Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Декабры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон мах ныхас кӕнӕм бинонтимӕ. Ныййарджытӕй бирӕты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы уарзой. Куыд дӕм кӕсы, сывӕллӕттӕн уыцы хъуыддаджы сӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕной ӕви сӕхӕдӕг хъуамӕ архайой ууыл?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Равдис ын брошюрӕйы «Баввахс у Хуыцаумӕ» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Баввахс у Хуыцаумӕ».
«Мах адӕмимӕ ныхас кӕнӕм Хуыцауы тыххӕй. Хуыцауы тыххӕй адӕммӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Дӕумӕ гӕсгӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы цавӕрдӕр тыхыл нымайынц ӕви сыл чи тыхсы, ахӕм хӕларыл? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм. [Бакӕс Иаковы 4:8а.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы суыдзӕн нӕ бон, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм».