Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Июны фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон адӕмимӕ цыбыртӕй ныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл. [Равдис ын брошюрӕйы „Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?“ фӕстаг фарсыл фыццаг фарста.] Ды та куыд хъуыды кӕныс?» Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Иумӕ аныхас кӕнут, фарстайӕн дзуапп кӕм ис, уыцы абзацтыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?».
«Алы аз дӕр 6 милуан адӕймаджы бӕрц амӕлы, тамако кӕй дымынц, уый тыххӕй. Куыд хъуыды кӕныс, цы ис саразӕн, цӕмӕй къаддӕр адӕм мӕла? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Бирӕтӕ сӕ тамако ныууагътой, Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый куы базыдтой, уӕд. Зӕгъӕм, Библийӕ ацы стих чи бакаст, уыдон бамбӕрстой, тамако зиан ӕрмӕст сӕхицӕн кӕй нӕ хӕссы. [Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:24.] Ацы брошюрӕ ӕмбарын кӕны, Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый адӕймагӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ тамако ныууадза».