НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ дӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
Ды Йегъовӕйӕн дӕ зынаргъ хӕзна (Ис 43:4). Уый дӕ ’рбакодта йӕхимӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай, ӕмӕ ныр дӕ Йегъовӕйы. Уый дыл суанг зын рӕстӕджы дӕр батыхсдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын ды уӕлдай зынаргъ дӕ. Ӕнувыд уарзтӕй дӕ кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, йӕ организацийы уылты дыл кӕй тыхсы, уымӕй (Пс 25:10).
Йегъовӕ ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг йӕ организацийы уылты йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йе ’нувыд уарзтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «КООРДИНАТОРТЫ КОМИТЕТЫ ХЫГЪД (2019 АЗ)» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Координаторты комитет филиалтӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бӕллӕхтӕм цӕттӕ уой?
Йегъовӕйы организаци Индонези ӕмӕ Нигерийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд баххуыс кодта?
Йегъовӕйы организаци коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг цы разамынд лӕвӕрдта, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд?