Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp21 № 2 10–12 фф.
  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУЫ БАЗОН, ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗАЙ
  • ХУЫЦАУЫ НЫХАС БИБЛИ АЛЫ БОН ДӔР КӔС
  • ХУЫЦАУМӔ КУВ ӔМӔ ДЗЫ ӔХХУЫС КУР
  • Хуыцау цы сарӕзта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Дӕ бон у, ӕмӕ цӕрай Хуыцауы диссаджы ног дунейы!
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
wp21 № 2 10–12 фф.

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?

Айразмӕйы статьяты дзырд цыди, тагъд Хуыцау ацы ӕнӕхуыцау дунейӕн ӕмӕ зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау йӕ Ныхас Библийы зӕрдӕ ӕвӕры:

«Дуне... фӕивгъуыйы» (1 ИОАННЫ 2:17).

Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, чидӕртӕ кӕй фервӕздзысты, уымӕн ӕмӕ ма уыцы стихы фыст ис:

«Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм».

Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй фервӕзӕм, уӕд хъуамӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ йӕхи базонӕм.

ХУЫЦАУЫ БАЗОН, ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗАЙ

Нывтӕ: 1. Медицинон хо фӕлладӕй ӕмӕ ныфссастӕй рынчындоны пъолыл бады. 2. Хӕрӕндоны бадгӕйӕ уыны, йе ’мкусӕг журнал кӕй кӕсы ӕмӕ кӕй у хъӕлдзӕг. 3. Йе ’мкусӕг ын Библийӕ стих кӕсы ӕмӕ йын нӕ сайты визиткӕ дӕтты

Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» (Иоанны 17:3). Цӕмӕй фервӕзӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы базонӕм. Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ зонын ӕмӕ, кӕй ис, ууыл ӕууӕндын фаг нӕу. Хъуамӕ суӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Цӕмӕй дыууӕ ӕмбалы ӕнгомдӕр уой, уый тыххӕй хъуамӕ иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитой ӕмӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базоной. Раст афтӕ, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

Библийӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй ис базонӕн?

Уыцы медицинон хо хӕдзары бацыд сайтмӕ jw.org

Базонӕн ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрӕм.

Хуыцау сфӕлдыста фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта диссаджы рӕсугъд бынаты – Едемы цӕхӕрадоны. Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сын Хуыцау алцыдӕр радта, цӕмӕй амондджынӕй цардаиккой. Уыдонӕн сӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын. Цалынмӕ Хуыцауы хӕлӕрӕттӕ уыдаиккой, уӕдмӕ нӕ амардаиккой. Фӕлӕ уыдон разындысты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ сын Хуыцау цы хуымӕтӕг фӕдзӕхст радта, уымӕ нӕ байхъуыстой.

Базонӕн ис, абон зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм.

Адам, йе ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕкодта. Библийы фыст ис: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр» (Ромӕгтӕм 5:12). Адӕймаг йӕ ныййарджытӕй йӕ туджы цавӕрдӕр низ куыд рахӕссы, раст афтӕ Адамы байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд. Ӕмӕ ныр иууылдӕр сты ӕнӕххӕст. Уый тыххӕй адӕм зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц.

Базонӕн ис, Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта.

Библийы фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид. Хуыцау ахӕм стыр уарзондзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй Индийӕ иу 86-аздзыд нӕлгоймаг загъта: «Йегъовӕa йӕ Фырты мӕн тыххӕй кӕй радта, уымӕй равдыста, тынг мӕ кӕй уарзы. Уый фӕрцы мын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс».

Базонӕн ис, Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн.

Библийы фыст ис, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй кӕй равдисдзыстӕм, бузныг дзы кӕй стӕм (1 Иоанны 2:3). Йегъовӕ Хуыцау нын фӕлмӕнӕй амоны, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй абон дӕр цардӕй нӕ зӕрдӕ райа (Исай 48:17, 18). Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй хъизӕмар кӕнӕм. Уый нын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд абон дӕр кӕй уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ ма нын кӕй уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат дӕр.

ХУЫЦАУЫ НЫХАС БИБЛИ АЛЫ БОН ДӔР КӔС

Уыцы медицинон хо сихорафон рынчындоны кӕрты бады; Библи бакаст ӕмӕ арвмӕ кӕсы

Хуыцауӕй ӕххуыс куы курай ӕмӕ йын йӕ фӕндон куы ’ххӕст кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн фервӕзын, ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд

Мах алы бон дӕр фӕхъӕуы хӕрын, цӕмӕй удӕгас уӕм. Фӕлӕ Чырысти загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матфейы 4:4).

Абон Йегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ бон у Библийы бакӕсын. Уыцы диссаджы чиныг куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн базонын, Хуыцау раджы заманты цы арӕзта, абон цы аразы ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый.

ХУЫЦАУМӔ КУВ ӔМӔ ДЗЫ ӔХХУЫС КУР

Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕй куы фӕнда, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуы, уыдон ныууадзын ын зын куы уа, уӕд? Хъуамӕ дарддӕр дӕр архайа, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базона.

Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы цӕвиттонмӕ, схонӕм ӕй Сакурӕ. Уый кодта ӕнӕгъдау цард. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд базыдта Хуыцауы фӕдзӕхст, «хӕтындзинадӕй дард лидзут», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Сакурӕ Хуыцауӕй тыхтӕ куырдта, ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдон ныууадзын йӕ бон баци. Фӕлӕ йӕ ныр дӕр хатт фӕхъӕуы ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнын. Сакурӕ зӕгъы: «Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын алцыдӕр радзурын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕхи бон кӕй не суыдзӕн уыцы хъуыдытӕй фервӕзын. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувын, уый фӕрцы йӕм баввахс дӕн». Сакурӕйау милуангай адӕм архайынц, цӕмӕй Хуыцауы базоной. Хуыцау сын ратты тыхтӕ, цӕмӕй сӕ цард фӕивой ӕмӕ йын сӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕной (Филиппӕгтӕм 4:13).

Хуыцауы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд нӕ уый дӕр зондзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хорз хӕлӕрттыл нымайдзӕн (Галатӕгтӕм 4:9; Псалом 25:14). Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн фервӕзын ӕмӕ Хуыцауы ног дунейы цӕрын. Фӕлӕ цымӕ ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын