Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Декабры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Ацафон адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕхъуыды кӕнынц Йесо Чырыстийыл. Куыд дӕм кӕсы, Йесо Чырыстийӕн цы бантыст, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр хъуыддаг цы уыди? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, ам цы фыст ис, уымӕ». Адӕймагмӕ ратт брошюрӕ «Рождество. Уымӕй хуыздӕр цы ис?» ӕмӕ иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл ӕмӕ йын иу стих бакӕс. Зӕгъ ын, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Рождество. Уымӕй хуыздӕр цы ис?». «Ацафон бирӕтӕ сӕхи фӕцӕттӕ кӕнынц Рождествомӕ. Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр кӕцы у? [Равдис ын, брошюрӕйы 3 фарсыл цы фарстатӕ ис, уыдон ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ йын равдис, уыцы фарстаимӕ баст статья ӕмӕ бакӕс сӕйраг стих.] Ацы журналӕй базондзынӕ, ӕрмӕст ацы бӕрӕгбоны рӕстӕг нӕ, фӕлӕ афӕдзы дӕргъы нӕ бон куыд у Йесойы нӕ зӕрдыл дарын».