Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Февралы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдон Библийы тыххӕй алыхуызӕттӕ хъуыды кӕнынц. Иутӕ йӕ нымайынц Хуыцауы Ныхасыл, иннӕтӕ та – ӕнӕуи чиныгыл. Ды та Библийы тыххӕй цы хъуыды кӕныс?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Равдис ын февралы брошюрӕйы «Дуне чи аивта, уыцы хӕст» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Дуне чи аивта, уыцы хӕст».
«Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕнды, цӕмӕй хӕст мауал уа. Куыд хъуыды кӕныс, искуы зӕххыл сабыр цард уыдзӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, Фыстады цы зӕрдӕвӕрд ис, уымӕ. [Бакӕс Псалом 46:9.] Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы мах фидарӕй ӕууӕндӕм, ацы ныхӕстӕ Хуыцау тынг тагъд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ хӕстӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй скӕндзӕн. Уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ ацы брошюрӕйӕ».