Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Июны фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уа. Фӕлӕ, уӕддӕр, хӕстытӕ не ’нцайынц. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ цӕмӕн у?» [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Уый фӕстӕ йын равдис брошюрӕйы «Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй нал кӕсдзысты. Кӕд?» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут, фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Фиппаинаг: Ацы равдыст хъӕудзӕн равдисын, 1 июны цы уацамындон фембӕлд уыдзӕн, уым.
Брошюрӕ «Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй нал кӕсдзысты. Кӕд?».
«Адӕмимӕ ныхас кӕнӕм, ӕгас зӕххыл дӕр бирӕтӕ цы зындзинадыл ӕмбӕлынц, ууыл. Адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕхиуыл бавзӕрстой, исчи дӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕса, уый цы у. Куыд дӕм кӕсы, зӕххыл ахӕм бынат ис, адӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртау кӕм цӕрынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, Хуыцау адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы. [Бакӕс Хъуыддӕгты 10:34.] Ацы брошюрӕйы фыст ис, Хуыцау ацы хъуыддагӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй».