Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Октябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон адӕмимӕ ныхас кӕнӕм, йӕ бон фыддзинад ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнын кӕмӕн у, ахӕм хицауадыл. Куыд хъуыды кӕныс, ахӕм хицауад искуы ис?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдар, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй ахуыр кодта кувын, цӕмӕй ахӕм хицауад, ома Хуыцауы Паддзахад, ӕрцӕуа. Равдис ын октябры брошюрӕйы «Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?».
«Бирӕтӕ зонынц, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы куывды ныхӕстӕ бацамыдта, уыдон. [Бакӕс Матфейы 6:9, 10.] Зоныс, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ Чырысти йӕ кой афтӕ арӕх цӕмӕн кодта, уый? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй».