Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Январы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауӕн ном ис? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, ам цы фыст ис, уымӕ». Уый фӕстӕ адӕймагмӕ ратт брошюрӕ «Дунейы кӕрон. Тӕрсын дзы хъӕуы?», равдис ын, фӕстаг фарсыл цы статья ис, уый ӕмӕ аныхас кӕнут, фыццаг дӕлсӕргондыл ӕмӕ, ӕппынкъаддӕр, иу стихыл. Брошюрӕ йын ныууадз ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Дунейы кӕрон. Тӕрсын дзы хъӕуы?» «Абон бирӕтӕ дзурынц, бӕстысӕфт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Куыд дӕм кӕсы, уыцы хабарӕй ӕцӕгдӕр тӕрсын хъӕуы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ам куыд фыст ис, афтӕмӕй, уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд иуӕй-иутӕ фервӕздзысты. [Бакӕс 1 Иоанны 2:17.] Ацы брошюрӕйы фыст ис, дунейы кӕроны тыххӕй адӕм арӕхдӕр цы цыппар фарстайы раттынц, уыдонӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый».