израилы адӕм хъуамӕ сӕхиуыл уыйбӕрц рӕстӕг ма хардз кодтаиккой, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты баззадаиккой. Израилӕгты царды ӕрвылбоны куыстытӕ хъуамӕ сӕйрагдӕр ма уыдаиккой. Иегъовӕ сын уаз хъуыддӕгтӕн алы къуыри дӕр рахицӕн кодта бон. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауӕн куывтаиккой (Рацыд 35:1–3; Нымӕцтӕ 15:32–36). Стӕй ма сын хъуамӕ алы аз дӕр уыдаид рӕстӕг сыгъдӕг ӕмбырдтӕн (Левит 23:4–44). Уыдон сын хорз фадат лӕвӕрдтаиккой Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл дзурынӕн, йӕ фӕндӕгтӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн, ӕмӕ йын йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй арфӕ кӕнынӕн (Дыккаг закъон 10:12, 13). Адӕм Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый ӕвдисгӕйӕ дзы тынгдӕр аргъуыц кодтаиккой, фылдӕр ӕй уарзтаиккой ӕмӕ уый фӕрцы йӕ фӕндӕгтыл цыдаиккой (Дыккаг закъон 10:12, 13). Уыцы уагӕвӕрдтӕ абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ахъаз сты (Дзуттытӕм 10:24, 25).
(Рацыд 35:21) Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр дзырдта, уыдон ӕрбахастой Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ: ӕмбырды цатырӕн ӕмӕ цатыры лӕггад кӕнынӕн, стӕй сӕрмагонд уӕлӕдарӕсӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ.
Зӕрдиагӕй дӕттӕм
Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой хӕсгӕ кувӕндоны цатыр. Уымӕн та хъуыди бирӕ ӕрмӕг, ӕмӕ Израилы адӕмӕн загъд уыди, зӕгъгӕ, мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут. Ӕмӕ? «Йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта», уыдон ӕрбахастой сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕг. Адӕм афтӕ рӕдау разындысты, ӕмӕ ма сын суанг зӕгъгӕ дӕр кодтой, цӕмӕй мацыуал хастаиккой мысайнагӕн (Рац. 35:5, 21; 36:6, 7).
Чырыстӕттӕ абон дӕр раст динӕн ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц. Уыдон Хуыцауы хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ. Дӕлдӕр ма амынд ис, мысайнӕгтӕ нӕ бон дӕттын куыд у, уый.
Библийӕ бакӕсинаг
(Рацыд 35:1–24) Моисей Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста: 2 ӕхсӕз боны ис кусӕн, ӕвдӕм бон та уын уыдзӕн Хуыцауы бон, сабат Йегъовӕйы кадӕн, улӕфты бон. Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд ӕй хъӕуы амарын. 3 Сабаты-иу уӕ цӕрӕнбынӕттӕй иуы дӕр арт ма скӕнут». 4 Моисей ма Израилы фырттӕн ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста: 5 „Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнагӕн ӕрбахӕссӕнт сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, 6 ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил, 7 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак, акъаци хъӕдӕрмӕг, 8 сой цырагъдарӕнӕн, стӕй бальзамы сой – уыцы сой хъӕуы хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕрмагонд сой аразынӕн. 9 Мысайнагӕн ма ноджыдӕр ӕрбахӕссӕнт оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодӕн ӕмӕ риуылдарӕнӕн. 10 Къухӕй хорз чи арӕхсы, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Йегъовӕ цы загъта, уыдон иууылдӕр: 11 цатыр ӕмӕ йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; 12 бадзырды чырын, йӕ хъилтӕ, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ разы цы ӕмбӕрзӕн уыдзӕн ауыгъд, уый; 13 стъол, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй нывонд дзултӕ дӕр; 14 цырагъдарӕн рухс кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй цырагъдарӕны къустӕ ӕмӕ сой рухс кӕнынӕн; 15 нывондхӕссӕн буд судзынӕн ӕмӕ йӕ хъилтӕ; сӕрмагонд сой ӕмӕ хӕрздӕф буд; стӕй, цатыры бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 16 судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ йын ӕрхуы сеткӕ дӕр, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон; стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн; 17 кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; кӕрты бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 18 цатыры къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ; 19 стӕй рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс кувӕн бынаты лӕггад кӕнынӕн, сӕрмагонд уӕлӕдарӕс сауджын Ааронӕн ӕмӕ уӕлӕдарӕс йӕ фырттӕн дӕр, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной“». 20 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисейы разӕй ацыдысты. 21 Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр дзырдта, уыдон ӕрбахастой Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ: ӕмбырды цатырӕн ӕмӕ цатыры лӕггад кӕнынӕн, стӕй сӕрмагонд уӕлӕдарӕсӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ. 22 Цыдысты, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн дзырдта, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ хастой алыхуызон сызгъӕрин дзауматӕ: хъуырӕгънӕджытӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы аивгӕнӕнтӕ. Алчидӕр сӕ Йегъовӕйӕн сызгъӕрин хаста, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн. 23 Ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил, сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ ӕмӕ фӕлмӕн сӕрак кӕмӕ уыди, уыдон сӕ се ’ппӕт дӕр хастой. 24 Йегъовӕйӕн мысайнагӕн хастой ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дӕр. Ӕмӕ акъаци хъӕдӕрмӕг кӕмӕ уыди, уыдон дӕр ӕй хастой, цӕмӕй сарӕзтаиккой, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый.
26 ОКТЯБРӔЙ 1 НОЯБРМӔ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 37, 38
«Хуыцауы цатыры нывондхӕссӕнтӕ цӕмӕ амыдтой?»
(Рацыд 37:25) Стӕй акъацийӕ скодта нывондхӕссӕн буд судзынӕн. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Йӕ бӕрзӕнд та уыди дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй.
it-U «Жертвенник», дӕлсӕргонд «Жертвенник для сжигания фимиама»
Нывондхӕссӕн
Нывондхӕссӕн буд судзынӕн. Буд судзынӕн чи уыд, уыцы нывондхӕссӕн (хуыдтой ма йӕ «сызгъӕрин нывондхӕссӕн» дӕр [Рц 39:38]) конд уыд акъаци бӕласӕй. Нывондхӕссӕныл уӕлейӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕрстыл дӕр уыд сызгъӕринӕй цъар ӕвӕрд. Уӕлейӕ йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй конд уыд сызгъӕринӕй нывӕфтыд. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – 44,5 см, йӕ уӕрх дӕр – 44,5 см. Йӕ бӕрзӕнд та уыд 89 см, ӕмӕ уӕлейӕ йӕ цыппар тигъӕй цыдысты «сыкъатӕ». Нывондхӕссӕнӕн йӕ дыууӕ фарсыл дӕр йӕ нывӕфтыд кӕрӕтты бынмӕ кӕрӕдзи акомкоммӕ конд уыд фӕйнӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн (нывондхӕссӕн-иу уыцы хъилтӕй хастой). Хъилтӕ конд уыдысты акъаци бӕласӕй ӕмӕ сыл уыд сызгъӕринӕй цъар ӕвӕрд (Рц 30:1–5; 37:25–28). Уыцы нывондхӕссӕныл-иу бон дыууӕ хатты, райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй, сыгътой, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи уыд, ахӕм буд (Рц 30:7–9, 34–38). Библийы буд судзыны кой кӕм фӕцӕуы, уым алы хатт фӕцӕуы будсудзӕны, кӕнӕ зынгхӕссӕны, кой дӕр. Ӕмӕ-иу нывондхӕссӕныл буд куы сыгътой, уӕд дӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм будсудзӕнӕй пайда кодтой (Лв 16:12, 13; Дзт 9:4; Рар 8:5; абар 2Аз 26:16, 19). Уыцы нывондхӕссӕн уыд Хуыцауы цатыры мидӕгӕй, Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы ӕмбӕрзӕны раз. Ӕмӕ Библийы дӕр уымӕн ис фыст, нывондхӕссӕн уыд «бадзырды чырыны акомкоммӕ», зӕгъгӕ (Рц 30:1, 6; 40:5, 26, 27).
(Рацыд 37:29) Скодта ма ноджыдӕр сӕрмагонд сой ӕмӕ сыгъдӕг, хӕрздӕф буд. Уыдон уыдысты дӕсны конд.
it-U «Фимиам», 2 абз.
Буд
Ӕдзӕрӕг быдыры Хуыцауы цатыры кӕмӕй пайда кодтой, уыцы буд-иу сарӕзтой зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй; израилӕгтӕ-иу сӕ мысайнагӕн ӕрбахастой (Рц 25:1, 2, 6; 35:4, 5, 8, 27–29). Уыцы буд арӕзт уыд цыппар хӕрздӕфгӕнӕнӕй. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: стактийы чъиу, оних, тӕфгӕнаг галбан ӕмӕ сыгъдӕг урс буд – се ’ппӕтӕй дӕр райс ӕмхуызон. Иумӕ сӕ сызмӕнт ӕмӕ сӕ скӕн хӕрздӕф буд, хъуамӕ йыл уа цӕхх ӕмӕ уа сыгъдӕг. Уый у Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. Хъуамӕ йӕ скӕна хӕрздӕф сойтӕ аразӕг. Йӕ иу хай йын лыстӕг мур ныккӕн, ӕмӕ дзы иуцасдӕр сӕвӕр ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны раз, кӕм-иу дӕм фӕзындзынӕн, уым. Уыцы буд сымахӕн хъуамӕ уа уӕлдай табуйаг». Уыцы буд ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй уыд ӕмӕ табуйаг кӕй уыди, уый равдисыны тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Ахӕм буд йӕхицӕн чи скӕна, йӕ тӕфмӕ йын смудон, зӕгъгӕ, уый фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй» (Рц 30:34–38; 37:29).
(Рацыд 38:1) Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта нывондхӕссӕн судзинаг нывӕндтӕн. Нывондхӕссӕнӕн йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та уыди ӕртӕ ӕлмӕрины.
it-U «Жертвенник», дӕлсӕргонд «Жертвенники священного шатра», 1 абз.
Нывондхӕссӕн
Хуыцауы цатыры нывондхӕссӕнтӕ. Цатыр куы арӕзтой, уӕд арӕзт ӕрцыдысты дыууӕ нывондхӕссӕны, Хуыцау Моисейӕн цы ныв радта, уымӕ гӕсгӕ. Судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн (хуыдтой ма йӕ «ӕрхуы нывондхӕссӕн» дӕр [Рц 39:39]) конд уыд акъаци бӕласӕй. Нывондхӕссӕн уыд асыччы хуызӕн цыппӕрдигъон, фӕлӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, сӕр ӕмӕ бын нӕ уыд. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – 2,2 м, йӕ уӕрх дӕр – 2,2 м. Йӕ бӕрзӕнд та уыд 1,3 м, ӕмӕ йӕ цыппар тигъӕй цыдысты «сыкъатӕ». Нывондхӕссӕныл ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд ӕрхуыйӕ цъар ӕвӕрд. Йӕ кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыд, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй, ӕвӕрд уыд ӕрхуы сеткӕ. Нывондхӕссӕнӕн йӕ цыппар тигъыл, сеткӕмӕ хӕстӕг, конд уыд цыппар ӕрхуы цӕджы. Нывондхӕссӕн-иу кӕмӕй хастой, уыцы хъилтӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы цӕгты бавӕрдтой. Хъилтӕ конд уыдысты акъаци бӕласӕй ӕмӕ сыл уыд ӕрхуыйӕ цъар ӕвӕрд. Гӕнӕн ис, нывондхӕссӕны дыууӕ фарсы уыд зыхъхъыр, ӕмӕ-иу тъӕпӕн сеткӕ уыцы зыхъхъыры бавӕрдтой, сеткӕйы цыппар тигъыл та уыд фӕйнӕ цӕджы. Ахуыргӕндтӕ ацы хабары фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, уыд аст цӕджы: хъилтӕ-иу кӕм бавӕрдтой, уыцы цыппар цӕджы –нывондхӕссӕныл ӕддӕрдыгӕй, цыппар цӕджы та – сеткӕйыл. Уымӕй уӕлдай, арӕзт ӕрцыдысты, сойӕдзаг фӕнык кӕдӕм ӕвгӕдтой, ахӕм мигӕнӕнтӕ ӕмӕ белтӕ; фосы туг-иу кӕдӕм ӕрӕмбырд кодтой, ахӕм къустӕ; стӕй фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ (Рц 27:1–8; 38:1–7, 30; Нм 4:14).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Рацыд 37:1) Уый фӕстӕ Веселеил акъацийӕ скодта чырын. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг.
(Рацыд 37:10) Уый фӕстӕ акъацийӕ сарӕзта стъол. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг.
(Рацыд 37:25) Стӕй акъацийӕ скодта нывондхӕссӕн буд судзынӕн. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Йӕ бӕрзӕнд та уыди дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй.
it-U «Акация», 3 абз.
Акъаци
Акъаци бӕласӕн йӕ цъар у дӕрзӕг, йӕ хъӕд та – тынг хъӕбӕр ӕмӕ фидар, ӕмӕ йын сасчъытӕй тӕссаг нӕ вӕййы. Уый фӕрцы, стӕй, ӕдзӕрӕг быдыры акъаци бӕлӕстӕ бирӕ кӕй уыд, уый фӕрцы дӕр уый хорз хъӕдӕрмӕг уыд Хуыцауы цатыр ӕмӕ дзы цы дзауматӕ уыд, уыдон саразынӕн. Акъаци бӕласӕй конд уыдысты бадзырды чырын (Рц 25:10; 37:1), стъол нывонд дзултӕн (Рц 25:23; 37:10), нывондхӕссӕнтӕ (Рц 27:1; 37:25; 38:1), хъилтӕ уыцы дзауматӕ хӕссынӕн (Рц 25:13, 28; 27:6; 30:5; 37:4, 15, 28; 38:6), цӕджындзтӕ ӕмбӕрзӕнтӕн (Рц 26:32, 37; 36:36), цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ (Рц 26:15; 36:20) ӕмӕ, фӕлгӕттыл чи хӕцыд, ахӕм хъилтӕ (Рц 26:26; 36:31).
(Рацыд 38:8) Стӕй ӕрхуыйӕ скодта стыр аг хи ӕхсынӕн, ӕмӕ йын йӕ бынӕвӕрӕн дӕр скодта ӕрхуыйӕ – скодта сӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты кӕсӕнтӕй.
Зыдтай йӕ?
Рагзаманты кӕсӕнтӕ авгӕй нӕ арӕзтой, фӕлӕ згъӕрӕй. Уый тыххӕй-иу згъӕр сӕрттивын кодтой. Арӕхдӕр сӕ арӕзтой бронзӕйӕ. Кӕсӕнтӕ ма-иу арӕзтой ӕрхуыйӕ, ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй кӕнӕ сызгъӕринӕй ӕвзистимӕ хӕццӕйӕ. Библийы фыццаг хатт кӕсӕнты кой цӕуы, израилӕгтӕ Хуыцауӕн фыццаг кувын кӕм райдыдтой, уыцы цатыры арӕзтадимӕ баст хабӕртты. Уым фыст ис, сылгоймӕгтӕ сӕ кӕсӕнтӕ кӕй балӕвар кодтой, цӕмӕй сарӕзтаиккой стыр аг хи ӕхсынӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн (Рацыд 38:8). Ӕмӕ уый тыххӕй кӕсӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, батайын кодтой.
Библийӕ бакӕсинаг
(Рацыд 37:1–24) Уый фӕстӕ Веселеил акъацийӕ скодта чырын. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 2 Ӕмӕ йыл мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта. 3 Уый фӕстӕ сызгъӕрин бадон кодта ӕмӕ дзы сарӕзта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта чырыны цыппар къахы сӕрмӕ: дыууӕ цӕджы – иуырдыгӕй, дыууӕ – иннӕрдыгӕй. 4 Стӕй акъацийӕ скодта хъилтӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. 5 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ дыууӕрдыгӕй чырыны цӕгты бавӕрдта, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хастаиккой. 6 Чырыны сӕр дӕр скодта сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 7 Стӕй сызгъӕринӕй скодта дыууӕ херувимы. Скодта сӕ чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны. 8 Иу херувимы дзы иу кӕрон скодта, иннӕйы та – иннӕ кӕрон. Чырыны сӕрӕн сӕ скодта йӕ дыууӕ кӕроны. 9 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты сӕ сӕрмӕ ӕмӕ чырыны сӕр сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы акомкоммӕ ӕмӕ кастысты чырыны сӕрмӕ. 10 Уый фӕстӕ акъацийӕ сарӕзта стъол. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 11 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта. 12 Алырдыгӕй та йын скодта фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта. 13 Стӕй йын сызгъӕринӕй скодта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм уыдысты, уыцы рӕтты. 14 Цӕгтӕ уыдысты фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрдтаиккой хъилтӕ стъол хӕссынӕн. 15 Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта стъолхӕссӕн хъилтӕ дӕр ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. 16 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй ма скодта, стъолимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон дӕр: тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ, стӕй къустӕ ӕмӕ дурынтӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн. 17 Стӕй сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта цырагъдарӕн. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 18 Йӕ зӕнгыл уыди ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй. 19 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Афтӕ конд уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцы дӕр. 20 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 21 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы уыд, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ уыди дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. Дидинӕджы къуыбыртӕ уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр. 22 Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ цыдысты йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр конд уыди сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй. 23 Стӕй цырагъдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта авд къусы, ӕртыскӕнтӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн. 24 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыди, уыдон скодта сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй.