Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Майы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон цыбыртӕй ныхас кӕнӕм мӕнӕ ахӕм фарстайыл. [Равдис ын брошюрӕйы «Фидӕны цы уыдзӕн, уый исчи зоны?» фӕстаг фарсыл фыццаг фарста.] Ды та куыд хъуыды кӕныс?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Иумӕ аныхас кӕнут, фарстайӕн дзуапп кӕм ис, уыцы абзацтыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Фидӕны цы уыдзӕн, уый исчи зоны?».
«Бирӕты фӕнды базонын, фидӕны сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ ныфс бацӕуы ӕви дӕ ныфс асӕтты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ йын бакӕс иу стих рамкӕйӕ «Хуыцау фидӕны тыххӕй цы зӕгъы».] Ацы брошюрӕйы фыст ис, Хуыцау фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй ӕмӕ ма дзы дзырд цӕуы, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый».