Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Декабры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Йесо Чырысти фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзӕн, уымӕ. Куы ӕрцӕуа, уӕд дӕ цы фӕндид, цӕмӕй дын сараза?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Равдис ын декабры брошюрӕйы «Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн ис?» (bp141) фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн ис?».
«Абон адӕм тынг ӕнӕвдӕлон сты, ӕмӕ сын рӕстӕг нӕй Хуыцауыл хъуыды кӕнынӕн. Цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ма рох кӕной? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд загъта, ӕцӕг амондджын кӕй сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон. [Бакӕс Матфейы 5:3.] Ацы брошюрӕйӕ базондзынӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн цӕуылнӕ ис, ӕртӕ ахӕм хъуыддаджы».