Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 январь 5 ф.
  • Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй ӕууӕнд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй ӕууӕнд
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ зонд агур
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • «Уыцы дзырд ӕххӕст... кӕнут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 январь 5 ф.
Нывтӕ. Ӕрыгон хо Библи кӕсы ӕмӕ йӕ иртасы. 1. Урс фӕйнӕгыл фыссы, Библийы архайджытӕй чи кӕд царди, уый. 2. Сайты jw.org кӕсы, иртасынӕн чи у, уыцы Библи. 3. Библийы цы бӕстӕты кой цӕуы, уыдон картӕйыл кӕм сты, уымӕ кӕсы. 4. Ныв кӕны хистӕр сауджыны ӕмӕ йыл цы дарӕс ис, уый фыссы

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй ӕууӕнд

Библийӕн йӕ бон у адӕймаджы цард цӕхгӕр фӕивын (Дзт 4:12). Фӕлӕ нын цӕмӕй йӕ уынаффӕтӕ пайда хӕссой, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас кӕй у (1Фс 2:13). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библийыл тынгдӕр ӕууӕндӕм?

Библи алы бон дӕр кӕс. Куы йӕ кӕсай, уӕд-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕ агур, йӕ автор Йегъовӕ кӕй у. Зӕгъӕм, раиртас Ӕмбисӕндты чиныг ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, цы зондджын уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон абон дӕр пайда кӕй сты, уымӕ (Ӕм 13:20; 14:30).

Библи лӕмбынӕг иртас. Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссар. Публикацийы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» ссар темӕ «Библи» ӕмӕ ӕркӕс, сӕргонды «Хуыцауы комытӕфӕй фыст» цы ӕрмӕг ис, уымӕ. Библийы цы фыст ис, уый кӕй нӕ фӕивта, ууыл цӕмӕй тынгдӕр ӕууӕндай, уый тыххӕй раиртас 2016 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 4-ӕм номыр.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦӔМӔН НӔ УЫРНЫ... ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УЫЙ ӔЦӔГ КӔЙ У, УЫЙ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Карнакы (Египет) кувӕндоны къулыл цы фыстытӕ ссардтой, уыдон куыд бӕлвырд кӕнынц, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис?

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библийы цы фыст ис, уый ивд кӕй не ’рцыд?

  • Библи нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уымӕй куыд у бӕрӕг, Хуыцауы Ныхас кӕй у? (Бакӕс Исай 40:8.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын