Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Октябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Ацы уӕззау рӕстӕджыты бинонтӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл. Куыд дӕм кӕсы, кӕм ис ссарӕн, нӕ бинонты цард нын чи фӕхуыздӕр кӕна, ахӕм уынаффӕтӕ?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Ратт ӕм брошюрӕ «Фондз мӕнг ныхасы Хуыцауы тыххӕй» ӕмӕ иумӕ бакӕсут 16 ӕмӕ 17 фӕрстыл цы дӕлсӕргӕндтӕ ис, уыдонӕй иу ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй искӕцы. Брошюрӕ йын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстатыл дӕр аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Фондз мӕнг ныхасы Хуыцауы тыххӕй».
Брошюрӕйы цъар ӕм равдис ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Цы ахъуыды кӕндзынӕ, куы базонай, Хуыцауы тыххӕй цы зоныс, уый раст кӕй нӕу? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй куыд иртасын хъӕуы, уый тыххӕй Йесо цы загъта, уымӕ. [Бакӕс Иоанны 17:17.] Ӕрмӕстдӕр Библийы ис фыст рӕстдзинад Хуыцауы тыххӕй. Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Хуыцауы тыххӕй цы мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, уыдонӕй фондзыл ӕмӕ сӕ Библи куыд ӕргом кӕны, ууыл».