Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/12 3 ф.
  • Цымӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цымӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн сарӕх сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/12 3 ф.

Цымӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?

2011 азы мартъийы Японийы уыд, йӕ тых 9 баллы кӕмӕн уыд, ахӕм зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами. Уыцы хабары фӕстӕ япойнаг зындгонд политиктӕй иу загъта, зӕгъгӕ, кӕд бӕллӕхы чи фӕмард, уыдоныл тынг маст кӕнын, уӕддӕр мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййӕфта.

2010 азы январы Гаитийы зӕххӕнкъуысты фӕмард 220 000 адӕймагӕй фылдӕр. Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ иу телеевангелист загъта, зӕгъгӕ, адӕм хӕйрӕджы зондыл куы нӕ цыдаиккой, фӕлӕ се ’ргом хуыцаумӕ куы раздӕхтаиккой, уӕд сыл уыцы бӕллӕх не ’рцыдаид.

Филлипинты, горӕт Манилӕйы, иу стадионы адӕмы къӕхты бын 79 адӕймаджы куы фӕмард, уӕд иу католикон сауджын загъта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ хъӕбӕр зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн уой ӕмӕ нӕхиуыл ӕрхудӕм. Иу газеты куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ, бӕстӕйыл арӕх алыхуызон бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцӕуы, зӕгъӕм, «зӕйтӕ, тыхдымгӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕллӕхтӕ, уыдон, адӕмӕн сӕ дыууын иу проценты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фыдӕхыл дзурӕг сты».

АДӔМЫ рагӕй фӕстӕмӕ уырны, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй кӕй сты. 1755 азы португайлаг горӕт Лиссабоны уыд стыр зӕххӕнкъуыст, стӕй горӕтыл арт сирвӕзт ӕмӕ йыл стыр уылӕнтӕ сӕхи ныццавтой. Уыцы бӕллӕхы фӕмард 60 000 адӕймаджы бӕрц. Зындгонд философ Вольтер ныффыста: «Мӕгуыр Лиссабон, цӕмӕн дыл акодта фыдбон, Парижӕй ӕгъдаухӕлддӕр куы нӕ дӕ, уӕд уымӕй ӕнамонддӕр куыд фӕдӕ?!» Милуангай адӕм хъуыды кӕнынц, цымӕ, зӕгъгӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕцӕгдӕр Хуыцау рауадзы, цӕмӕй адӕмы бафхӕра? Бирӕ бӕстӕты адӕм ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнынц.

Уӕдӕ ’взӕры ахӕм фарста: ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцау рауадзы, цӕмӕй адӕмы фесафа? Ӕрӕджы цы ӕвирхъау ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдон дӕр Хуыцауы фыдӕхыл дзурӕг сты?

Бӕллӕхты Хуыцауы чи аххосджын кӕны, уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Библийӕ дӕр бӕрӕг у, раджы заманты дӕр-иу Хуыцау адӕмы фесафынӕн ӕрдзон тыхтӕй кӕй спайда кодта (Райдиан 7:17–22; 18:20; 19:24, 25; Нымӕцтӕ 16:31–35). Фӕлӕ, Библийы цы бӕллӕхты кой ис, уыдон иууылдӕр абоны ӕрдзон бӕллӕхтӕй хицӕн кӕнынц ӕртӕ хъуыддагӕй. Фыццаг: цалынмӕ-иу бӕллӕх не ’рцыд, уӕдмӕ-иу Хуыцау адӕмы рагацау бафӕдзӕхста, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Дыккаг: абон ӕрдзон бӕллӕхты фесӕфынц хорз адӕм дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕм дӕр, Хуыцау та-иу фесӕфта, адӕмы-иу рагацау куы фӕдзӕхста, уӕд-иу ын йӕ ныхасмӕ чи нӕ байхъуыста ӕмӕ-иу йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууагъта, ӕрмӕстдӕр уыдоны. Ӕртыккаг: ӕнаххос адӕмы-иу Хуыцау фервӕзын кодта (Райдиан 7:1, 23; 19:15–17; Нымӕцтӕ 16:23–27).

Уӕдӕ абон милуангай адӕм кӕм бабын вӕййынц, уыцы ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй кӕй не сты, уый бӕлвырд у. Цӕй аххос у, ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй сарӕх сты, уый? Кӕм цӕрӕм, уым ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн? Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ бӕллӕхтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьятӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын