Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 157 статья
  • Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы ӕфхӕрдыл дзурӕг кӕй не сты?
  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм?
  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны?
  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Цымӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 157 статья
Бинонтӕ кӕсынц, ӕрдзон бӕллӕхы хӕдзӕрттӕ куыд ныппырх сты, уымӕ

Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Абон цы ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау аххосджын нӕу. Фӕлӕ Хуыцау тыхсы, бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдоныл. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт зындзинӕдтӕн, уыимӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн дӕр. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ Хуыцау удӕнцой дӕтты, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 1:3).

  • Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы ӕфхӕрдыл дзурӕг кӕй не сты?

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм?

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны?

  • Цымӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ уӕм?

  • Библийы стихтӕ удӕнцой хӕссынц, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн

Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы ӕфхӕрдыл дзурӕг кӕй не сты?

Библийӕ зонӕм, Хуыцау-иу ӕрдзон тыхты уылты йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кодта. Фӕлӕ сӕ куыд пайда кодта, уый тынг хицӕн кӕны ӕнӕуи ӕрдзон бӕллӕхтӕй.

  • Ӕрдзон бӕллӕхты амӕлынц ӕмӕ фӕсахъат вӕййынц, чидӕриддӕр дзы бахауы, уыдон. Фӕлӕ-иу Хуыцау ӕрдзон тыхты фӕрцы искӕмӕн куы тӕрхон кодта, уӕд-иу ӕрмӕст фыдгӕнджыты фесӕфта. Зӕгъӕм, Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы сӕфта, уӕд Лоты йӕ дыууӕ чызгимӕ фервӕзын кодта (Райдиан 19:29, 30). Хуыцау алы адӕймаджы зӕрдӕ дӕр уыны, ӕмӕ фыдгӕнӕгыл кӕй банымайы, ӕрмӕстдӕр уыдоны фесафы (Райдиан 18:23–32; 1 Самуилы 16:7).

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕхдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуынц. Фӕлӕ-иу Хуыцау ӕрдзон тыхты фӕрцы искӕй бафхӕрынмӕ куы хъавыд, уӕд-иу сӕ рагацау бафӕдзӕхста. Уыцы фӕдзӕхст-иу чи фехъуыста, уымӕн-иу фервӕзыны фадат уыд (Райдиан 7:1–5; Матфейы 24:38, 39).

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй сарӕх сты, уый адӕмӕн сӕхи аххос дӕр у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕрдз сафынц ӕмӕ хӕдзӕрттӕ аразынц, зӕххӕнкъуыстытӕй, донивылдтӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм рӕтты (Раргомад 11:18). Фӕлӕ адӕм ӕвзӕр уынаффӕтӕ кӕй рахӕссынц, уый Хуыцауы аххос нӕу (Ӕмбисӕндтӕ 19:3).

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм?

О, Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ бӕрӕг у, бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон», кӕнӕ «фӕстаг бонты» (Матфейы 24:3; 2 Тимофеймӕ 3:1). Зӕгъӕм, нӕ рӕстӕджы тыххӕй Чырысти загъта: «Куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:7). Тагъд Хуыцау кӕрон скӕндзӕн, цыдӕриддӕр нын рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарын кӕны, уыдӕттӕн, уыимӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн дӕр (Раргомад 21:3, 4).

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны?

  • Бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау удӕнцой дӕтты йӕ Ныхас Библийы уылты. Библийы фыст ис, Хуыцау ныл кӕй тыхсы ӕмӕ нын хъизӕмӕртты рӕстӕг нӕ зын кӕй фембары (Исай 63:9; 1 Петры 5:6, 7). Библийы ма Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн. (Кӕс «Библийы стихтӕ удӕнцой хӕссынц, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн».)

  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты уылты. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Чырыстийы фӕзмынц ӕмӕ иннӕтӕн удӕнцой хӕссынц. Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдты фыст уыд, удӕнцой кӕй хӕсдзӕн «зӕрдӕсаст адӕмӕн» ӕмӕ, «маст чидӕриддӕр кӕны», уыдонӕн (Исай 61:1, 2). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр афтӕ кӕнынц (Иоанны 13:15).

    Хуыцау ма йӕ лӕггадгӕнджыты уылты адӕмӕн ратты, бӕллӕхы фӕстӕ сӕ ӕнӕмӕнг цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ (Хъуыддӕгтӕ 11:28–30; Галатӕгтӕм 6:10).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзар цалцӕг кӕнынц Пуэрто-Рикойы

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тыхдымгӕйы фӕстӕ ӕххуыс кӕнынц (Пуэрто-Рико)

Цымӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ уӕм?

Кӕд Библи ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ кӕнынӕн инструкци нӕу, уӕддӕр дзы ис, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕм:

  • Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд цы кӕнын хъӕуы, уый рагацау пълан кӕнын. Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Зондыл дзурӕг уыдзӕн, рагацау куы ахъуыды кӕнӕм, бӕллӕхы рӕстӕг куыд кӕндзыстӕм, ууыл. Зӕгъӕм, бӕллӕхы рӕстӕг дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдон хицӕн сумкӕйы нывӕр, цӕмӕй ӕдас ранмӕ алидзынмӕ цӕттӕ уай. Стӕй ма дӕ бон у дӕ бинонтимӕ баныхас кӕнын, бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд кӕм фембӕлдзыстут, ууыл.

  • Цард исбон ӕмӕ мулкӕй зынаргъдӕр у. Библийы фыст ис: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм» (1 Тимофеймӕ 6:7, 8). Цӕмӕй бӕллӕхы рӕстӕг аирвӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ исбон ныууадзынмӕ дӕр. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ цард мулкӕй бирӕ зынаргъдӕр кӕй у (Матфейы 6:25).

Библийы стихтӕ удӕнцой хӕссынц, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн

Райдиан 18:25 стих: «Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды [Хуыцау] рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай... Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»

Йӕ хъуыды. Хуыцау кӕддӕриддӕр рӕстӕй фӕархайы; уый аххосджын нӕу, ӕрдзон бӕллӕхты хорз адӕм кӕй амӕлы.

Псалом 46:1, 2 стихтӕ: «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх дӕр куы фӕива».

Йӕ хъуыды. Цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау нын кӕй баххуыс кӕндзӕн.

Исай 63:9 стих: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр».

Йӕ хъуыды. Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у – зын нын куы вӕййы, уӕд уый дӕр фӕмаст кӕны.

Иоанны 5:28, 29 стихтӕ: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... фехъусдзысты... [Чырыстийы] хъӕлӕс ӕмӕ рацӕудзысты».

Йӕ хъуыды. Мах ныфс ис, чи нын амард, уыдоны та ногӕй кӕй фендзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Чырыстийӕн ахӕм хъару радта, цӕмӕй сӕ райгас кӕна.

1 Петры 5:6, 7 стихтӕ: «Уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут... Ӕмӕ уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл».

Йӕ хъуыды. Хуыцау ныл тынг тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй.

Раргомад 21:4 стих: «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта».

Йӕ хъуыды. Хуыцау кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр, уыимӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын