Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Январы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Иуӕй-иуты уырны, Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕцӕг кӕй сты. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та йӕ пехуымпарӕдтӕ зын ӕмбарӕн сты, ӕмӕ сӕ ис алыхуызон ӕмбарын кӕнӕн. Ды та цы хъуыды кӕныс?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Ратт ӕм январы брошюрӕ. Иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл. Бакӕс-ма, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй иу. Брошюрӕ йын ныууадз ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Авраам фӕзминаг цӕмӕй у?».
«Бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн, историйы зындгонд чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты цардӕй. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Библи ӕрмӕстдӕр иу адӕймаджы хоны Хуыцауы хӕлар. [Бакӕс Иаковы 2:23.] Ацы брошюрӕ ӕмбарын кӕны, Хуыцау ӕй йӕ хӕлар цӕмӕн схуыдта, уый ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, Авраам фӕзминаг цӕмӕй у, уый тыххӕй».