Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Октябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон адӕмимӕ ныхас кӕнӕм, ӕмӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, царды ӕппӕты зындӕр кӕй у, кӕй уарзыс, уыцы адӕймаджы мӕлӕт. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Стыр ныфс мӕ бауагъта, ам цы фыст ис, уый». Равдис ын октябры брошюрӕйы «Библийӕ цы ис базонӕн» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Библийӕ цы ис базонӕн».
«Абон адӕмӕн дзурӕм, Библи кӕсын ахсджиаг кӕй у. Иуӕй-иуты фӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын, иннӕты та – нӕ. Дӕу та? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы фыст ис ахӕм ахсджиаг хъуыды. [Бакӕс ын 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.] Уӕдӕ кӕд Библи Хуыцауы чиныг у, уӕд уый аккаг у, цӕмӕй йӕ кӕсӕм. Афтӕ нӕу? Ацы брошюрӕйы цыбыртӕй фыст ис, Библийы цӕй кой цӕуы ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм, уый».