Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Декабры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Алы адӕймаджы дӕр хъӕуы ӕмбӕлттӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ, хорз ӕмбалмӕ сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕг хъуамӕ уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнӕ ам фыст ис, ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ӕвзарӕм, уый тыххӕй». Ратт ӕм брошюрӕ «Ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты?». Иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл. Бакӕс-ма, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй иу. Брошюрӕ йын ныууадз ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты?».
«Куыд дӕм кӕсы, фӕстаг рӕстӕг ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Зоныс ӕй, Библийы тынг раджы кӕй ӕрцыд фыст, ахӕм бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕй? [Бакӕс Матфейы 24:7, 8.] Ацы брошюрӕйы дзуапп ис ахӕм фарстатӕн: Абон уыйбӕрц бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы? Ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ныл Хуыцау йӕ маст калы? Хуыцау ӕрдзон бӕллӕхтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна?».